Фæстаг азты йе нæниздзинадæй чи хъаст кæны уыдон нымæц кæй фылдæр кæны уый бирæты æппары катайы æмæ сæм æвзæры алыгъуызон хъуыдытæ. Йæ аххосæгтæ æмæ æндæр фарстыты фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта республикон соматикон рынчындоны неврологион хайады сæргълæууæг Джыгкайты Валентинæимæ.

– Валентинæ Александры чызг, зæгъ ма уе ‘нтыстытæ цахæм барæнтæй фæбарут?

– Махæн ахæм бæлвырд барæнтæ нæй, фæлæ алы дохтыр дæр йæхирдыгонау йæ хъус дары, цы рынчынтæн фæхос кæны уыдонмæ, рынчындонæй цахæм уавæры ацæуынц, уымæ. Æмæ хъуыддаг æрмæст ууыл нæ фæвæййы. Цæрæм чысыл республикæйы, нæ фылдæр хай зонæм кæрæдзийы, куы нæм æрбайхъуысы нæ рынчынтæ се нæниздзинадæй нал хъаст кæнынц уæд нын  уæд, кæй зæгъын æй хъæуы вæййы æхсызгон. Ахæм цаутæ цас фылдæр вæййы уыйбæрц фенкъарæм фылдæр æхцондзинад.

– Зæгъынц, зæгъгæ, гуырдзиаг ирон хæсты фæстæ дзæвгар фæфылдæр сты нуæрттæй рынчынты нымæц. Цас раст у ацы хъуыды æмæ абон та уавæр цахæм у. Рынчынты нымæц нæма къаддæр кæны?

– Хæсты размæ дæр уыд, йæ нуæрттæ кæмæн растысты, ахæм рынчынтæ, фæлæ уый фæстæ 2-3 хатты фæфылдæр сты. Банысан ма хъæуы уый дæр æмæ хæсты фæстæ æрмæст йæ ныуæрттæ риссын кæмæн райдыдтой, уыдон нымæц нæ фæфылдæр, фæлæ ма зæрдæ-дадзинты низтæй рынчынтæ дæр. Куыд сæ иуты нымæц, афтæ се ннæты нымæц дæр нæма къаддæр кæны. Фæлæ рахатыдыстæм, зæрдæ цæуыл бадарæм ахæм миниуæг. Чи нæм æрбахауы, уыцы рынчынты иумæйаг уавæр раздæр рæстæгимæ абаргæйæ афтæ карз нал вæййы. Стæй сыл хостæ дæр бандавынц тагъддæр æмæ сæ иуæй иутæй дарддæр иннæтæ сæ хæдзæрттæм ацæуынц  райгондæй.

– Нуæртты низимæ уæм арæхдæр сылгоймæгтæ æрбахауы, æви нæлгоймæгтæ?

– Ахæм нымад дæр нæ аразæм, фæлæ æнцон рахатæн у, се ‘хсæн кæй нæй хицæндзинад. Нæ хайады цы палататæ ис уыдонæй иутæ сты сылгоймæгты иннæтæ та нæлгоймæгты æмæ æппынæдзух вæййынц йедзаг.

– Дыууæ кæнæ уæм фылдæр хæттыты чи æрбахауы ахæм рынчынтæ дæр уæм вæййы?

– Стыр хъыгагæн, ахæм рынчынтæ дæр нæм вæййы, фæлæ фыццаг хатт чи æрбацæуы уыдон нымæц у фылдæр.

– Куыд арæх уæ бахъæуы уæ рынчынты республикæйæн æддæмæ арвитыны сæр?

– Афтæ зæгъон æмæ тынг арæх, уæд уый раст нæ уыдзæнис, фæлæ куы бахъæуы, рынчынæн йæ уавæр уæззау куы вæййы, цы йын баххуыс кодтам уымæй уæлдай йын нæ бон баххуыс кæнын куы нал вæййы, уæд ын бацæттæ кæнæм хъæуæг документтæ æмæ йæ арвитæм æвæстиатæй.

– Куысты уавæрты тыххæй та цахæм уыдзысты дæ хъуыдытæ?

– Æхсызгон нын у цалцæггонд хатæнты кæй кусæм уый. Уый нæ разæнгард кæны хуыздæр æнтыстытæм. О, фæлæ ис цухдзинæдтæ дæр. Кæд уазал доны фарст цасдæрбæрцæй хорзæрдæм скъуыддзаг æрцыдис, уæддæр зындзинæдтæ æнкъарæм рынчындоны хъарм дон кæй нæй, уый тыххæй. Ацы фарсты тыххæй арæх рынчынтимæ рауайы быцæутæ дæр. Нæ хæрам кæнын афтæ сæ чи фæзæгъы, зæгъгæ, цæ-уын хæдзармæ мæхи найынмæ, уыдонмæ, фæлæ фæтк фæтк у, æмбæлы æмæ рынчынæн цалынмæ йæ хостæ арæзт фæуой, сæнæниз уа, уæдмæ хъуамæ уа рынчындоны.

