“Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ ивгъуыд къуыри сбæлвырд кодтой иу фыдракæнд, кæцы баст у æнæзакъонæй наркотиктæ уæй кæнынимæ”, – хъусын кæны РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд 5 аварийы, уыдонæй сæ иуы амард Хуссар Ирыстоны æмбæстаг.

«1 октябрæй 8 октябрмæ республикæйы территорийы бæлвырд æрцыд иу фыдракæнд –  æнæзакъонæй уæйгонд цыди ахæм зайæгой, кæцыйы сконды уыд наркотикон буарад. Алыгъуызон бархалыны фæдыл бæрндзинадмæ конд æрцыдысты цалдæр адæймаджы. Ивгъуыд къуыри республикæйы фæндæгтыл æрцыд 5 фæндагон-транспортон цауы. Уый фæстиуæгæн иу адæймаг амард, 5 та дзы бахъыгдард сты», – банысан кодтой ведомствойы.

Ведомствойы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй планон рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы Мидхъуыддæгты паддзахадон автоинспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 186 фæндагон змæлды фæтк халыны цау. Уыдонæй аст уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.