16-ӕм мартӕй 23-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу  фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 185 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Цхинвал-Дзауы фæндаджы 3-æм километры горæттаг 24-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2109» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ  фæсвæд афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

Горæт Цхинвалы 48-аздзыд цæрæг Присы хъæуы фæндагыл цæугæйæ нæ сарæхст йæ автомашинæ «Mercedes» скъæрынмæ æмæ афæлдæхт фæсвæд. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, 50-аздзыд горæттаг цæрæг, алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.