Кæронмæ фæхæццæ кæны 2018 аз æмæ афæдзы дæргъы нæ горæт сфæлындзын, бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территоритæ куыд хæрзарæзт цæуынц, абоны бонмæ дæр ма хъæдхъиутæй цы базарадон бæстыхæйттæ лæууынц, цы ног цæрæн хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдон куыд дих æрцæудзысты, уыцы æмæ æндæр фарстатæн журналисттæн дзуаппытæ радта горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры цы пресс-конференци ауагъд æрцыд, уым.

– Адæммæ цымыдис æвзæрын кæны, Хъайтарты уынджы кæрон цы цæрæн комплекс сырæзт, уыцы хæдзæртты сæ хицæуттæ кæд æрцæрдзысты, уый?

– Мах фæнд кодтам, уыдоны нырмæ дæр байуарын, фæлæ радылæуджыты цæрæнуатон уавæртæ бабæрæг кæнын домы бирæ рæстæг. Абоны бонмæ уал мах бабæрæг кодтам 480 бинонты, афтæмæй номхыгъдтæ нырма кæронмæ арæзт не сты. Цæрæнуатон къамисы уæнгтæ æмбæлынц зындзинæдтыл ацы хъуыддаджы. Радылæуджытæй бирæты ссарын сæ бон нæ вæййы, æндæртæ та ам горæты нæ разынынц. Къамис, фыццаг рады бабæрæг кæны фатер райсынмæ рады чи лæууынц, уыдонæн сæ документтæ раст сты, æви нæ, афтæ ма сын æндæр цæрæн бынат ис æви нæ?  Декабры  æмбисмæ хъуамæ уа конкретон фæстиу-джытæ æмæ ацы хæдзæрттæ хъуамæ уæрст æрцæуой Ног азмæ.

Горæт схæрзарæзт кæныны хъуыддаджы администрацийæн цас бантыст саразын?

– Ацæугæ азы фæстиуджытыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы уый æмæ цы хæстæ лæууыд нæ разы, уыдон иууылдæр æххæст æрцыдысты. Сæйраг хъусдард здæхт цыдис бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территоритæ схæрзарæзт кæнын æмæ зæронд инженерон хызæгтæ раивынмæ. Хæрзарæзт æрцыдысты Сталины уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ. Ныртæккæ дæр ахæм куыстытæ фæуд кæнынц  æндæр ахæм хæдзæртты территориты. Бирæ бакуыстæуыд зæххы бын коммуникациты реконструкцийы фæдыл дæр. Хи тыхтæй мах сарæзтам 2300 метры нуазыны доны æмæ канализацийы хæххытæ. Ахæм куыстыты стыр гуырахст горæты администраци бакодта фыццаг хатт. Мæскуыйаг микрорайоны уынгтæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ, фæлæ нын уыдон схæрзарæзт кæнынæн фадæттæ нæма ис. Фидæн азы план цæуы скъола æмæ сывæллæтты цæхæрадоны раз асфальт скæнын.

 – Рагæй дзырд цæуы ног брондонæн бынат рахицæн кæныныл. Куыд скъуыддзаг цæуы ацы фарст?

– Ацы фарст рагæй лæууы. Бирæ бынæттæ-иу рахицæн æрцыд полигонæн. Фæлæ дзы иу бынат дæр дзуапп нæ лæвæрдта санитарон-эпидемиологон домæнтæн. Ныр ацы фарст скъуыддзаг цæуы. Ног брондон арæзт æрцæудзæн горæтæн хурскæсæны ‘рдыгæй. Уый арæзт   æрцæудзæн  2019  азы  Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ дзуапп дæтдзæнис æппæт санитарон домæнтæн æмæ нæ хъыгдардзæнис  йæ алыварс территоритæм æввахс цæрджыты дæр.

– Нæ горæты зæронд хид рагæй фæстæмæ тæссагдзинад æвзæрын кæны автотранспортæн. Цахæм уыдзæн йæ хъысмæт ацы хидæн?

– Мах дæр тынг тыхсын кæны ацы хиды уавæр. Нæ бон куыд у, афтæ архайæм, цæмæй йыл, гæнæн уæвгæйæ, цæуа къаддæр автотранспорт. Уæззау уæзтæ ласæн транспортæн ыл бынтондæр цæуыны бар нал ис. Агурдзыстæм фадæттæ, цæмæй капиталонæй цалцæг æрцæуа.

