Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы 8-æм номыр. Ацы аз зындгонд поэт Уырымты Петкайы райгуырдыл æххæст кæны 90 азы. Журнал байгом йе ʻæмдзæвгæты цикл «Зарæг азæлд, суадæттау нæ кæмтты»-йæ.

Поэт, прозаик, æмæ публицистон уацмысты автор, тæлмацгæнæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Соттиты Риммæ йæ царды кæронмæ зæрдиаг лæггад кодта йæ адæмæн. Журналы ацы номыры мыхуыр æрцыдысты алы азты фыст æмдзæвгæтæ.

Прозæйæ журналкæсæг бакæсдзæн фыссæг Агънаты Гæстæны ног уацау «Хæрзгæнæг». Йæ роман «Зынгхуыст бæллицтæ»-йы æртыккаг чиныгыл дарддæр кусы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цомартаты Изæтбег. Чиныгæй ист иу хай мыхуыр цæуы журналы ацы номыры.

Рубрикæ «Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад»-ы бын мыхуыр цæуы конкурсы уæлахиздзаутæй сæ иу – Хъайсынты Артуры новеллæ «Фæсмон».

Адыгейаг фыссæг классик Тембот Керашевы райгуырды 120 азы цытæн журналы 7-æм но-мыры мыхуыр æрцыд уацау «Рæгъаугæсы мастист». Ацы номыры рубрикæ «Ног тæлмацтæ» та мыхуыр кæны уацмысы кæронбæттæн хай. Уацау ирон æвзагмæ ратæлмац кодта ЦИПУ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Безаты Фаризæ.

Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бын журналкæсæг бакæсдзæн Гобозты Агуындæйы радзырд «Азæ».

«Алы адæмты хабæрттæ»-имæ нæ зонгæ кæны рубрикæ «Хæзнадон».

Мамиаты Таймураз йæ уацæй  «Ивгъуыд мысгæйæ, сомбоны рухсмæ»-йы журналкæсæджы зонгæ кæны, Куырттаты комы фæсивæдæй Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытимæ, сæ хъæбатырдзинад æвдисæг цаутимæ. Уац мыхуыр æрцыд рубрикæ «Публицистикæ»-йы бын.

Фыссæг æмæ драматург, Остъаты Аланы пьесæ «Фæстаг æвдисæн»-мæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры æвæрд æрцыд спектакль. Йæ режиссер Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Дзуццаты Тамерлан. Ацы пьесæйы тыххæй цæуы дзырд профессор Плиты Гацыры уац «Æвдудон Ирыстон»-ы. «Мах дуг»-ы равдыст» та нæ зонгæ кæны ацы спектаклæй ист къамти-мæ.

Рубрикæ «Сфæлдыстадон бынтæ»-йы бын мыхуыр æрцыд зындгонд ахуыргонд, фольклорист Бязырты Алыксандры уац «Нæртон нæмттæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг».

«Адæмон сфæлдыстад – адæмæн», зæгъгæ, мыхуыр кæны аргъау «Туджджын уæйыджы хъан, кæнæ зæронд лæг æмæ йæ зæронд усы фырт». Разныхас ын ныффыста филологон зонæдты доктор Сокаты Дианæ.

Журнал ма «Хъæлдзæг хабæрттæ»-йы бын мыхуыр кæны «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай».

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уаниты Аллæ йæ уацы «Аивадон-нывгæнæн мадзæлттæ Дзесты Куыдзæджы радзырдты», зæгъгæ, фыссы зындгонд ирон фыссæг Дзесты Куыдзæг йæ прозаикон уацмысты цавæр аивадон-нывгæнæн мадзæлттæй пайда кодта, уый тыххæй.

Поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисы уæнг Соттиты Риммæйы амæлæты фæдыл тæфæрфæс кæнынц журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.