Горæты центры Национ музейы хæдфæстæ территорийыл сырæзт Мемориалон комплекс 1989-2008 азты хæсты фæмардуæвджытæн. Мемориалон комплекс аразынмæ бавнæлдтой ивгъуыд аз, йæ арæзтад хаст æрцыд Инвестрограммæмæ. Рахицæн ын æрцыд 63 милуан сомы. Проект ын сарæзта цæгатирыстойнаг фир-мæ «Преспектива». Ацы фирмæйæн хорз фæлтæрддзинад ис ахæм комплекстæ аразыны хъуыддаджы. Арæзтадон фирмæ «Грант Груаа», кæцы куыста ацы арæзтадыл, ацы бонты фехъусын кодта Мемориалон комплекс цæттæ кæй у æмæ куыддæр нæ горæты цы инфекцион низ ахæлиу, уый чысыл фæсабыр уа, афтæ гом æрцæудзæн цытджын уавæрты. Мемориалон комплексыл уыцы-иу рæстæг куыстой цалдæр скульпторы. Арæзт æрцыд бронзæйæ æмæ йыл фыст æрцыдысты, ирон-гуырдзиаг хæсты нæ адæмæй, афтæ ма уырыссаг салдаттæ æмæ фидауынгæнджыты ‘хсæнæй чи фæмард сты, уыдоны нæмттæ дæр. Объекты конструкцийæн йæ дæргъ у 6 метры æмæ 30 метры та йæ уæрх. Хæрзарæзт æрцыд йæ алфæмблай территори дæр.

Арæзтадон фирмæ «Грант Груаа»-йы директор Бердзенты Александр куыд зæ-гъы, афтæмæй объекты хъахъхъæд æр-цыдысты æппæт техникон нормæтæ дæр. Арæзтад кæд ныффæстиат графикмæ гæсгæ, уæддæр арæзт æрцыд гъæд-джынæй æмæ уыдзæн нæ горæты фæстаг рæстæг цы арæзтæдтæ æрцыд, уыдонæй фенддагдæр чи у, уыдонæй сæ иу.

«Мемориалон комплексы централон композици у æртæметрон æфсæддон фигурæ цирхъимæ, кæцы йæ сæр æркъул кодта зынгхуыст хъайтартæ цы фæйнæгыл фыст сты, уырдæм кæсгæйæ. Ам ма уыдзæн, Хъахъхъæнынады  фыццаг министр Хуыбылты Валери æмæ РХИ-йы Гарзджын тыхты фыццаг командир Джиоты Аланы бюстытæ дæр. Коронавирусы фæдыл санитарон-эпидемиологон уавæр кæд фадат радта, уæд мемориал бакæндзыстæм Хъайтардзинад æмæ адæмон иудзинады бон – 23 ноябры», – зæгъы Бердзенты Александр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.