Ацы хъæу Ирыстоны, уæлдайдæр йæ хуссар хайы – Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл нæй, æмæ та дзы политикæ мачи саразæд, ома, цæмæн ыл хъуыд фыссын, уымæй дæр официалон газеты, махмæ цы бар дары?.. Махмæ ницы бар дары, фæлæ йыл фыссын хъæуы – чизоны исчитæ цæуылдæр ахъуыды кæной, искæй зæрдæмæ исты бахъара…

Уæдæ афтæ, хъæу Хушет ис Республикæ Дагъыстаны территорийыл. Бæрзонд хохы тæккæ рагъыл. Дæ цæст ыл куы ахæссай, уæд зæрдæ бариздзæн, цæстытыл ауайдзæн, Коцойты Арсен тадзгæ-баргæйæ кæй ныв кæны, уыцы Цъамады хъæуы географион равæрд… Фæлæ ацы æнахуыр хъæуы истори бирæ диссагдæр æмæ цымыдисагдæр у Арсены Цъамады хъæуæй дæр æмæ Къостайы Зебаты хъæуæй дæр. Ахъуыды ма кæнæм, ныры дуджы, ныры размæцыды рæстæджы кæмдæр хохы цъассыл бабукъ нæргæ хъæу, кæцымæ сыфтæн ис æрмæстдæр, йæ дæрддзæг фондз киллометры кæмæн у, ахæм  сæрсæфæн фæндагыл фистæгæй цæугæйæ. Ацы хъæуы цæрæг адæм фосдардæй цы продукттæ исынц, уымæй дарддæр алцы дæр  æлхæнынц райцентры, кæнæ горæты. Хъæлцадон продукттæй райдай æмæ фæу арæзтадон æрмæджытæй. Фæлæ æппæт уыдæттæ цæмæй хъæумæ фæхæццæ кæной, уымæн ис æрмæстдæр дыууæ фæрæзы: лæгуаргъæй, кæнæ хæрæгуаргъæй… Хъæумæ машинæвæндаг нæй æмæ никуыдæр уыдзæни, уымæн æмæ йæм йе рдзон равæрдмæ гæсгæ къахвæндаг  йедтæмæ машинæвæндаг саразæн нæй. Æгæрыстæмæй йæм верттæхæгыл дæр ницы фæхæццæ кæндзынæ, уымæн æмæ дзы, верттæхæг кæм æрбада, ахæм бынат нæй… Хуыцауы цæст сын цы иунæг транспортон фæрæз бауарзта, уый хуыйны хæрæг… Лæгуаргъ æмæ хæрæгуаргъ йедтæмæ хъæу Хушетмæ æддагон дунейæ ницы фæхæццæ уыдзæн. Фæлæ дзы ахæм рæсугъд хæдзæрттæ, ахæм диссаджы арæзтадтæ ис, кæцыты хуызæттæ иуæй-иу горæтты дæр нæ фендзынæ. Хъæуы цард абухы, змæлы. Адæм цæрынц зæрдæрухс æмæ цардæфсæстæй. Ницы цух æййафынц. Сабитæ ахуыр кæнынц, уымæй дæр æфсоны ахуыр нæ – се скъоладзаутæй бирæтæ каст фæвæййынц «сыгъзæрин медалтыл»…

МАХ ÆМÆ ХУШЕТЫ ДИССÆГТÆ…

Кæд стыр диссагæн дзуринаг у, уæддæр диссаг макæмæ фæкæсæд, фæлæ хъæу Хашеты цæрæг адæмæн ныртæккæ ис æрмæстдæр иунæг проблемæ: се скъола æмæ сæ сывæллæтты рæвдауæндон æгæр бакъуындæг сты, нал сын фаг кæнынц, æмæ катæйттыл фесты, ахæм зынвадат фæндагыл сын арæзтадон æрмæджытæ хæрæгуаргъæй хæссинаг кæй уыдзысты, ууыл…

Ахъуыды ма кæн, зынаргъ газеткæсæг – хæрæгвæндаг йедтæмæ фæндаг цы хъæумæ нæй, уыцы хъæуæн се скъола æмæ сæ сывæллæтты рæвдауæндон нал фаг кæны!..

