1912 азы уалдзæджы денджызон лайнер «Титаник» сæмбæлдис айсбергыл æмæ ссис историйы иууыл зындгонддæр наутæй иу. Йæ ном арынæн фыст æрцыд бирæ чингуытæ, систæуыд кинонывтæ, гом цæуынц  равдыстытæ æмæ мемориалтæ.

Бæлццæттæласæн лайнер «Титаник»-ы фæдæлдоны рæстæджы фæмард 1517 адæймаджы, уый ссис адæймагады историйы сабыр рæстæджы иууыл масштабондæр денджызон катастрофæ. Цы 712 бæлццоны ма дзы баззад удæгасæй, уыдон систа ирвæзынгæнæг нау «Карпатия». Уыдонимæ уыд 22-аздзыд ирон лæппу Кучиты Мурзаган дæр. Уымæн науы фæдæлдон нæ уыд иунæг æмæ иууыл стырдæр трагеди. Йæ хъысмæты тыххæй радзырдта йæ чызг Аннæ.

Фыдæвзарæн хъысмæт

Мурзаган райгуырд Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны хъæуы. Æвзонг лæппу бирæ цæмæдæрты бæллыд æмæ цæмæй йæ бæллиц сæххæст уыдаид, уый тыххæй йæ хъуыдис æхца æмæ Америкæмæ цыд æхца бакусынмæ, цæмæй сарæзтаид хæдзар, æркодтаид йæхицæн ус æмæ зæрыбонмæ цардаид амондджынæй.

Йæ фæндаггаджы æхца тымбыл кодта æрдæг азы æмæ дзы балхæдта иууыл асламдæр билет, фыццаг цы нау ацыдаид, уымæ. Уый уыдис «Титаник». Мæгуыр ирон лæппуйæн йæ аслам билет уыд, бынаг каютæмæ, кæцытæй, фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй иу дæр нал аирвæзт. Мурзаган йæхи æвзæр хатыд æмæ рахызт палубæмæ, ома, сатæг уæлдæфмæ, чизоны, фæхуыздæр уон. Уыцы рæстæджы уый банкъардта стыр гуыпп, фæлæ йæ ницæмæ æрдардта, уæдмæ райдыдта паникæ, адæм схъомпал сты. Мурзаган дæр доны ныггæпп кодта, цыдæр фæйнæджы гæппæлыл фæхæст æмæ йыл фидар ныххæцыд, фæлæ йæ æмбæрста, ихджын доны бирæ кæй нæ бафæраздзæн. Уый диссаг у, фæлæ фервæзт.

Нью-Йорчы рынчындоны Мурзаган фæхуыссыд дыууæ мæйы. Чизоны, Америкæйы куы баззадаид, уæд йæ хъысмæт æндæргъуызон рауадаид, фæлæ куыддæр адзæбæх, афтæ æрыздæхт Ирыстонмæ.

Йæ бæллиц сæххæст Мурзаганæн – цы компенсаци йын бафыстой, уымæй йæ райгуырæн хъæуы сарæзта дыууæуæладзыгон хæдзар, ракуырдта ус. 1925 азы сын райгуырд чызг Аннæ æмæ æртæ азы фæстæ та – лæппу Витя.

«Титаник»-ы катастрофæйæ бæргæ аирвæзт, фæлæ йын царды нæ атылд, хъысмæт æй цыма фæлваргæ кодта, уыйау. Фыццаг уал уыд хæст, цы ран Кучиты Мурзаган иста хайад. Дыууæ хатты фæцæф, дыууæ хатты хорзæхджын æрцыд Георгийы дзуарæй, æгæрыстæмæй сæ госпиталы дæр нæ рафтыдта, йæ хæдоныл сæ бафидар кодта. Уый фæстæ – революци, Мурзаган дзы уыд большевик, стæй – йæ фæстиуджытæ. Ссис милицийы хистæр æмæ дыууæ сывæллоны фыд. Йæ хистæр æфсымæр Аслæнбег уыд хъæуы сæйраг коммунист. Уый скъолайы партион æмбырд куы уагъта, уыцы рæстæджы йæ бандиттæ скъолайы рудзынгæй фехстой æмæ амард. Ныгæнгæ дæр æй бакодтой скъолайы кæрты. Хъæдгæроны хъæуы сытынг хæст, милицийы хистæр амардта йе  знæгтæй цалдæры, йæхимæ дæр ын тынг хъавыдысты марынмæ, фæлæ сæ къухты не ‘фтыд. Йæ хæдзары алыварс скъахта акъоппытæ æмæ цæугæ та кодта хъахъхъæнджытимæ. Йæ амарын сæ къухы куынæ бафтыд, уæд æй кулак рахуыдтой. Йæ хадзар, йæ бæхтæ æмæ йæм цыдæриддæр хорзæй уыд, уыдон сын байстой æмæ сæ арвыстой хасты Казахстанмæ. Семæ ма уыд Мурзаганы мад дæр, фæлæ бынатмæ нæ ныххæццæ, амард фæндагыл. Йæ дыууæ сывæллоны æмæ йæ ус цыдысты хицæн вагоны, йæхæдæг та – æндæр вагоны. Фæндагыл товарласæн чъизи вагоны йæ ус Анисьяйæн райдыдтой гуырыны рыстытæ æмæ амард йæ сывæллонимæ.

