КУЫСТЫТÆ ЦÆУЫНЦ ÆНÆКЪУЫЛЫМПЫЙÆ

Мыдыбындзытау æмызмæлд кæнынц уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадыл чи кусынц, уыцы кусджытæ. Ныртæккæ уым кусы 35 адæймаджы бæрц, уыдонæн сæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Арæзт фесты фыццаг уæладзыджы монолитон куыстытæ æмæ амайынц къултæ. Дыккаг уæладзыджы та арæзт цæуынц æфсæйнаг каркастæ. Кусджытæ дих сты æртæ бригадæйыл. Сæ иутæ кæнынц æфсæйнагæндадзæн куыстытæ, иннæтæ сты сисамайджытæ, аннæтæ та сты бетонкуыстгæнджытæ. Арæзтады прораб Цæкъоты Витали куыд зæгъы, афтæмæй кусджытæ фылдæрæй фылдæр кæндзысты. Фыццаг уæладзыджы куыддæр къултæ амад æрцæуой, афтæ сæ куыст райдайдзысты электриктæ. Уыдоны фæстæ та сæ куысты сæр æрлæудзысты къулсæрдджытæ. Афтæ кусдзысты æмæ кæрæдзи ивдзысты арæзтады домæнтæм гæсгæ. Хъæуæг техникæйæ сты ифтонг. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Финанскæнынады  дæр нæй къуылымпытæ. Рæстæгыл исынц кусджытæ сæ куыстмызд дæр.

 

СÆ КУЫСТ БИРÆ ФЕНЦОНДÆР УЫДЗÆН

Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы кусджытыл ацы бонты æрцыд стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн телеуынынады бæстыхайæн цы иухай ныппырх ис, уый арæзт æрцыд æппынфæстаг. Ныр журналисттæн фадат уыдзæн æмбæлон уагыл сфæлдыстадон куыст кæнынæн.

Телерадиокомпанийы директор Челехсаты Георги куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхайæн дарддæр афтæ уæвæн нал уыд. Азæй азмæ уый æдзæллагмæ цыд. Фæлæ йæхи ничи тыхсын кодта йæ саразыныл. Афтæмæй та телеуынынадæн уый у иууыл сæйрагдæр хай. Журналисттæ цы алæвæрдтыл кусынц, уыдон цæттæ цыдысты уым. Георги хорз æмбæрста ацы студийы нысаниуæг æмæ бахатыд нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын баххуыс кæна йæ арæзтадæн. Уымæн æмæ уыцы студийыл бирæбæрцæй баст у куысты гъæд. Президент та ацы хатт дæр йæ дзырды хицау разынд, бакодта сын финансон æххуыс æмæ хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст. Тæмæнтæ скалдтой къæлидор æмæ кусæн хатæнтæ. Ам арæзт æрцыдис дыууæ студи æмæ дыууæ та монтажгæнæн хатæнтæ. Æппæт бакæнгæ куыстытæм дæр йæ хъус дардта телеуынынады разамынад. Алцы дæр арæзт æрцыдис гъæдджынæй æмæ ныр йæ рæсугъддзинадæй, йæ аив арæзтæй зæрдæ райы. Уый та дзурæг у, кусджытæн бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзысты сæ фадæттæ, ууыл.

Æрæджы ма телеуынынады кусджытыл æрцыд ноджыдæр иу хæрзиуæгон хъуыддаг. Телеуынынады куыст рахызт нымæцонæвдыстмæ æмæ ныр бæрæг фенцондæр уыдзæн журналистты куыст, сæ алæвæрдтæ та гъæдджынæй хæццæ кæндзысты адæммæ. Уый тыххæй дзы журналисттæ баззадысты райгондæй æмæ йын зæгъынц стыр бузныг.

 

УЛÆФЫНМÆ – АБХАЗМÆ

Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæдæй æрвылаз дæр бирæтæ сæ сæрдыгон улæфт бонтæ арвитынц сæрдыгон лагерты. Ацы аз уæлдай фылдæр сывæллæттæ баулæфыдысты, куыд нæ республикæйы, афтæ уымæн æддейæ æндæр æмæ æндæр рæтты.

Ацы бонты та хуссарирыстойнаг сабитæ баулæфдзысты, Абхазы цы хæстон-спортивон лагер ис, уым.

РХИ-йы Ахуырады министрады хъомылад æмæ уæлæмхас ахуыры хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæ куыд зæгъы, афтæмæй аивгъуыйгæ азы дæр улæфыдысты, уым. Уæд уыдысты 70 ахуыргæнинаджы бæрц, ацы аз та сты 30 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй 14 сты нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр скъолайы ахуыргæнинæгтæ, иннæтæ та сты кадетон скъолайы ахуырдзаутæ.

Æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ айста нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Зæгъын хъæуы уый æмæ ахуырады министрадмæ уый кæй здахы стыр хъусдард æмæ йын уый тыххæй зæгъын стыр бузныг», – загъта Джиоты Эльзæ.

РАДТОЙ ЙЫН НОГ ЦАЛЦÆГ ФАТЕРЫ ДÆГЪÆЛТÆ

Кæд 10 азы рацыд 2008 азы августы хæстæй, уæддæр кæронмæ нæма фесты арæзт, цы объекттæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон. Дæс азы дæргъы хъизæмайраджы цард кодта Джиоты Аланы проспекты 195-æм хæдзары цæрæг Бахъаты Геннади дæр. Зæрдæйæн хъыг у Геннади абоны  бон ахæм уавæрты кæй цард, уый. Уымæн æмæ йæ райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта æмæ афтæмæй дыккаг къорды инвалид чи ссис, уыцы хæстон лæппутæй сæ иу у. Хъуыддаг базыдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ йæ комкоммæ хæслæвæрдæй бавнæлдтой йæ фатер цалцæг кæнынмæ. Фыццаг хатт ацы фатер бахъыгдард 2004 азы, 2008-æм азы та бынтон ныппырх, басыгъд, уыд аварион уавæры. Тыхст хæдзары хицау. Йæхи бон æй нæ уыд сцалцæг кæнын æмæ уæдæй абонмæ хъаст кодта алы инстанцитæм, фæлæ йæ хъуыдыгæнæг нæ уыд. Ныр цалцæг æрцыд æмæ йын ацы бонты радтой йæ ног цалцæг фатеры дæгъæлтæ. Хæдзар арæзта арæзтадон организаци «Алфазар». Арæзтады къухдариуæггæнæг Хъотайты Рутен арфæ ракодта хæдзары хицауæн æмæ банысан кодта, нæ республикæйæн хæдбардзинад чи æрхастой, уыцы лæппутæ абон махæн кады аккаг кæй сты, уый.

Хæдзары хицау райгондæй баззад аразджытæй æмæ нæ республикæйы разамынадæй дæр. Уый хорз æмбæрста арæзтадон æрмæджытæ 9-æм уæладзыгмæ схæссыны тыххæй дæр кæй хъæуы стыр тых æмæ хъару. «Сæ куыст бакодтой гъæдджынæй æмæ сæ къухтæ фæрнæй фæдарæт, сæхи къуымты та сæ цард амондджынæй фæкæнæт», – раарфæ сын кодта уый.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.