Ныр нæхи кой дæр скæнæм, бæлвырддæр зæгъгæйæ, ацы хъæуы хъысмæт Ирыстон æмæ ирон адæммæ цы бар дары, уый кой…

Æрæджы нæм редакцимæ æрбацыд иу уæздæттæконд лæппу-лæг, йæхи  бацамыдта, Чысангомæй рацæугæ, дам, дæн, ныртæккæ, дам, фалейæ цæрын, Хæтæгты Валодя дам, мын уæ редакцимæ бацамыдта… Загътам ын, кæд уын исты ахъаз фæуынхъом стæм, уæд – табуафси… Æмæ, дам, ацы фæстаг цыппар азы Хуссар Ирыстоны хъæутæ кæй федзæрæг сты, уый тыххæй, дам, мæнæ нæ «политикон движенийы» номæй сидт ныффыстам Бибылы-фырты номыл, æмæ, дам, нын æй газеты куы ныммыхуыр кæнигкат… Æмæ йæ дзыппæй иу гобанæмбæрзæны йас «обращение» сласта…

Цас гæнæн ис, уый бæрц ын хиуылхæцгæйæ бамбарын кодтам, цæмæй, цы дуарыл æрбахызт, фæстæмæ уыцы дуарыл ахиза…

Цæмæн, фæрсут? Куыд цæмæн?!. Хуссар Ирыстоны хъæутæ фæстаг цыппар азы федзæрæг сты, кæнæ кæй федзæрæг сты, уый æрмæстдæр гъеныр, æвзæрстыты тæккæ къæсæрыл базыдта сæ «политикон движение»?.. Диссагæн дзуринаг нæу: дæхи дзыхæй йæ дзур, цалдæр азы «фалейæ» кæй цæрыс,  афтæмæй æвзæрстыты къæсæрыл лæгтæй хъаз, Ирыстоны хъæутæ кæй федзæрæг сты, ууыл дæхи «хæр æмæ æргæвд»!.. Æмæ цал сты ахæмтæ! Цал сты, фыццаг гæрах фехъусгæйæ цæгаты чи смидæг æмæ ныр уырдыгæй хуссары «бынысæфтыл» хъарджытæ чи скъæры, ахæмтæ!..

Мах диссæгты цур Хушеты диссаг фæстейæ баззаид, уымæн æмæ мах диссæгты цур æндæр диссæгтæ ницыуал ахадынц. Нæ горæты ахæм уынг нæй, кæцы уынгыл куы иу ран, куы – æндæр ран «аууоныбадджытæй»  нæ фехъусдзынæ ахæм хъуыр-хъуыр: «Куыддæр Цæгат Ирыстоны территорийæ Кæсæджы территоримæ бахизай, афтæ йæ æнæмæнг фæхатдзынæ, Ирыстонæй кæй рахызтæ, уый. Уымæн æмæ сæ быдыртæ иууылдæр сты куыстгонд. Махæн та нæ быдыртæ къутæрты бын фесты»…

Омæ йæ кæмæн дзурут, кæй цæстмæ йæ дарут?!.

Сымах цæмæннæ кусут, чи уæ хъыгдары?!. Уæ хисæрмагонд хæдзæргæрон зæххы гæппæлттæ дæр æнæкуыст куы сты, сæ кæрдæг æркæрдæгкаг фидгæ куы бакæнут, уæд уыдон уæддæр цæуылнæ кусут?..

Алцы нын искæй æмæ истæй аххос цæмæн у, кæдмæ уыдзæн афтæ? Ирыстоны хъæутæ, дам, уый тыххæй федзæрæг сты æмæ, дам, сæм фæндæгтæ нæй… Æнæхъæн Кавказы ма иу ахæм хъæу ссарут, кæцы хъæумæ Рукъы хъæуæй хуыздæр фæндаг ис!.. Уый тыххæй нæ федзæрæг?!. Мæнæ ацы хъæумæ абаргæйæ Рукъ, куыд фæзæгъæм – Париж куы у, уæд цæмæн федзæрæг? Фадæттæ дзы нæй? Æмæ æндæр адæмтæн, сæ фыдæлты уæзгуыты удтыл дæндагæй чи хæцы, уыцы адæмтæн Хуыцауæй кургæ фадæттæ ис?.. Рукъы ма фæз уæддæр у, Хушеты хъæуау, хохы фахсыл нæ бабукъ, æддагон дунейæ иппæрд никуы вæййы. Мах цæмæн хъыгдары алцы дæр, нæ алфæмблай цæрæг адæмтæ махæй æнувыддæр цæмæн сты се взагыл дæр, се гъдæуттыл дæр æмæ сæ фыдæлты уæзгуытыл дæр?..

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.