Рынчындоны фаг лифтытæ кæй нæй уый, аххосæй зындзинæдтæ æвзарæм, куыд кусджытæ, афтæ рынчынтæ дæр. Бирæ хатт рынчынæн машинæйæ æдæрсгæ рахиын дæр нæ вæййы йæ бон æмæ ахæмтæ та цалынмæ дохтырмæ бафтынц, уæдмæ бавзарынц зындзинæдтæ. Тынг мæ фæнды ацы фарстытыл рынчындоны æмæ хицауады разамынд куы ахъуыды кæниккой æмæ куы райсиккой æмбæлон мадзæлттæ.

– Арæх дзырд æрхауы ахæм фарстыты тыххæй куыд, зæгъæм, рудзгуытыл æмбæрзæнтæ кæй нæй, уый тыххæй. Уый æрмæст сæхи тыххæй нæ дзурынц, фæлæ ма рынчынты тыххæй. Арæх сæ бирæ чидæртæ стыхсы хур сæм комкоммæ куы ныккæсы, уæд. Коляс-кæтæ кæй нæ фаг кæнынц уый тыххæй дæр фæзæгъынц се ‘нæразыдзинæдтæ. Рынчынтæн сæ уавæртæ иугъуызон кæм вæййынц. Бирæты дзы бафæнды телевизормæ бакæсын, ног хабæрттæм байхъусын, фæлæ сын нæй уыцы фадæттæ.

– Медицинон ифтонггæрзтæ æмæ хостæй та куыд ифтонг цæут?

– Хостæ амал кæнын чысыл æмæ хуымæтæджы процесс нæу, хъуыддаг иугъуызон лæгъз нæ цæуы. Вæййы цухдзинæдтæ дæр, фæлæ уыдон уадид иуварс æрцæуынц. Иумæйагæй сисгæйæ, фæстаг рæстæджыты хосты тыххæй зындзинæдтæ не ‘взарæм.

– Хайады кусджытæй   та цы зæгъдзынæ?

– Нæ хайады кусджытæ иууылдæр сты къорд азты не ‘хсæн чи кусы, ахæмтæ. Се ‘ппæтмæ дæр ис уæлдæр æмæ астæуккаг медицинон ахуырдзинад. Ног кусджыты тыххæй уый зæгъдзынæн æмæ нæм цы штаттæ ис, уыдон сты æххæст. О, фæлæ фæфылдæр кæнын хъæуы штатты. Уымæн æмæ нæ фаг кæнынц медицинон хотæ. Улæфты бонты хайады вæййы æрмæстдæр иу медицинон хо, рынчынтæ та 40-ы бæрц æмæ сыл зын æххæссæн у.

– Куыд райгонд дæ сæ куыстæй?

– Зæгъдзынæн уый æмæ сæм кæй ис хорз фæлтæрддзинад, æмбарынц цы сæ домдæуы уый æмæ йæ æххæст дæр кæнынц. Мæ зæрдæ ма сæ рухс кæны кæрæдзимæ сæ æмуд ахасты тыххæй. Хуыздæр æнтыстытæн сын уый у ахъаз.

– Æрæджы хайад истай Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дохтырты фыццæгæм симпозиумы. Радзур ма, йæ фæстæ цахæм хатдзæгтæ сарæзтай æмæ дыууæ бæстæты ‘хсæн ахæм мадзæлттæ уадзын абоны уавæртæ цасбæрцæй фæивдзысты?

– Фарстæн дзуапп радтдзæн йæ фæстаг хайæ. Афтæ мæм кæсы æмæ ахæм мадзæлттæ медицинæйы къабазы уавæр фæивдзысты бирæбæрцæй. Уый, æнхъæлдæн, æххæстæй нæма æнкъарæм, фæлæ ахæм симпозиум ацыд фыццаг хатт Уæрæсеимæ, медицинæ тынг размæцыд кæм у, уыцы бæстæимæ. Уымæй дæр дзы хайад истой академиктæ æмæ профессортæ.

Цахæм хатдзæгтæ сарæзтон уый тыххæй дзургæйæ та банысан кæндзынæн,  симпозиумæй барухс мæ зæрдæ, уæлдайдæр та, куы загътой, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ уаддзыстæм æрвылаз дæр, уæд. Уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ мæн уырны ацы симпозиум кæй у нæ медицинæйы размæцыды ахсджиагдæр къахдзæфтæй сæ иу.

Мæ зæрдæ ма барухс, симпозиумы дзырд кæй цыдис цæмæй æвзонг чызджытæ æмæ лæппуты æрвитой медицинон уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттæм. Симпозиумы ма дзырд цыд, чи кусы уыцы дохтырты фæлтæрддзинад фæхуыздæр кæныны фарстытыл, нырыккон медицинон ифтонггæрзтæ амал кæнын, æмæ уыдоныл специалисттæ цайдагъ кæныны хъуыддæгтыл.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.