20-ӕм апрелӕй 27-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыдис иу  фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фæндагон-транспортон цау.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 153 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрн-дзинадмӕ конд ӕрцыдысты 2 адӕймаджы.

23 апрелы горӕт Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы ссыгъд директоры кабинет. Бынатмӕ рӕстӕгыл ӕрбацыдысты зынгхуыссынгӕнӕн службӕйы кусджытӕ, фӕлӕ уӕддӕр кабинеты полӕй дыууӕ квадратон метры фæзуат басыгъд.

26-ӕм апрелы рынчындонмӕ бахауд горӕттаг 47-аздзыд цæрæг, кӕцы фӕхъӕстӕ ис газӕй. Дохтыртӕ йын медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг нал у.

Цхинвалы 30-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Toyota Avensis» скъæрынмæ. Фе-хæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ Сталины уынгыл цæугæйæ сæмбæлд уазæгдон «Ирыстон»-ы къулыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.