Нæ республикæйы территорийыл тæссаг вирус кæй апарахат æмæ рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны, уды зиæнттæ дæр кæй цæуы, уый ныртæккæ у æгас республикæйы, алы бинонты сæйраг æмæ риссаг фарст. Хъуыдыйаг фесты кардзыд адæм æмæ хроникон рынчынтæ. Коронавирус фенын кодта, адæймагад нырма æдых кæй у вирусон инфекцийы ныхмæ, уый. Уый хынцгæйæ, адæймаджы бацæуы тас æмæ йæм сæвзæры катайдзинад. Æгас дунейы ацы проблемæ ссис ахсджиаг, кæцыйы ныхмæ адæм тох кæнынц иумиагæй. Кæрæдзи фарсмæ æрбалæууын хъæуы мах дæр, уымæн æмæ йæ рæстæг æмæ дуг æрдомдта. Æрæджы дæр ма вирус ис æви нæй, ууыл чи быцæу кодтой, уыдон дæр ныр æндæр цæстæй райдыдтой кæсын ацы сæвзæргæ уавæрмæ.

«Æппæт дæр æнæниздзинад бахъахъ-хъæнынæн, æппæт дæр коронавирусыл фæуæлахизы тыххæй!», – ахæм хъуыдыйыл лæуд сты ныртæккæ нæ республикæйы хицауад æмæ æхсæнад. Медицинон къабазы кусджыты уæхсчытыл та æрæнцад уæлдай уæз æмæ афтæмæй æнæмæнгхъæуæг æмæ удуæлдай æххуыс кæнынц рынчынтæн, кæцыты нымæц нырмадæр нæ къаддæр  кæны. Официалонæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ боны мидæг тагъд æххуысмæ ацæуынц сæ-дæмæ æввахс рынчынмæ. Абон коронавирусæй чи  фæрынчын, уыдонæн сæ нымæц ахызт иу минæй. Æнцондæртæй низ чи хæссы æмæ хæдзæртты чи хос кæнынц, уыцы рынчынты нымæц дæр къаддæр нæу. Уымæ гæсгæ уавæр ацы хъуыддаджы нырмадæр у карз æмæ хъæуы, цæмæй адæм æххæст кæной æнæмæнгхъæуæг санитарон домæнтæ æмæ сæхи бахизой.

Æрæджы волонтерон баиугæнд «Вместе» куы сырæзт, се ʻххуысы къух куы фæдаргъ кодтой нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центры медперсоналмæ æмæ сæ хорз архайды кой куы айхъуыст, уæд ма хицæн бархионты дæр бафæндыд рынчынтæн æмæ сæм чи зилы, чи сын хос кæны, уыдонæн истæмæй баххуысс кæнын. Нæ горæты цæрджытæ, æрыгон лæппутæ Наниты Алан æмæ Дыгъуызты Вадимыл дæр тынг бандæвта ацы  уавæр. Уыдонæн дæр сæ зонгæтæй, сæ хæстæ-джытæй бирæтæ сты рынчынтæ æмæ сæ бафæндыд, ацы тыхст рæстæджы медперсоналы фарсмæ балæууын æмæ сын истæмæй баххуыс кæнын. Дыгъуызты Вадимæн ис дукани æмæ уавæры тыххæй куы ныхас кодтой, уæд дыууæ æмбалы аскъуыддзаг кодтой, цæмæй амалиуæггæнджытыл азилой æмæ сæ рынчынтæн æххуысæн ракурой хæлцадон продукттæ, дыргътæ æмæ æндæр хъæуæг продукци. Дыгъуызты лæппу фыццаг райдыдта йæ-хицæй, стæй азылдысты æндæртыл дæр æмæ сын сæ ныхасыл дыууæ ничи загъта. Алчидæр æмбаргæдзинад равдыста ацы хъуыддагмæ æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ баххуыс кодтой. Ацы къуыри лæппутæ æрæмбырд кодтой дзæвгар алыгъуызон продукттæ, фæхæццæ сæ кодтой нæ горæты бирæпрофилон медицинон центр æмæ Ленингоры районы рынчындонмæ. Лæппуты ацы хæрзиуæгон хъуыддаг фæцыдис, чи йæ базыдта, уыдон зæрдæмæ æмæ сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ.

«Махæн ацы хъуыддаг ничи бахæс кодта. Ме ‘мбалимæ куы фехъуыстам рынчынты æмæ медперсоналы уавæр, уæд нæ бафæндыд, мах дæр истæмæй куы баххуыс кодтаиккам нæ Ирыстоны адæмæн, уый æмæ нæм уæд ахæм хъуыды æрцыд. Чизоны стыр æххуыс нæу, фæлæ тыхст адæймæгтæн исты ахъаз фæуыдаиккой. Нæ горæты рынчындоны ис, хъæутæй кæй æрластой, кæнæ æххуысхъуаг чи сты, ахæмтæ æмæ сæм ацы уæззау рæстæджы чи хъуамæ кæса. Рынчын та рынчын у, хъæуы йæм алыварсонæй дæр фæкæсын, афтæ хæрдæй дæр æмæ уыцы фадат алкæмæн нæй. Мах азылдыстæм фæлхасгæнджытыл æмæ сын куы бамбарын кодтам нæ хъуыды, уæд ничи базивæг кодта. Иууылдæр сыгъдæг зæрдæйæ æмæ арфæтимæ се ххуысы хай бакодтой. Бирæтæ-иу нын æхца дæр лæвæрдтой, фæлæ мах тымбыл кодтам, рынчынтæм чи фæхæццæ уыдаид, ахæм хъæуæг продукци, цæмæй æлхæныныл рæстæг ма ацыдаид. Уый тыххæй сын зæгъæм стыр бузныг. Ме ‘мбал лæппу Вадим фыццаг йæхи дуканийæ рахаста алыгъуызон продукттæ æмæ уый фæстæ та иннæтыл азылдыстæм», – зæгъы Наниты Алан.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы хъуыддагыл не ‘рлæудзысты, фæлæ ма сæ фæнды, цæмæй бахъуыды рæстæджы дарддæр дæр æххуыс кæной æххуысхъуаг рынчынтæн. Рынчынтæн хæрзиуæгон хъуыддаг саразын ныридæгæн у стыр удыбæстæ. Уый рынчынтæн дæтты тых æмæ æхсызгондзинад. Ацы æрыгон лæппуты хæрзиуæгон хъуыддаг куыд сыгъдæг зæрдæйæ æмæ тагъдыл арæзт æрцыдис, афтæ рæхджы рынчынтæ се ‘ппæт дæр низæй цы ферох уой æмæ æнæниз æмæ хъæлдзæгæй цы сæмбæлой сæ хæдзæрттыл, уый сын Дунескæнæг Хуыцау зæгъæд!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.