Президент Бибылты Анатоли фембæлд хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытимæ. Фембæлды нысан уыд, Хуссар Ирыстоны территоримæ  æрбацæуæнтæ æмæ ацæуæнтæ кæй фæкъаддæр сты,  уый фæдыл сæвзæргæ уавæрыл.

Уыцы мадзæлттæ ист цæуынц, цæмæй республикæйы территоримæ коронавирусон инфекци Corvid-19-ы æрбаирвæзт минимуммæ æркондæуа.

«Стыр хъыгагæн, бирæтæ не ‘мбарынц вирусы тыххæй сæвзæр-гæ  уавæры серьезондзинад, æмæ  вирусы низæй цас адæймæгтæ амардысты, уый. Æз не ‘мбарын, уыцы низы тæссагдзинадыл чи не ‘ууæнды, уыдоны. Иуæй-иутæ хъуыды кæнынц, ома, вирус нæ иувæрсты ацæудзæн. Хуыцау зæ-гъæд, æмæ афтæ уа, фæлæ цæмæй нæ республикæйы терри-торимæ  ма ‘рбаивæрза, уый тых-хæй мах æппæт дæр хъуамæ ара-зæм», – загъта паддзахады сæргъ-лæууæг.

Фембæлды рæстæджы Бибыл-ты Анатоли амалиуæггæнджытæн бамбарын кодта, зæгъгæ,  рес-публикæйы къухдариуæгад ба-куыстой æмæ развæлгъау ист цæуынц мадзæлттæ Хуссар Ирыстоны территоримæ вирус ма æрбауадзыны тыххæй, афтæ ма хъус-дард аздæхта, сæвзæргæ уавæры сæраппонд цы зындзинæдтæ бавзæрстой æмæ сыл цы хæрдзтæ æрцыд, уый алчи дæр бавзæрста, æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы.

«Курæг уæ дæн, цæмæй æм-баргæ ахаст дарат, хи бахъахъ-хъæныны тыххæй цы мадзæлттæ ист æрцыд, уыдонмæ. Æппæт уыдæттæ ист цæуынц нæ адæмы хæрзиуæгæн. Алчи дæр быхсы материалон зиæнттæн, фæлæ уыйбæрц адæймæгты цард чи ахаста, уыцы низ тæссагдæр у», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый куыд банысан кодта, афтæ-мæй абоны бон республикæйы къухдариуæгад амалиуæггæн-джытæн аразы  алыгъуызон хатырон мадзæлттæ хъалон исыны фадыджы.

«Мах нæ амалиуæггæнджытæм сæрмагонд ахаст дарæм. Респуб-ликæйы къухдариуæгад æнтыстджынæй реализаци кæны чысыл æмæ астæуккаг бизнесментæн хатырон кредиттæ дæттыны программæ, гом æрцыд фондзпроцентон кредиты хахх. Фæкъаддæргонд мадзæлтты рæстæджы арендæйы аргъ ист нæ цæудзæн, паддзахадон исады балансыл уæвæг бæстыхæйтты цы  куыстуæттæ ис, уыдонæй. Мах цалдæр хуыз хъалоны аивтам сымах тыххæй. Сымахæн æххуысы тыххæй ист цæуынц уæ-лæмхас мадзæлттæ», – загъта Президент.

Амалиуæггæнджытæ Президенты бафарстой, карантины уæвгæйæ, хæлцадон æмæ æнæхæлцадон  товартæ ласыны тыххæй республикæйæ æддæмæ куы ацæуой, уый тыххæй.

Президент сын бамбарын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадæй æддæмæ чи  ацæуа, уыдонæй алчи дæр фæстæмæ æрыздæхгæйæ хъуамæ рацæуа дыууæкъуырион стационарон карантин.

Амалиуæггæнджыты цымыдис кодта, цардуагон лæггæдты фа-дыджы карантин кæд æрцæудзæн ист, уыцы фарст дæр.

Бибылты Анатоли сын фехъу-сын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цы мадзæлттæ райстой (арæнты æрæхгæнын, республикæмæ æрцæуджыты æдыгæй карантины мадзæлттæ хъахъхъæнын), уыдон æххæст куы цæуой, уæд цыбыр рæстæгмæ сисæн уыдзæн  карантинæн.

Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территоримæ коронавирусон инфекци Corvid-19-ы æрбаирвæзты цауы рæстæгмæ республикæйы къухдариуæгад сарæзта куысты план. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй сын бахъуыды рæстæджы Уæрæсейы Федерациимæ ис бадзырд уæлæмхас æххуысы тыххæй. «Уыцы æххуыс  райс-дзыстæм не стратегион партнерæй», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.