Нæ горæты Карсанты Уасилы номыл медицинон ахуыргæнæндонæн бындур æвæрд æрцыд 1931 азы. Уæдæй нырмæ уый бацæттæ кодта мингай медицинон хотæ, фельдшертæ, акушертæ. Нæ медицинон уагдæтты кусæг медицинон хотæ æмæ дохтыртæй бирæтæн сæ фæндаг медицинæмæ райдыдта ацы ахуыргæнæндонæй.

Хистæр фæлтæр куыд зæгъынц, афтæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ацы медицинон ахуыргæнæндоны уыд эвагоспиталь. Ардæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты тохы быдыртæй ластой уæззау цæфты æмæ сын хос кодтой. Фæстæдæр хæст куы фæцис, уæд ацы хосгæнæндоны кусджытæн лæвæрд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджыты статус.

Кæддæр ацы ахуыргæнæндонмæ бацæуын кæй фæндыд, уыдоны нымæцы уыд бирæ. Иу бынатмæ 2-3 адæймаджы. Ныр сæ нымæц тынг фæкъаддæр. Скъолаты рауагъдонтæн сæ фылдæр бæрц сæ ных саразынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, чи лимиты фæрцы, чи та йæхи тыхтæй. Ам чи баззайы, уыдоны фылдæр хай та ахуыр кæнынмæ бацæуынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Стæй нæ цæрджыты нымæц дæр фæкъаддæр. Уыдæттæ, иумæйагæй сисгæйæ, мæгуырауæрдæм бандæвтой медицинон ахуыргæнæндоны абитуриентты нымæцыл.

Медицинон ахуыргæнæндонæн æрæджы нысан æрцыд ног директор, Чилæхсаты Людмилæ. Уый зæгъы, зæгъгæ, медицинон  ахуыргæнæндоны ис нывыл уавæртæ – ифтонг ахуыргæнæн кълæстæ, спортивон зал. Ахуыргæнæндонæн йæ фарсмæ ис æмдзæрæндон дæрддзæф хъæутæй æрцæугæ студенттæн, ис дзы хæрæндон, хинайæнтæ. Гæрзтæ æхсынæн та дзы ис сæрмагонд машинкæ. Студенттæ райсомæй практикæ рацæуынц рынчындоны, боны дыккаг æмбисы та райдайы ахуыры процесс.

Ныртæккæ медицинон ахуыргæнæндоны ахуырдзинад райсæн ис медицинон хо æмæ акушеры дæс-ныйады фæдыл. Ардæм  ахуыр кæнынмæ сæ бон бацæуын у абитуриенттæн 9 къласы бындурыл æнæххæст æмæ астæуккаг ахуырадимæ. Бацæуæн фæлварæнтæ дæттынц уырыссаг æвзаг æмæ биологийæ. Цалдæр азы размæ ахуыр-гæнæндоны уыд фельдшерон хайад дæр, фæлæ уый ныр æхгæд æрцыд.

Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг азты нæ республикæйы районты, уыдонимæ дæрддзæф хъæуты дæр, æдæппæтæй, байгом 47 фельдшерон-акушерон пункты. Уыдонæй 16 сты ног модулон. ФАП-тæ, кæцыты кусджытæ хъæууон уавæрты ивынц дохтырты æмæ сæ хæс у цæрджытæн фыццаг æххуыс бакæнын, хъуагдзинад ма хъуамæ æййафой медицинон кусджытæй.    Хъуагдзинад та æййафынц.

«Йæ фыццаг аххосаг у студентты чысыл нымæц. Фæстаг дыууæ азы ацы хайадмæ йæ гæххæттытæ ничи бадæтта. Факультет раздæр хуынд акушерон-фельдшерон. Ахуыры æмгъуыд дзы уыд æртæ аз æмæ фараст мæйы. Æвæццæгæн, абитуриенттæм уый бирæ фæкæсы æмæ уыцы хайад уымæн нæ равзарынц. Фæстаг цалдæр азы та нæм ахуыр кæнынмæ – сæйраджыдæр, цæуын райдыдтой хистæр кары адæм. Уы-донæн сæ фылдæр кусынц соматикон рынчындоны санитаркæтæй. Ныр сæм цæмæй дипломтæ уа, уый тыххæй ахуыр кæнынмæ æрбацæуынц махмæ», – зæгъы      ахуыргæнæндоны исæн къамисы сæрдар Манана Вовк.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сæ ахуыргæнæндон хорз ахъаз у, йæ цард медицинæимæ сбæттынмæ, дохтыры дæсныйад райсынмæ чи хъавы, уыдонæн. Æцæг раздæр куыд уыд, медицинон ахуыргæнæндон сырх дипломыл куы фæуай, уæд уæлдæр медицинон ахуыргæнæндонмæ æрмæстдæр иу фæлварæн раттын – афтæ ныртæккæ нал у. Фæлæ, зæгъгæ, уæддæр ивгъуыд аз æнæниздзинады министрады æххуысы руаджы нæ студенттæй сæ иу – Тæтæрбиты Омар ссис Ставрополы медицинон академийы студент. Бæгъиаты Кристинæйæн та самалчындæуыд лимит æмæ уый та ссис Ставрополы уæлдæр ахуыргæнæндоны студенткæ.

Манана Вовк ноджыдæр дæнцæгæн æрхаста рауагъдонтæй сæ иу Тыджыты Яникы, уый дæр дарддæр ацыд ахуыркæнынмæ Уæрæсейы æфсæддон-медицинон академимæ. Уырдыгæй, дам, арæх æрыхъуысынц йе ‘нтыстытæ. Зæгъы, зæгъгæ, Цхинвалы медицинон ахуыр-гæнæндоны рауагъдонтыл арæх фембæлæн ис Цæгат Ирыстоны рынчындæтты. Бирæтæ дарддæр ацыдысты медицинæйы хаххыл æмæ абон сты хуыздæр дохтырты нымæцы. Зæгъæм, кордиолог Гæджиты Константин, хирург Медойты Вадим æмæ бирæ æндæртæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.