8-ӕм июлӕй 15-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис цыппар фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой 3 адæймаджы.

Планон-рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 153 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 8 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 9 адӕймаджы.

Дзауы районы Угæрдæнты хъæуы арæзтадон организацийы æфтауцдонæй адавдæуыд 300 метры æрхуыйæ конд изоляцион кабель. Дзауы районы милицийы управленийы кусджыты оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн урæд æрцыдис 31-аздзыд Дзауы районы Мсхлебы хъæуы цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл. Ноджы ма фыдгæнæджы хæдзар басгарыны фæстиуæгæн, цæхæрадоны ссардтой 11 гæны къутæры. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæхæдæг дæр æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Ленингоры районы æмæ горæт Цхинвалы милицийы управлениты кусджытæ оперативон-рейдон мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн ссардтой æмæ скуынæг кодтой 250 гæны къутæры.

Милицийы наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны æмæ районты управлениты кусджытæ баурæдтой цыппар æмбæстаджы, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Дыууæ бархалæджы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы, иуы та – 10 мин сомы.

Цхинвалы Горькийы уынгæй Джыгкайы фырты уынгмæ азилæны æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Нæ горæты 23-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «Mitsubishi Pajero»-йыл. Аварийы фæстиуæгæн ма бахъыгдард ис ноджы иу автомашинæ «ВАЗ-2107». Рынчындонмæ бахаудысты дыууæ бæлццоны.

Дзауы районы Мсхлебы хъæуы æрцыдис фæндагон-транспортон цау. 20-аздзыд æфсæддон нæ сарæхст йæ автомашинæ «Ока» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ, ахаудта фæсфæд æмæ сæмбæлд бæласыл. Аварийы фæстиуæгæн 20-аздзыд бæлццон бахауд рынчындонмæ. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.