Нæ газеты фæрстыл ма куыд фыстам, афтæмæй зындгонд кинорежиссер Сарик Андреасян уырыссаг киноаивадмæ бахаста стыр бавæрæн: не ‘мзæххон Калоты Виталийы цард æмæ хъысмæтыл, реалон цаутыл сарæзта аивадон киноныв “Непрощенный” æмæ ацы бонты рацыд бæстæйы кинотеатрты уæрæх прокаты. Æртыццæджы йын презентаци уыд Дзæуджыхъæуы дæр. Калоты Виталийы ролы хъазы зынгæ актер Дмитрий Нагиев.

Виталийы хъысмæтимæ зонгæ чи нæ у, ахæмтæ бирæ нæй. 2002 азы цы стыр уæлдæфон æнамонд цау æрцыд Германийы, Бодены цады сæрмæ, уым фæмард 71 адæймаджы, уыдонæй 52 сывæллæттæ. Уым уыдысты Калойы-фырты бинойнаг æмæ йæ дыууæ æнахъом сабийы. Йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй уыцы бонæй фæци йæхи цард  дæр. Æрмæстдæр ма архайдта рæстдзинад сбæлвырд кæныныл, æнхъæлмæ каст, хатыр дзы кæд ракурой. Фæлæ уый не ‘рцыд. Уый нæ, фæлæ аххосджыны бынтондæр сраст кодтой. Æмæ уæд атыдта йæ маст зæрдæхæлд лæгæн, амардта йе знаджы. Афтæ у цыбырæй ацы трагикон истори.

Кино райдайы тæрхондоны залæй. Бады Витали – Нагиев æмæ æбæрæг ранмæ нымдзаст. Йæ хъус нæ дары тæрхонгæнæджы фарстытæм, æрмæст рæстæгæй – рæстæгмæ сдзуры: “Æз уыцы бон амардтæн”.

Дмитрий Нагиев афтæ аив равдыста ирон цардыуаг, ацы стыр трагеди æмæ зæрдæскъуыд лæджы уды хъизæмар, цауы драматизм афтæ рахаста кинокæсæджы размæ, æмæ кинойæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ адæм сæ кæуынæй нæ банцадысты.

Кинонывы сюжетыл бирæ нæ дзурдзыстæм. Прокаты фæстæ фæзындзæн телеканалты дæр æмæ йæ алчидæр фендзæн. Дмитрий Нагиевæй дарддæр ма кинойы сæйраг ролты хъазынц æндæр курдиатджын актертæ: йæ бинойнаг Светланæйы ролы Розæ Хайруллина, йæ лæппу Костяйы ролы – Артем Шкляев, йæ чызг Дианæйы ролы – Карина Каграманян. Уымæй дарддæр ма дзы хъазынц Ирина Безрукова, Цæллаты Вадим, Михаил Горевой, Микаэл Джанибекян æмæ бирæ æндæртæ.

Киноныв чи федта, уыдон ын скодтой стыр аргъ. Ныридæгæн райста бирæ хæрзиуджытæ, прокаты йæ райстой бирæ бæстæтæ.

Калоты Виталийы трагеди равдисыныл бацархайдтой америкаг аивады архайджытæ дæр. Ацы цаутыл  2017 азы аивадон киноныв систа Эллиот Лестер дæр. Виталийы ролы дзы хъазыд дунейыл зындгонд актер Арнольд Шварцнеггер, фæлæ йын нæ уыд стыр æнтыст. Бирæ факттæ дзы æрцыдысты зыгъуыммæгонд. Калойы фырты дзы равдыстой тæрсаг æмæ тæригъæддагæй, цыма фæфæсмон кодта йæ фыдракæндыл. Уый расайдта стыр критикæ. Æппынфæстаг, бынтондæр ист æрцыд кинопрокатæй.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.