Нæ рагон-нырыккон дуджы, уартæ нæхицæн паддзахадон хæдбардзинад куы расидтыстæм, Гырдзыстоны уæззау æфсондз нæ æвдæрзт бæрзæйæ куы аппæрстам, уæдæй фæстæмæ нæ разы цы бирæнымæц национ проблемæтæ уыд, уыдоны æмрæнхъ кæддæриддæр нæ дзырды сæр уыдис, гуырдзы нын дыууынæм азы цы тугуарæн геноцид расидтысты, уымæн политикон аргъ скæныныл. Дзырдтам æй алы ран дæр, алы æмвæзадыл дæр, домдтам æй алы ранæй дæр, алы æмвæзадæй дæр. Сæйраджы йыл дзырд цыдис республикон мыхуыры фæрæзты.

Ныр… Иуæй-иу политикон тыхтæ ногæй йæ кой скодтой, раразмæ кодтой фæндон, цæмæй официалон æмвæзадыл бахатæм Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ, гуырдзы нын дыууынæм азы цы геноцид расидтысты, уый официалонæй банымайыны тыххæй.

Цы сын хъуамæ зæгъæм уый тыххæй бузныджы йедтæмæ?.. Кад æмæ сын цыт!..

Æрмæст кад æмæ цыты аккаг нæу иу хабар: ацы бонты социалон хызæгты фæзыны ахæм азымтæ нæ республикон информацион фæрæзты адресыл, цыма мах ницæмæ æрдардтам, уыцы арфæйаг фæндæттæ чи раразмæ кодта, уыдоны.

Цы саразæм, мæгуыры цæхæрадон, дам, дурæппарæн…

Уæд махæн дæр ис иу фарст раттыны бар: кæмæдæрты ахæм фæндон рæгъмæ рахæссыны хъæппæрис енырмæ цæмæннæ разынд? Цалынмæ Владимир Путин æнæхъæн дунейæн фехъусын кодта, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн дыууынæм азы цы хæст расидт, уый геноцид кæй хуыйны, уæдмæ цæмæннæ рахастой рæгъмæ уыцы фæндон?..

Дыууæ ныхасы уал Путины позицийы тыххæй:

Уый уыд, гуырдзиаг адæм цавæрдæр габунияйы дзыхæй се нусон гакк радон хатт куы равдыстой, уый æмрæстæджы, ома, йæ тæвдыл. Æнæхъæн дуне йæ улæфт бауромгæйæ нымдзаст Путинмæ – цы сын кæндзæн, ныббардзæн европæйаг хæрвы хъарм æмæ цинæй расыг гуырдзиæгтæн ахæм æфхæрд æви…

Уыдис алыгъуызон хъуыдытæ, фæлæ дзы бынат разынд æрмæстдæр иуæн, зондджындæр политикты хъуыды кæуыл æрынцад, уымæн, домбай æмæ мыстыты æмбисондæн. Домбаймæ, дам, мыстытæ бацыдысты æмæ йæм æрсидтысты æргом тохмæ. Домбай сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ницæмæ æрдардта. Уæд ын сырдтæй чидæр аивæй дзуры, зæгъгæ, худинаг у, ныр сырдтæ дам-дум кæндзысты, ома, домбай мыстытæй фæтарст…

– Уадз æмæ дам-дум кæной. Цæйнæфæлтау, æз мæ сæрмæ мыстытимæ тох кæнын бахастон, зæгъгæ, дзурой, фæлтау хъуыды кæнæд афтæ, цыма æз фæтарстæн мыстытæй…

Раст ахæм позици равдыста куырыхон æмæ дардмæуынæг Путин дæр. Уæдæ куыд бакодтаид – сæхиау сын фидистыл схæцыдаид, уый дæр сæ æнæуаг æлгъыст фæкодтаид? Бавдæлд æмæ сын домбайы ми бакодта, мыстытæ кæй сты, уый фенын кодта æнæхъæн дунейæн, бæлвырддæр зæгъгæйæ, бафидар кодта ирон æмбисонды рæстдзинад: мыст, дам, къахта, къахта æмæ гæдыйы сæр ракъахта… Фæлæ, нæ амон-дæн, гуырдзиаг мыстытæ ацы хатт ракъахтой домбайы сæр. Ныры онг сæ сæрыл гæрæхтæ чи кодта, сæ уыцы ныгуылæйнаг сæрхъызойтæ дæр, сæхийау, арф катæйттыл фесты: ныр ма цы кæной, куыд кæной дарддæр…Уæрæсейы оккупант хонын сын нырмæ æнцондæр уыд, нырмæ æнцондæрæй сайдтой сæ адæмы, кавказы истори рæстмæ чи нæ зоны, уыцы, европæйаг бæс-тæты цæрæг хуымæтæг адæмы. Уыдон та, куыдфæнды сын хæццæ кæной сæ уынынад æмæ сæ хъуыдыкæнынад, уæддæр европæйаг хуымæтæг адæмæн Путин бирæ кадджындæр æмæ авторитетондæр лидер у сæхи лидертæй.

 Иугæр Путин загъта, Гуырдзыстон Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ нæ дæр историон бар дары, нæ дæр политикон, уæд, фæзындзæн историмæ лæмбынæгдæр æркæсын кæй бафæнда, ахæмтæ. Æмæ гуырдзы æмбарынц иу хабар: Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы истори, сæ æцæг истори агургæ у сæхи зо-надон куыстыты, сæхи ахуыргæндты иртасæнты…

Æмæ та схæццæ, сæмтъеры сты, бавнæлдтой кæрæдзи хъуынхъис хæрынмæ – оппозици азымджын кæны хицауиуæгады, хицауиуæгад – гуырдзиаг ахуыргæндты. Домынц аккаг дзуапп Путины «циникон» хатдзæгтæн, фæлæ кæм ссарой, сæхи ма цæмæй сраст кæной, ахæм дзуапп – «аба садари»?..

Æмæ уыцы æмтъеры хæццæдзинад махæн нæ къух кæй аразы, спайда кæнын дзы кæй хъæуы, æппæт уыдæттæ фæсфæд авæрд-там æмæ та нæхи ныздыхтам «æздæуæйлæгдæрдæны» хæ-цæнгарзыл…

Кæсут, уæ хорзæхæй, ис ахæм тыхтæ, кæцыты фæнды Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ нын нæ геноцидæн историон, политикон аргъ скæна, уый, фæлæ сын сæ хъæппæрис «æмбæхсынц» республикон паддзахадон информацион фæрæзтæ!..

Уыцы информацион фæрæзтæ, кæцытæ цыфæнды тугуарæн æмæ тæссагдæр бонты дæр сæ куыст никуы ныууагътой Ирыстон æмæ ирон адæмы рæстдзинад æгас дунейæн фехъусын кæныны сæраппонд.

Чизоны нын фаг у кæрæдзийы цæхæрадæттæм дуртæ æппарынæн, чизоны кæрон скæнын хъæуы ахæм ахастæн… Ирыстон амондджын уæд, Ирыстон знаджы фæндиаг макуы фæуæд, уыййедтæмæ кæйфæнды зонд æмæ архайды фæрцы уæд амондджын. Махæн нæ разы ис, æрмæстдæр, иу хæс: Ирыстон æмæ ирон адæмы хæрзæбонæй цæрын, Ирыстон æмæ ирон адæмы риссагæй риссын…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.