14 февралæй 21 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис дыууæ æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 370 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

16 февралы Цхинвалы 25-аздзыд бынæттон цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрынмæ æмæ Хъайтарты уынгæй Путины уынгмæ азилæны сæмбæлд бæласыл. Шофыр разынд нозтджын. Басгæрсты рæстæджы милицийы кусджытæ машинæйы ссардтой 12 пакеты, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамако «Снюс».

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой 35-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта ме-дицинон басгæрстмæ.

 

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.