Ацы аз 25 азы сæххæст ХИПУ-йы журналистикæйы факультетыл. 25 азы чысыл у. Фæлæ уал азмæ факультет йæхицæн скодта стыр ном. Уыцы рæстæгмæ рауагъта 350-йæ фылдæр журналисты. Ирыстоны “цыппæрæм хицауад” сæ бæрæгбон сбастой фыццаг ирон газеты рацыдимæ. Мадæлон æвзагыл фыццаг газет “Ирон газет” рацыд 1906 азы 23 июлы.

Хъодалаты Хансиат у ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, факультеты фыццаг ахуыргæнджытæй сæ иу, РХИ-йы сгуыхт журналист æмæ журнал «Русское слово»-йы редактор.

“Цæмæн нæ бахъуыд ацы факультет бакæныны сæр? Уæ зæрдыл ма æрлæууæд, XX æнусы 80-æм азты кӕрон гуырдзиаг-ирон хæст куыд райдыдта, уый – гуырдзиаг дзыллон информацийы фæрæзты идеологон тох æмæ пропагандæйæ. Журналистикæ уæд ссис фронты раззаг хахх. Кæй ранымадтон, уыцы адæм хорз æмбæрстой журналистон дзырды тых æмæ нысаниуæг. Æмæ, цардимæ æмдзу кæнгæйæ æмæ царды домæнтæ хынцгæйæ, райстой раст уынаффæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультет бакæныны фæдыл, – зæгъы кафедрæйы гæс. Бындур та йын æрæвæрдтой РХИ-йы фыццаг Президент Цыбырты Людвиг, ХИПУ-йы уæды ректор Джиоты Георги, профессортæ Медойты Боболкæ, Битарты Зойæ, Плиты Гацыр æмæ Хуыгаты Илья”.

Журналистикæ, фылдæрбæрцæй, у ахæм сфæлдыстадон дæсныйад, кæ-цыйæн сæрмагондæй равзарæн нæй. Гæнæн ис, иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуай журналистикæйы факультет, фæлæ æцæг журналист ма суай. Сфæл-дыстадон дæсныйады фæдыл куы цæ-уай, уæд дæм хъуамæ уа бæрæг      æвзыгъддзинад равзаргæ фæдыздæхты.

“Нæ факультет, университет, иумиагæй, æмбаст сты нæ цардимæ. Уымæ гæсгæ нæ ахуыры гъæд æмæ æмвæзад дæр рæстæгæй-рæстæгмæ ивтой æмæ ивынц. Зæгъæм, 2008 азы хæсты фæстæ нæ уæлдæр ахуырад уæлдай тынгдæр фæцудыдта – æмæ уымæн ис бамбарæн. Уавæр ивы. Хуссар Ирыстон размæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны. Рæзы.  Цардуаджы алы къабæзты дæр стыр ивддзинæдтæ цæуы хуыздæрæрдæм. Уый нæ, фæлæ ма хæдбар паддзахад цæттæ у иннæ регионтимæ æмæ бæстæтимæ æмгуыстадмæ. Фембæлдтыты рæстæджы нæ ректор Тедеты Вадим баныхас кæны бæлвырд хъуыддæгтыл. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны газеттæ сæхимæ практикæмæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты студентты. Ахæм хуызы студенттæ дæр кусдзысты сæ фæлтæрддзинадыл, мыхуыры фæрæзтæ та сæ кæсджыты зонгæ кæндзысты дыууæ республикæйы цаутимæ”, – загъта Хъодалаты Хансиат.

Нæ университеты журналистикæйы фадыджы ис бæрзондквалификациджын  кадртæ. Уыдонæн ацы бынат у сæхи хæдзары хуызæн. Студенттæн амонынц фыццаг къахдзæфтæ фидæны царды фæндагмæ. Ис нын, нæхи типографы кæй мыхуыр кæнæм, ахæм хуызджын газет, байгом нæм видеостуди, ис нын нæхи сайт дæр. Æмæ дзы алы ран дæр активон хайад исынц журналистикæйы факультеты студенттæ.

“Нæ сомбоны журналисттæн æппæт уавæртæ дæр æрцыдысты арæзт, цæмæй се ‘хсæн нывыл цæуа ахуыр-хъомыладон куыст. Ахуыры хъуыддаджы адон æнæмæнгхъæуæг сты, уымæн æмæ ахуыргæнæг æмæ студент лекцийы рæстæджы хъуамæ пайда кæной алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Нæ университеты разамынад, Тедеты Вадимы сæргълæудæй, æппæт дæр аразы, цæмæй се ‘рвылбонон цард уа цымыдисон, фидæны та сæ аккаг адæймæгтæ рауайа. Хъомылгæнджытæ æмбарынц, сæ разы цы стыр хæстæ æвæрд ис, уый, сомбоны фæлтæр цавæр уыдзæн, уый уыдонæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ архайынц студенттæн уавæртæ саразыныл”, – зæгъы  журналистикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Джиоты Аллæ. Факультеты ахуыр-гæнджытæн фидар зонадон бастдзинæдтæ ис æндæр бæстæты Ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонд-дæр кæныны институттимæ, журналистикæйы фадыджы ахуыргæнджытимæ æмæ дзыллон информацийы фæ-рæзты минæвæрттимæ.

Нæ фæсивæд журналисты дæсныйад райсынмæ цæуынц æхсызгонæй. Фæнды сæ мыхуырон дзырды æмæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у уый, æмæ журналистикæйы факультеты студенттæй бирæтæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын кæй райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газеты редакциты.

Хуссар Ирыстоны журналисттæ ссæдз азæй фылдæр уыдысты хæстон уацхæсджытæ. Цыппæрæм хицауад суæвынæн та, æцæгæйдæр, лæгдзинад хъæуы, æмæ ам та журналистты профессионалондзинадæн стыр нысаниуæг ис.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.