10 январæй 17 январмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис 3 фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 8 фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты аст адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 353 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 5 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны кусджытæ баурæдтой горæттаг 29 æмæ 36-аздзыд цæрджыты, кæцытæ спайда кодтой наркотиктæй. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.