ИТАЛИЙЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ПРЕЗИДЕНТ СЕРДЖО МАТТАРЕЛЛАМÆ

Дæ бæрзонддзинад!

Стыр хъынцъымы æнкъарæнтимæ фехъуыстам Генуяйы стыр трагедийы тыххæй фыдуац, кæцыйы фæстиуæгæн æрцыд бирæнымæц уды зиæнттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады æмæ адæмы номæй мæсæллæй зæгъын фæмардуæвджыты хæстæджытæн æмæ æввахс адæмæн, цæфтæн та мæ фæнды, тагъд цы адзæбæх уой, уый фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбамæ

Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, йæ къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын мæсæллæйы ныхæстæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мысæн боны сæраппонд.

14 август  Республикæ Абхазы историйы у сæрмагонд бон. Уый у мысæн æмæ хъынцъым кæныны ахæм бон, мах сымахимæ иумæ нæ сæртæ куы æркъул кæнæм Абхазы уыцы хъæбатыр хъахъхъæнджыты раз, кæцытæ сæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы рæстæджы равдыстой, æмбал кæмæн нæй, ахæм хъайтардзинад æмæ æхсардзинад. Дæргъвæтин тугкалæн æмæ цардхалæг хæст байста бирæты удтæ, фехæлдта мингай адæймæгты хъысмæттæ. Абхазы адæм фæтых сты карз фæлварæнтыл, равдыс-той иумиагæй стыр хъайтардзинад, удвидардзинад.

Хуссар Ирыстоны зонынц, дзырд «хæст» цас рыст æмæ зиан хæссы, уый. Мах хъынцъым кæнæм, Абхазы сæрибардзинады сæрыл чи фæмард, уыдоны тыххæй, дих кæнæм сæ хиуæтты æмæ æввахс адæмы фыдох æмæ рыст. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстыр стæм хæстонты хъайтардзинадæй, кадимæ йæ хæс чи æххæст кодта. Апсныйы сæрибардзинады сæрыл сæ цард чи радта, уыцы хъайтарты, уыдонимæ Хуссар Ирыстоны бархион  æфсæддонты нæмттæ цæрдзысты  æнустæм.

Мæ цæст уарзы æфсымæрон абхазаг адæмæн амонд æмæ фæрныгад, Республикæ Абхазæн та – сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

***

Республикæ Абхазы Парламент-Адæмон Æмбырды Спикер Кварчия Валеримæ

Цытджын Валерий Ермейы фырт!

14 августы Абхазы адæм нысан кæнынц Абхазы ног историйы иууыл зæрдылдарæндæр бонтæй иу –  Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мы-сæн бон.

Ацы бон Абхазы мысынц, 1992-1993 азты Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, хъайтаронæй йæ райгуы-рæн зæхх чи хъахъхъæдта æмæ гуырдзиаг неонацизмы ныхмæ чи фæлæууыд сæ райгуырæн зæххыл цæрыны бары тыххæй, се ‘взаг, хæдбындурдзинад æмæ культурæ бахъахъхъæныны, сæрибар бæс-тæйы сывæллæтты хъомыл кæнын, уыдоны. Уый уыд тынг зын фæндаг. Абхаз бирæ лæппуттæ æмæ чыз-джыты фесæфта. Абоны бон ирон адæм æфсымæрон абхазаг адæмимæ иумæ мысынц æппæт уыдоны. Гуырдзиаг фашистты къухæй чи фæмард, уыдоны хъайтардзинад никуы ферох уыдзæн æмæ æнустæм цæрдзæн фæлтæрты зæрдæты.

Махæн тынг æхсызгон вæййы хæларадон Абхазы æнтыстытæ æмæ нæ ныфс ис, дарддæр дæр нæ дыууæварсон æмгуыстад кæй рæз-дзæн нæ адæмты хæрзиуæгæн.

Мæ цæст уарзы дæуæн æмæ æппæт æфсымæрон абхазаг адæ-мæн хорздзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар

Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты

Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.