Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта, Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзæртты цы лифттæ арæзт æрцыд, уыдон.

Харебаты Исахъы уынджы цы фарастуæладзыгон корпус ис, уым лифттæ 20 азæй фылдæр нæ куыстой. Уыдон ногтæй баивыны тыххæй паддзахад рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ Президенты Фæсауæрцон фондæй. Лифттæ саразыныл архайдта цæгатирыстойнаг специалистты бригадæ.

Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-эксплуатацион къамисы хистæр Хъуылымбегты Роберт загъта, зæгъгæ,  столицæйы бирæуæладзыгон хæдзæртты ног лифттæ саразыны куыст дарддæр дæр цæудзæн.

«Абоны бон Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзæртты кусынц 17 лифты. Мониторинг дарддæр цæуы, лифттæ ма цы хæдзæртты хъæуы раивын, уыдоны», – загъта Хъуылмбегты Роберт.

Арæзт лифттæ бабæрæг кæныны фæстæ Президент ныхас кодта ацы микрорайоны цæрджытимæ, кæцытæ хъаст кодтой сæ цуры уæвæг хæдзары аварион уавæры тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бирæуæладзыгон хæдзар бахъыгдард ис 2008 азы августы цауты рæстæджы.

Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта, мæйы кæронмæ специалисттæ кæй ауадздзысты,  хæдзар цæрынæн бæззы æви нæ, уый фæдыл экспертизæ.

«Кæд хæдзары цæрын не ‘взæрын кæна тасдзинад, уæд мах йæ цалцæг кæнынæн рахицæн кæндзыстæм æхцайы фæрæзтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Ацы хæдзарæн экспертизæ саразын уый бахæс кодта РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.