22-æм мартæй 29-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 210 фæткхалæн цауы. Уыдонæй æвддæс уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ленингоры районы Абреуы хъæумæ æввахс, милицийы кусджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ фæндаджы былыл ссардтой æхсæнгарзы нæмгуыты къопп, кæцыйы мидæг уыд 400 нæмыгæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма горæт Къуайсайы 63-аздзыд цæрæг милицийы хайадмæ бахаста автоматы нæмгуытæ 60 бæрц. Знауыры районы Иончайы хъæумæ æввахс та фæндаджы былыл ссардæуыд гранат «Ф-1» æмæ йæ сапертæ рахастой æдас ранмæ. Экспертон-криминалистон экспертизæ рацæуыны фæстæ ацы нæмгуытæ æмæ гранат куынæг æрцæудзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.