Уалдзæг ис йæ тæмæны. Æрбалæууыд халсæрттæ тауыны рæстæг дæр. Æрдзы райхъалдзинадимæ райхъал вæййынц халсæртты зианхæсджытæ æмæ низтæ дæр. Нуры æмæ хъæдындзтæ кæмæн ис тыд, уыдон сæ зæрдыл хъуамæ дарой, кæй райхъал ис хъæдындзы бындз, кæцы стыр зиан хæссы нуры æмæ хъæдындзы байтыдтытæн. Хъæдындзы зианхæссæг бындз айк æфтауы нуры æмæ хъæдындзы сыфты саггæмтты. Айкæй рацæуы къуыдыркалм æмæ разиан кæны байтыдтытæн. Уыдон хæринаг нал фæисынц, сбур вæййынц сæ сыфтæртæ æмæ бахус вæййынц. Гæнæн ис æмæ рæстæгыл мадзæлттæ куынæ райсат, уæд уæ тыллæг фесæфа, уымæ гæсгæ сæ ныхмæ хъæуы тох кæнын ахæм маргхимикаттæй: Актара, Карбафос, Карате æмæ Децисæй. Тæнгъæд цæттæ хъæуы афтæ: 10 литр доныл ныккæнын хъæуы Актара 2 граммы, кæнæ Карбафос, Карате 5 граммы. Пырх кæнын сæ хъæуы райсом раджы, кæнæ та сихорæй фæстæмæ æнæдымгæ рæстæджы. Маргхимикаттимæ архайыны рæстæджы кусæгыл хъуамæ уа сæрмагонд уæлæдарæс: резинæ цырыхъхъытæ, æрмкъухтæ, хъахъхъæнæн кæсæнцæстытæ æмæ комбинезон. Куысты рæстæджы нæй гæнæн æмæ тамако дымай,  дон баназай æмæ хæринаг хæрай. Куысты фæстæ хи ныхсын хъæуы тæвд дон æмæ сапонæй. Кусæн дзаумæттæ та хъæуы ныхсын. Нуры æмæ хъæдындзы байтыдтытæм нæй гæнæн бацæуæн æмæ сæ спайдагæнæн 21 бонмæ.

 

Тохъмайты Хъазбег,

агроном

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.