3 декабры куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр нысан цæуы Æбæрæг салдаты бон. Уый нысан цæуы 2014 азæй фæстæмæ УФ-йы Президенты барамындмæ гæсгæ. Ацы боны истори раджы райдыдта, 1966 азы 3 декабрæй – Волоколаймаг арæнтæй æбæрæг салдаты базайæццæгтæ ныгæд куы æрцыдысты Кремлы къулы цур, уæд. Уымæй иу азы фæстæ та Æбæрæг салдаты номыл байгом мемориал.

Уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны дæр уагъд цыдысты ацы боны цытæн историйæ хъусгæфыстытæ. Скъоладзаутæ фыстой сæ дадатæм, хиуæттæм, кæцытæ нал æрыздæхтысты хæстæй. Уый фæстæ та арæзт æрцыд стыр къухæйфыст чиныг – «Чтобы я сказал найденному защитнику Советского Союза». Ацы куыстыты фæстиуæг у ахæм – Стыр Фыдыбæстæйон хæстæн раст аргъ скæнын, нæ адæм куыд хъахъхъæдтой не стыр бæстæ æмæ раст фæндагыл кæй æрлæууыдыстæм.

Ацы темæйы фæдыл информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов æмæ культурæйы министр Зассеты Жаннæ дзырдтой, куыд æмæ кæм нысан цæудзæн республикæйы ацы бон.

Сергей Скворцовы ныхæстæм гæсгæ, ацы боны цытæн мадзæлттæ уагъд цæудзысты, Россотрудничествойы минæварадтæ кæм архайынц, уыцы бæстæты.

«3 декабры Цхинвалы Кады Аллейы дидинджытæ æвæрд æрцæудзæн Æбæрæг салдаты цыртдзæвæныл. Мах уыцы бон мысдзыстæм æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты, уымæн æмæ уыдоны бинонтæ нæ зонынц, абоны онг дæр кæм сты кæнæ кæм ныгæд сты», – дзырдта Сергей.

Республикæйы культурæйы министр Зассеты Жаннæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ азæй азмæ архайынц, цæмæй ацы мысæн боны цытæн уагъд цæуа алыгъуызон мадзæлттæ. Ацы аз библиотекæты уагъд цæудзæн фембæлдтытæ чиныгкæсджытимæ. Уым æрмæст мах нæ архайдзыстæм, фæлæ хæстон архайдтыты хайадисджытæ дæр, цæмæй радзурой сæ зæрдыл ма цы лæууы æмæ зонынц æбæрæг салдаттæй, уый. Уымæй дарддæр ма астæуккаг скъолаты уагъд цæудзæн «мысынады уроктæ», уымæн æмæ адæймаг уæд баззайдзæн адæймагæй, кæд æмæ йын ис æмæ уыдзæн мысынад.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй Культурæйы министрад цæттæ кæны документалон æрмæг, Æбæрæг салдаты номыл цыртыты презентаци. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны нырма уыдон номыл нæй цыртытæ, æмæ афон у ахæм бынат равзарæм, цæмæй дзы æвæрд æрцæуа цырт.

Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг  ирон ныхмæлæуды рæстæджы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыны фæдыл организацийы сæргъ ис Куыдзеты Лидия. Æбæрæгæй сæфтыты нымæц у 139. Фæлæ сын цалынмæ сæ ингæнты ссардæуа, уæдмæ нæй дзурæн, æмæ уыдон сæрæгас нал сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон ссарыны фæдыл цæуы егъау куыст.

Ацы организаци архайы цырт сæвæрыныл. Уымæн ис бынат дæр, фæлæ уый æндæр-гъуызон цырт уыдзæн, уый нывгæнæджы егъау хъуыдыкæнынадыл баст уыдзæн.

 

АГУЫРД ЦÆУЫНЦ ФЫДЫБÆСТÆСТÆЙОН ХÆСТЫ ÆБÆРÆГÆЙ СÆФТЫТЫ ИНГÆНТÆ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæй Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфт фесты 7 мин адæймаджы. Уыдон ссарыныл ныр æртæ азы бæрц кусынц «Æнæмæлгæ полк»-ы штабы кусджытæ, кæцыйы сæргъ лæууы Зассеты Жаннæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн ссардæуыд    1 952 адæймаджы ингæны.

«Хъæбатырты номыл ныр махæн нæ бон у æмæ судзæм уал цырагъы», – загъта уый.

Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ уыдоны хиуæттæй сæ фылдæр кæнæ сæрæгас нал сты, кæнæ республикæйы территорийыл нал цæрынц, уымæ гæсгæ гæххæттытæ лæвæрд æрцæуынц сæ мыггаджы минæвæрттæм. Бирæтæ æвдисынц фæндондзинад, цæмæй сæ хиуæтты ингæнтæм ацæуой бынатмæ æмæ сын уым марды æгъдау скæной. Ис ахæмтæ дæр, æмæ сæ фæндыд фæмардуæвæг салдаты баззайæццæгтæ æрласын, фæлæ уый бынтон хуымæтæг процедурæ нæу.

Зассеты Жаннæ ныфс бавæрдта, ацы ахсджиаг куыст дарддæр уагъд кæй цæудзæн, цалынмæ фæстаг æбæрæг сæфт салдат нæ разына, уæдмæ.

«Æз разы нæ дæн Украинæйы политикæ æмæ политиктимæ, кæцытæ архайынц ууыл, цæмæй ферох уа кинофильм «В бой идут одни старики». Уым æвдыст цæуы, алы нацийы минæвæрттæ иумæ кæй æрбангом сты æмæ кæй тох кодтой Советон Цæдисы иумиаг знаджы ныхмæ.

Мæн нæ фæнды, цæмæй цъæл æмæ пырх кæной Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон салдаты номыл цыртытæ Варшавæ æмæ æгас Польшæйы.

Абон нын кæд нæ хъæлæс исчи фехъуса, уæд хæсты истори ничиуал раивдзæн. Æмæ уыцы æбæрæг салдаттæ, кæцытæ сæхи нывондæн æрхастой нæ бæстæ æмæ æндæр бæстæтæ бахъахъхъæныныл, уыдон уадз зонæт, кæй ис, чи фæхъуыд, уыдонæн дæр тых, уымæн æмæ ис мысынад. Мах та кæд тыхджын стæм, уæд цалынмæ цæрæм, уæдмæ сæ мысдзыстæм», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Дарддæр уый æрхаста, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Хуссар Ирыстонæй хæстмæ кæй ацыд алы æртыккаг цæрæг. Дзырдта, хæсты быдырæй сæрæгасæй чи нал æрыздæхт æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы сылгоймæгты хъæбатырдзинæдтыл дæр.

 

Къæбулты Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.