5-ӕм августӕй 12-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй пайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой 2 адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 183 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 8 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 8 адӕймаджы.

Милицийы экономикон æдасдзинады управленийы кусджытæн сæ зæрдæ фехсайдта Дзауы поселочы 53-аздзыд æмæ 54-аздзыд цæрджытæм, кæцытæ кусынц Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ æнæзакъонæй ауæй кодтой 5 спецавтомашинæйы. Сæ æнæзакъонон архæйдтытæй ацы æмбæстæгтæ республикæйы бюджетæн разиан кодтой 800 мин соммæ ввахс.

Цхинвалы Октябры уынгӕй Чкаловы уынгмӕ азилӕны ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. Нӕ горӕты 25-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Lada Priora» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Mersedes-Benz E-420»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 34-аздзыд цæрæг. Автомашинæ «Lada Priora»-йы шофыр уæлæнгай цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

Дзауы районы Синагур-Карзманы фæнда-джы 1-æм километры Дзауы районы Карзманы хъæуы 24-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «НОNDА-FIT» скъæрын æмæ афæлдæхт фæсвæд. Шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы 20-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2109» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд бæласыл. Шофыр разынд нозтджын.

Дзау-Цхинвалы фæндаджы 1-æм километры. Цхинвалы 58-аздзыд цæрæджы автомашинæ «ВАЗ-21074»-йы бын бахауд Дзауы поселочы 7-аздзыд цæрæг. Сывæллон уæлæнгай цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.