21-æм декабрæй 28-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд æртæ  фыдракæнды æмæ дзы дыууæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фæндагонтранспортон цау. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахауд иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 255 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

23 декабры горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Октябры уынгыл æнæзонгæ адæймаг æхсæнгарзæй фехста хисæрмагонд хæдзар. Слестгæнæн-оперативон къорд бынаты ссардта пистолет «Макаровы» 5 гилдзы. Оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ ахст æрцыд фыдгæнæг. Уый та разынд горæттаг 26-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл æмæ йæ æхсæнгарз барвæндонæй радта милицийы кусджытæм. Ацы æмбæстагыл ма раздæр дæр конд уыд уголовон хъуыддаг æмæ йæ цалдæр хатты та фæивар кодтой наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй.

23 декабры милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой Дзауы районы Итраписы хъæуы 21-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ». Басгæрсты рæстæджы ма йæм ссардтой, дымгæ кæцы тамако нæ кæнынц, ахæм тамакойы хуыз 6 къоппы бæрц. Дзауы районы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 28 мин сомы. Уымæй уæлдай ма æнæзакъонæй наркотикон буарад «марихуанайæ» спайда кæныны тыххæй дыууæ горæттаг 20-аздзыд æмæ иу та Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы 18-аздзыд цæрджыты горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы. 29-аздзыд Цхинвалы цæрæг та медицинон басгæрстмæ нæ бакуымдта æмæ йæ тæрхондон фæивар кодта 10 мин сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.