3-ӕм июнӕй 10-æм июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дыууæ дæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар авари.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 204 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 5 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 10 адӕймаджы.

Милицийы наркотикон буарадты ӕрзылдыл контроль кӕныны кусджытӕ баурӕдтой Цхинвалы 31-аздзыд цӕрӕ-джы, кӕцы ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарадӕй.

Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы хисæрмагонд хæдзары срæмыгъта æрдзон газы баллон. Хæдзары хицау аирвæзт фыдбылызæй, фæлæ бæстыхайы æмбис бахъыгдард.

Цхинвалы районы Цъунары хъæуы 65-аздзыд цæрæг милицимæ бахаста танчы ныхмæ гранатæхсæн «РПГ-26». Куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæм ацы хæстон мигæнæн баззадис 2008 азæй æмæ йæ барвæндонæй радта, цæмæй уголовон бæрндзинад ма хæсса.

Дзау-Рукъы фæндаджы 23-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Горæт Дзæуджыхъæуы 33-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Приора» скъæрын, æмæ сæмбæлд бетонæй арæзт къулыл. Шофыр æмæ йæ бæлццон, Дзæуджыхъæуы 29-аздзыд цæрæг, уæлæнгай цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы Сомихæгты уынджы горæты 17-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Nissan Teana» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд фæсвæд лæууæг машинæйыл. Шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы Сталины уынджы горӕты 33-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Subaru» скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ разӕй цӕуӕг машинӕйыл, кӕцыйы шофыр та разынд нӕ горӕты 27-аздзыд цӕрӕг. Автомашинӕ «Subaru»-йы шофыр бамбӕхст. Милицийы кусджытӕ агурынц барсӕттӕджы. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.