Ивгъуыд аз Цхинвалы районы фылдæр хъусдард цы фарстатæм здæхт цыд, хъæуты цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл цы куыст  цыд, уыцы æмæ æндæр фарстатæн нын дзуапп радта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

– Коронавирусы пандемийы аххосæй арæзтадон æрмæджытæ æмæ æртаджы æргътæ кæй фæфылдæр сты, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн дæр сæвзæрын кодта бирæ зындзинæдтæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, районы коммуналон хæдзарады хайад, зæгъæн ис, йæ куыстытæ  бакодта 90 процентæй. 2021 азы ма цы мадзæлттæ хаст æрцыд, уыдон иууыл-дæр здæхт уыдысты хъæууон цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Къуер-нет, Рустау, Ногхъæу, Мамысантæ æмæ Уæллаг  Гудзабары хъæуты бакодтам фæндæг-ты цалцæггæнæн куыстытæ. Тъбеты хъæуы та скъоламæ цы фæндаг цæуы, уый сцалцæг кодтам. Баззад ма цалцæгкæнинагæй Сарабукъ-Къохаты фæндаг, фæлæ куыддæр боныгъæдтæ фæхуыздæр уой, афтæ уый дæр сцалцæг кæндзыстæм. Мæн ацы районы къухдариуæггæнæгæй куы снысан кодтой, уæд мæхицæн фидарæй загътон, сæйраджыдæр, кæй архайдзынæн районы алы хъæумæ дæр фæндæгтæ схæрзарæзт кæныныл, нуазыны донæй цæрджыты сифтонг кæнын æмæ, гæнæн уæвгæйæ, хъæуы уынгты электроны цырæгътæ бакæныныл.

Районы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг дæр Цхинвалы районы Дмени-сы хъæуы райгуырд æмæ схъомыл. Хъæууон хæдзарады алы къабазимæ дæр зонгæ у. Къорд азты куыста Дменисы колхозы сæрдарæй, уый фæстæ та – хъæууон хæдзарады министрады бæрнон бынæтты. Зоны хъæууон цæрджытæн сæ проблемон фарстатæ æмæ сæм æххуысы къух фæдары кæм бахъæуа, уым йæхи кæй нæ бааууон кæндзæнис, уыцы дзырд йæхицæн радта. Фæлæ уыимæ иумæ ис ахæм проблемæтæ, кæцыты аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ, уыдон аскъуыддзаг кæнын та абоны уавæрты зын у. Зæгъæм, хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæнын, фермертæн куысты хорз уавæртæ саразын, арендаторты рæстæгыл техникæйæ ифтонг кæнын æмæ афтæ дарддæр. Бирæтæ дзы се ‘ркæнгæ продукцийыл цы бахардз кæнынц, уыйбæрц æфтиаг нæ райсынц. Фосдарды куыст чи кæны, уыдон дæр арæх сæ хæрдзтæ нæ бамбæрзынц, сæ фосыл хæцгæ низтæ кæй бахæцы æмæ дзы кæй амæлы, уый аххосæй. Районы ветеринартæ Хъæууон хæдзарады министрады хъæппæрисæй бæргæ ауадзынц хосгæнæн-профилактикон мадзæлттæ, фæлæ, хъыгагæн, сæ фосæй чи амæлы, уыдонæн сын компенсаци ничи бафиды.

Мамытаты Вахтангы ныхæстæм гæсгæ, куыст цæуы районы хъæуты нуазыны донæй сифтонг кæныныл. Ахæм куыстытæ кодтой Свер, Мамысантæ, Монастъер, Дампъалет, Ногхъæу, Къуернеты хъæуты. Хъыгагæн, вæййы афтæ дæр, æмæ сæрмагонд машинæйы фæрцы зæхх куы ныббур кæнынц, фæлæ дзы дон нæ разыны. Афтæ уыд Адзыстауы хъæуы дæр. Фæлæ та ацы аз дæр бафæлвардзысты æндæр бынаты зæхх ныббур кæныныл.

Администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Адзыстауæй ацæугæ цалдæр бинонты фæнды фæстæмæ сæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхын. Доны хахх, зæгъæн ис, уагъд æрцыд Къостайыхъæумæ дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы хъæуы доны цухдзинад рагæй ис. Ныртæккæ уырдæм дон цæуы Тихреуы хъæуæй, фæлæ уæддæр  хъæуы иу хайæн дон нæ фаг кæны. Ныртæккæ уырдæм цы ног хахх арæзт цæуы, уый рауагътой, Тулдзы къохы цы бассейн ис, уырдыгæй. Ам хицæнæй æвæрд æрцыд сæрмагонд донæнцъирæнтæ, кæцытæ æлхæд æрцыдысты Италийы. Куыддæр хæтæлтæ кæрæдзимæ баиу кæной, афтæ Къостайыхъæумæ дон цæуын райдайдзæнис æххæстгуырахстæй. Тъбеты хъæумæ дæр арæзт цæуы доны сæрмагонд хæтæл. Дменисы хъæуы уæллаг хайы цæрджытæ дæр æййæфтой зындзинæдтæ, нуазыны дон сын кæй нæ фаг кодта, уымæй æмæ 2022 азы уыдон фарст дæр хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа.

Мамытаты Вахтангы хъуыдымæ гæсгæ, суадæттæ арæх кæй басур вæййынц, уый комкоммæдæр баст кæй у æрдзы климатон ивындзинæдтимæ. Уымæ гæсгæ, дам, арæх бахъæуы ног суадæттæ агурын.

Сæрдыгон бонты хъæуты иуæй-иу цæрджытæ сæ цæхæрадæттæ фæдонхæр кæнынц суадоны донæй. Уымæ гæсгæ дон нал фæфаг кæны  цæрджытæн. Ивгъуыд аз эксперименты хуызы Тъбеты хъæумæ радтам донхæргæнæн къанауы дон, цæмæй дзы цæрджытæ донхæр кæной сæ цæхæрадæттæ. Уалдзæджы бакæсæм, цы фæстиуæг ратдзæн, уымæ. Кæд ацы проект хорз фæстиуæг радта, уæд къанауты дæттæ ауадздзыстæм Къостайыхъæу æмæ Арцеуы хъæутæм дæр, æмæ уый нымад æрцæудзæн нæ куысты иууыл ахадгæдæр æнтыстыл.

2021 азы районы хъæуты скъолаты бакодтой цалцæггæнæн куыстытæ. Сатихъары, Рустауы æмæ Громы скъолатæ æрцыдысты бæстон цалцæг, иннæ скъолаты та – уæлæнгай цалцæг. Къостайыхъæуы цалцæг æрцыд тренажерон зал, бауагътам æм хъæрмад, хъæуы ма дзы хицæн трансформатор сæвæрын. Хъæуты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонтæн цы цыртытæ ис, уыдон иууылдæр реставраци æрцыдысты. Сывæллæттæн хъазæн фæзтæ арæзт æрцыд Зар, Ногхъæу æмæ Арцеуы хъæуты, Сатихъары хъæуы дæр бацæттæ кодтам бынат æмæ ацы аз та уым сараздзыстæм.

Мамытаты Вахтанг ма нын стыр æхсыгонæй фехъусын кодта, ацы аз кæронмæ кæй бахæццæ, Дменисы хъæуы цалдæр азы цы Культурæйы хæдзар арæзтой, уый арæзтад. Ныр уырдæм балидздзысты хъæуы администраци, библиотекæ æмæ клубы кусджытæ. Уым ма уыдзæн фадыгон инспекторы хатæн дæр. Бæстыхай  у дыууæуæладзыгон, дыккаг уæладзыджы уыдзæн клуб æмæ дзы архайдзысты алыгъуызон кружоктæ. Президент Бибылты Анатоли нын йæ фондæй цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдонæй кабинеттæн æлхæд æрцыд ног инвентарь. Æрмæстдæр ма баззад кæрт схæрзарæзт кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.