Мурзаганæн ихджын денджызы уæвынæй  уый уыд ноджы зындæр æмæ стырдæр маст, аззад идæдзæй дыууæ æнахъом сабиимæ.

Æрбынат кодтой Петропавловскы бынмæ чысыл горæты. Иу чысыл хæдзары цардысты, хасты ма чи уыд, ахæм æртæ бинонтимæ. Уырдыгæй хъæбатыр Мурзаган ралыгъд, йæ сывæллæтты бафæдзæхста, цæуын, фæлæ уæм æнæмæнг æрыздæхдзынæн, зæгъгæ. Аннæ æмæ чысыл Витя бахаудысты сывæллæтты хæдзармæ. Цалдæр мæйы фæстæ, æцæгæйдæр, ныздæхт йæ сывæллæттæм, радавта сæ сывæллæтты хæдзарæй æмæ ацыд Бакумæ. Йе ‘мбал ын баххуыс кодта цæрæнуат ссарынæн æмæ иу хатæны цард йæ сывæллæттимæ. Сæ фарсмæ хатæны цард иу æвзонг чызг Александра Старостина – уый фæстагмæ ссис Мурзаганæн йæ дыккаг ус æмæ йæ сывæллæттæн та  – мад.

Афтæ йæм каст, цыма йæ фыдæбæттæ фæстейæ баззадысты æмæ та ногæй фæндагылцæуæг скодта йæхи. Хуыздæр цардагур ацыд Таджикистанмæ, уым горæт Хорогы йæ йе ‘мзæххонтæ – ирæттæ айсын кодтой дзулфыцæнмæ. Арæх-иу фыста фыстæджытæ йæ бинонтæм, фæстаг фыстæджы фыста, зæгъгæ, тагъд æрцæудзæн хæдзармæ.

1938 азы сентябры йæм æнхъæлмæ кастысты хæдзары, фæлæ та йæ æрцахстой, ома, цыдæр хæццæ кодта хыссæйыл, стæй ма лыгъд кæй уыд, уый дæр ын рабæрæг.

Йæ чызг Аннæйыл уæд цыд 13 азы. Уый Сталинмæ ныффыста фыстæг, зæгъгæ, мæ фыд аххосджын нæу, уый алы хатт дæр уыд Советон хицауады фарс æмæ куырдта, цæмæй йæ рауагътаиккой. Мæскуыйæ дзуаппы бæсты уыдон райстой фыстæг дард Хабаровскæй. Уым Мурзаган калдта хъæд, уый йын ноджы тынгдæр бандæвта йе ‘нæниздзинадыл.

– Мæ фыды мын 1940 азы кæй ссæрибар кодтой, уый мах зонгæ дæр нæ бакодтам, – зæгъы Аннæ. Хабаровскæй уый ацыд Таджикистанмæ йæ хæстæджытæм, зæгъгæ, уым схос кæндзынæн мæхицæн æмæ стæй мæ бинонтæм æнæнизæй æрцæудзынæн, фæлæ та йыл йæ хъысмæт зыгъуыммæ рахæтыд. Нæ хæстæджытæ нæм фехъусын кодтой, нæ фыд кæй амард, уый.

Афтæ рауад ирон хъæбатыр лæппуйæн йæ хъысмæт.

Æрмæгыл бакуыста

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.