24-æм майæ 31-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу   фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой 4 адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой фондз адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 174 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 10 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

24 майы Ленингоры районы Салбиеры хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой Раздахæны хъæуы 52-аздзыд цæрæджы, кæцы 2019 азы ахызт паддзахадон арæны сæрты Гуырдзыстонмæ æмæ ныр та фæстæмæ æрбацыд. Фæткхалæг конд æрцыд карантинмæ 14 боны æмгъуыдмæ.

25 майы Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы 16-аздзыд горæттаг æнахъом цæрæг нæ сарæхст йе ‘фсымæры автомашинæ «Toyota Mark X» скъæрынмæ æмæ сæмбæлд электроны рухсы цæджындзыл, стæй та бæласыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ дыууæ бæлццоны, 15 æмæ 14-аздзыд горæттаг æнахъом цæрджытæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй шофыр автомашинæ ракодта давгæ.

26 майы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта нæ горæты 49-аздзыд цæрæг, кæцы æгæр стыр дозæ банызта медицинон препарат «Амитриптилин». Æмбæлон медицинон æххуысы фæрцы рынчынæн тас ницæмæйуал у.

Знауыры районы Аунеуы хъæугæрон фыййау ссардта минæхсæны нæмыг. Уымæй уæлдай ма, Знауыры районы Иончайы хъæуы 66-аздзыд цæрæг дæр йæ быдыры кусгæйæ ссардта ноджы иу ахæм рæмудзæн æрмæг. Сапертæ скуынæг кодтой тæссаг предметты.

27 майы горæты милицийы управленийы кусджытæ бынæттон 61-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзары цæхæрадоны ссардтой 6 гæны къутæры. Уымæй уæлдай ма ацы æмбæстаг милицийы кусджытæм барвæндонæй радта пулемет «ПКТ» 1133 нæмыгимæ.

29 майы Ленингоры районы милицийы уголовон фæдагуырды кусджытæ РХИ-йы  Паддзахадон æдасдзинады комитеты  æмæ Уæрæсейы Федерацийы Арæнхъахъхъæнæг управленийы кусджытимæ иумæ, Цъубены хъæумæ æввахс ссардтой 385 гæны къутæры.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.