Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитриимæ. Æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг радзырдта Дард Скæсæнмæ йæ кусæгон балцы тыххæй.

«Фæсарæйнаг хъуыддæгты хаххы фæдыл уагъд цæуы егъау куыст. Сæйраджыдæр, нæ делегаци бабæрæг кодта Дардскæсæйнаг федералон округ, цыран æруынаффæ кодтам дыууæварсон бастдзинæдтæ срæвдз кæныны фарстатыл», – загъта Медойты Димитр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый размæ ист æрцыд фыстæг, ахæм фæндонимæ цæмæй горæт Цхинвалимæ æфсымæрдзинады фæдыл Сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфысой горæт Владивостокимæ.

«Уыцы нысанæн мах нæ къухтæ æрфыстам горæт Владивостокы къухдариуæгадимæ. Æрдзырдтам, цæмæй Сразыдзинадыл нæ къухтæ æрфыссæм, горæт Влдивостокæн бындур æвæрд куы æрцыд, ууыл 160 азы сæххæсты цытæн бæрæгбоны, кæцы нысан цæудзæн ацы аз июлы мæйы», – банысан кодта министр.

 «Мах дарддæр кæндзыстæм ацы архайд, уымæн æмæ уый махæн у приоритетон. Уый ахъаз кæндзæн æмархайды алыгъуызон фадгуытæ фæуæрæхдæр кæнынæн, уыцы нымæцы культурæйы, зонад æмæ гуманитарон бастдзинæдты фадыджы», – загъта министр.

Йæхи фарсæрдыгæй, Президент банысан кодта, зæгъгæ, разы у дарддæры интеграцийы  къахдзæфтæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у план саразын æмæ ацы здæхты æнгомæй кусын. Уыцы рæстæджы мах нæ разы цы фарстатæ æвæрæм дунеон банымады тыххæй, æнæмæнгхъæуæг у уыдон сæххæст кæнын æмæ алцыдæр саразын, цæмæй Хуссар Ирыстоны банымад дарддæр кæна», – загъта Бибылты Анатоли.

«Сæйраг у, цæмæй ацы куыст ма æрлæууа æмæ æмархайд уæрæхдæр кæна», – загъта Президент.

Уымæй уæлдай ма Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, 2020 аз Хуссар Ирыстоны кæй расидтæуыд 1920 аз Гуырдзыстоны фар-сæрдыгæй ирæтты ныхмæ геноциды амæттæгты рухс ном арыны азæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у егъау куыст бакæнын æмæ нæ рæстдзинад дунеон æхсæнады онг фæхæццæ кæнын, Ирыстоны 100 азы размæ цы æрцыд,  уый тыххæй, æнæмæнгхъæуæг у конкретон факттæ æрхæссын ирон адæмы геноцид сбæлвырд кæныны тыххæй», – загъта уый. Йæ рады, Медойты Димитр ныфс бавæрдта паддзахады сæргълæууæгæн, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ацы здæхты фæдыл активонæй кæй кусы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.