– Куыд зонæм, афтæмæй æдзæллаг уавæрмæ æрцыдис, кæддæр популярон чи уыдис, уыцы магазин «Сабиты дуне», хæсты азты басыгъд нæ адæмæн уарзон универмаг «Ир». Уыдонæн, экспертизæйы хатдзæгтæм гæсгæ, сæндидзынгæнæн нал ис. Йæ хъысмæт бæлвырд нæу магазин «Фарн»-æн дæр. Кæдмæ уыдзысты ахæм уавæры ацы базарадон объекттæ?

– Магазин «Сывæллæтты дуне» æмæ магазин «Ир» демонтаж æр-цæудзысты. Магазин «Фарн»-ыл куы дзурæм, уæд конкретон уынаффæ ист нæма ‘рцыдис. Ис алыхуызон варианттæ.

– Нæ горæты цæрджыты æмæ йæ уазджыты дæр фæнды, цæмæй горæты цад æмæ йæ алыварс территори суа хæрзвадат улæфæн бынат. Цы арæзт цæуы уый фæдыл?

– Æрвылаз дæр, нæ фадæттæ нæ куыд амонынц, афтæ коммуналон хæдзарады службæтæ бакæнынц бæрæг куыст йæ алыварс территори йын схæрзарæзт кæныны фæдыл. Цадæггай йæ кæнæм фæткмæ.

– Нæ горæты нырма ис ахæм лигъдæттæ, кæцытæ дæсгай азты цæрынц иттæг мæгуырау уавæрты раздæры турбазæ æмæ æндæр бынæтты. Ахæм бинонтæ сты 300 фылдæр. Цахæм куыст цæуы уыдоны царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл.

– Республикæйы разамынад фарст æвæры, цæмæй ацы категорийы æмбæстæгтæ ифтонг æрцæуой цæрæнуатæй. Уыдонæн хæдзæрттæ арæзт цæудзæнис куыд горæты, афтæ хъæууон бынæтты дæр. Бирæты фæнды, цæмæй райсой зæххытæ хъæууон бынæтты æмæ кæной зæххы куыст, дарой фос.

– Алы горæт дæр, зæгъæн ис, æмæ нысан кæны йæ сырæзты бон. Цхинвалы горæтæн нырма ахæм бон нæ нысан кæнæм. Бæлвырд æрцæудзæн Цхинвалы бон?

– Мах тыхсын кæны ацы фарст дæр. Æрæмбырд кæндзыстæм историкты æмæ иумæ сбæрæг кæндзыстæм горæты бон кæд хъуамæ нысан кæнæм, уый. Зæгъдзынæн ма уый, æмæ ивгъуыд аз горæты мэри кæй расидт конкурс Цхинвалмæ бахизæн хуыздæр сфæлгондз кæныны тыххæй. Уымæн фæстиуджытæ арæзт нæма æрцыдис. Æдæппæт бавдыстæуыд 8 проекты. Ис дзы цымыдисон проекттæ, фæлæ сыл хъæуы кæронмæ бакусын. Ам тагъд кæнын нæ хъæуы, равзарын хъæуы иууыл аккагдæр вариант.

Нæ горæты территорийыл нæй хинайæнтæ æмæ æхсæнадон туалеттæ. Куыд скъуыддзаг цæуы ацы фарст та?

– Туалетты тыххæй куы дзурæм, уæд ахæм туалет арæзт æрцыдис сывæллæтты парчы. Хинайæнтæ дæр кæй хъæуы саразын, уый дæр рох нæу æмæ нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ архайдзыстæм ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл дæр.

– Бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ саразыны проблемæ та скъуыддзаг кæд æрцæудзæн?

– 2019 азы ацы проблемæ æнæмæнг скъуыддзаг æрцæудзæн æмæ бирæ фенцондæр уыдзæн сæ цæрджытæн.

– Нæ горæты тынг бирæ машинæтæ змæлы æмæ шофырты тынг тыхсын кæны, æрлæууæн бынæттæ кæй нæй, уый.

– Уый тыххæй мах æмгуыст кæнæм паддзахадон автоинспекциимæ. Горæты центры стыр змæлд кæй ис, уый стыр проблемæ у, фæлæ 2019 азы арæзт æрцæудзæн Гаглойты Хазбийы уынг æмæ æз æнхъæлын, уырдæм æввахс уынгтыл цæуæг машинæтæ цæудзысты ууылты дæр æмæ уæд горæты центр фæуæгъддæр уыдзæн.

– Нæ горæты нæй автобустæм æнхъæлмæкæсæн бынæттæ æмæ æвзæр боныгъæдты кæм балæууой бæлццæттæ, уый сын нæ вæййы. Цы хъуыды кæнут ахæм бынæттæ саразыны тыххæй та?

– Нæ хъуыдыйы ис, ахæм бынæттæ саразын дæр, цæмæй бæлццæттæ ма тыхсой æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.