Хæрзаудæн мадзал не ‘мбæстаг чысыл лæппу Гæбæраты Сосланæн æххуысæн, кæцыйы хъæуы операци æвæстиатæй саразын Германы, уагъд æрцыд сабаты нæ горæты. Мадзал саразыны инициатор уыд радио «Ир-FM», амалиуæггæнæг æмæ зынгæ блогер Гуыбаты Заринæ. Уыдонмæ ма баиу сты æхсæнадон организацитæ «Чистый мир», «Зеленая Алания» æмæ нæ горæты Бирæпрофилон колледжы ахуыргæнинæгтæ æмæ кусджытæ.

Гуыбаты Заринæ уымæй размæ социалон хызæгты руаджы æрсидт нæ республикæйы  цæр-джытæм, цæмæй æрбаиу уой мадзалмæ æмæ иумæйаг тыхтæй баххуыс кæнæм Гæбæраты Сосланы бинонтæн, æхцайы фæрæзтæй. Уымæ гæсгæ сæм æрбаиу сты волонтерты иу къорд дæр.

Хæрзаудæн мадзал уагъд æрцыд нæ горæты скæсæны ‘рдыгæй Ирыстоны тырыса кæм фæйлауы, уыцы бынаты. Ам зиууонтæ иумæйаг тыхтæй ныссыгъдæг кодтой брон. Уыдон æвæрд æрцыдысты сæрмагонд голджыты æмæ сæ стæй уый фæстæ броны полигонмæ аластой горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ.

Гæбæраты Сосланæн æххуысы тыххæй экологон мадзалы хайадисджытæ цы акци ауагътой, уый руаджы æрæмбырд кодтой 135 мин сомы. Æхсæнадон æзмæлд «Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Залинæ зæгъы: «Бузныг, йæ хайбавæрд чидæриддæр бахаста ацы хæрзаудæн акцимæ. Ныр, нæ бæстæйы тырысайы алфæмблай у сыгъдæг. Ардæм уазджытæ æрбакæнын æмæ сæ ардыгæй горæтмæ афæлгæсын ныр худинаг нал уыдзæн. Фæлæ иууыл сæйрагдæр та у, Сосланæн баххуыс кæныны хъуыддагмæ мах дæр нæ хайбавæрд кæй бахастам».

Габайты Залинæ ма загъта, зæгъгæ, уыцы хъуыддажы тыххæй Ленингоры район Цъинагары астæуккаг скъолайы коллектив та æрбахастой 100 мин сомы. Зæгъы ма, зæгъгæ, уый адыл ацы акций йæ куыст нæ баурæдта. Чысыл Сосланæн баххуыс кæнынæн дарддæр дæр уадздзысты мадзæлттæ.

ÆХХУЫС – ГÆБÆРАТЫ ЧЫСЫЛ ЛÆППУЙÆН

Гæбæраты Сосланыл цæуы 7 азы. Гуырцæй рахаста зæрдæниз. Æппынæдзух ис хостæ æмæ медицинон хъусдарды бын. Сывæллоныл аст мæйы куы цыд, уæд ын Германы скодтой операци. Йæ ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй операци цыд 15 сахат. Медицинон хатдзæгтæм гæсгæ сывæллоны зæрдæйы уыцы-иу рæстæг ис 5 хуызы низ. Берлины клиникæтæй сæ иуы куыд амонынц, афтæмæй сывæллоны ныр дæр хъæуы операци кæнын. Уырдæм хъуамæ Сослан ныххæццæ уыдаид ивгъуыд азы кæрон. Фæлæ сæ ацæуæнтæ иуæй пандемийы тыххæй бакъуылымпы сты, аннæмæй та ныййарджыты къухы нæй операцийæн сæ цы 7 милуан сомы хъæуы, уыцы суммæ.

Чысыл Сослан йæ райгуыр-дæй нырмæ кæд уæззау низимæ тох кæны уæддæр тырны, цæмæй йе ‘мцахъхъæнтæй фæстæ ма лæууа. Фæлвары йæхи спорты, гæнæн ын куы вæййы, уæд фæархайы тхэквандойæ. Ныртæккæ уымæн тренировкæтæ кæныны бар нæй. Уымæ гæсгæ фæрсы бирæ чингуытæ, тынг рæхсы  пластилинæй алыгъуызон фигурæтæ аразынмæ дæр.

Стыр адæймагау цырд лæууы йæ хостæ нуазынмæ. Ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæкæс-фæкæс кæны сахаты цыдмæ, цæмæй иу минут дæр ма байрæджы кæна. Операци аразынмæ йæ кæй цæттæ кæнынц, уыцы цаумæ дæр æнхъæлмæ кæсы æнæрхъæцæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Гæбæраты бинонтæн 7 милуан у стыр æхца. Сæ фарсмæ хиуæттæй дарддæр æрбалæууыд хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы минæвæрттæ, сæ хыгъдмæ сын ахынцыдтой 500 мин сомы. Чысыл Сосланæн баххуыс кæнын махæй алкæй бон дæр у. Гæбæраты бинонтæн ахсджиаг у алы сом дæр. Æрмæст иумæйаг тыхтæй у нæ бон сабийæн йæ цард адарддæр кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.