Дыууын азы дæргъы æдзухæй дæр хæстон уавæрты цардыстæм. Райдианы карздæр, æгъатырдæр уыд. Æхстой горæты, сыгътой хъæуты, сырдтой сын сæ цæрджыты,  калд ирон лæджы туг… Фæстæдæр нæм æрцыдысты фидауынгæнджытæ, æрбалæууыд сабыр рæстæг, кæд ацæуæнтæ æмæ æрцæуæнтæ æдæрсгæ нæ уыд, кæд-иу сæ къухмæ бахаугæйæ, нæ ауæрстой ирон лæджы æфхæрыныл, марыныл, уæддæр.

2008 азы августы та уавæр фæкарздæр. Æмæ, мæнæ 7 августы изæрæй  телеуынынады ралæууыд Саакашвили. Уый хæстмæ нæ сидт æртхъирæн нæ кодта. Сидт сабырадмæ, фидыдадмæ. Æмæ йыл ацу æмæ ма баууæнд! Æхцонæй сулæфыдыстæм. Уый ахаста… бæрцæй цалдæр сахаты, стæй… Æвиппайды гуыбар-гуыбур. Афтæ ма ныннæры арв, фæлæ уый вæййы арвæрттывды фæстæ. Махыл та æнæнхъæлæджы ихуарæгау згъæлыдысты алыгъуызон снарядтæ, ракетæтæ, минæтæ, нæмгуытæ æмæ Саакашвилийы ныфсæвæрæн ныхæстæ…

 Фæндзæм уæладзыджы цардыстæм. Фынæй нæма кодтам. Уадид фæсæццæ стæм – цы акодтаиккам, уый нæ зыдтам. Хæдзарæй ныккæндмæ лидзын кæй хъуыд, уыцы æмбарынад хъуыдымæ тагъд æрцыд æмæ уадид феттæдуар стæм æнæхъæн бинонтæй,  нæ æвзонг чызджы нæ фæстæ скъæфæгау кæнгæйæ. О, фæлæ… Хæдзарæн йе ‘ргом гуырдзыйы ‘рдæм у, асинтæ гомгæрццæй зынынц. Ныивæрздзыстæм æвыдæй ныккæндмæ? Равзарыны фадат дзы нæ уыд æмæ мады гуыбынау талынг чи уыд, уыцы асинтыл лыгъдыстæм бынмæ.

Хæдзары ныккæнды – чысыл ныккæндтæ, сæ нæрæг дуæрттимæ. Алы цæрæгæн – йæхицæн. Зымæгмæ цы æрцæттæ кæнынц, компотæй, консервæй, нозтæй – уым сæ фефснайынц. Æртæ бахизæны сæм ис. Нæ ныккæнд фондз æндæр ныккæндимæ æдасдæр ран уыдысты æмæ нæ ныххызтмæ сæрибар бынат сыхæгтæй айдзаг. Кæрæдзимæ тарстгъуызæй кæсынц. Ам, чысыл фезмæлæн бынаты стыгуыр сты, сыхæгтæй ацы æнагъæддаджы æхстытæ сæ фатерты кæй æрææййæфтой, уыдон иууылдæр – зæронд, рынчын адæймагæй сывæллоны онг. Мах ма  сæ æртæйæ фæфылдæр кодтам…

Ныккæндты хицæуттæй сæ дæгъæлтæ сæ дзыппыты кæмæн фесты, уыдон сæ дуæрттæ байгом кодтой æмæ нæ бынат фæуæрæхдæр. Нæ амондæн дæгъæлтæ мæ дзыппы уыдысты мæнæн дæр æмæ бакодтон мæ ныккæнды дуар. Стæй æрмæст уый нæ – сыхæгтæй сæ иуыныккæнды дуары дæгъæл дæр мæнмæ уыд (ам нал цардысты æмæ нæм æй рæстæгмæ дзы пайда кæныны тыххæй авæрдтой) æмæ уый дуар дæр байгом кодтон. Дыууæ ныккæнды дæр мидæгæй, рæбынæй кæй уыдысты æмæ сæ æдасдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ айдзаг сты адæмæй. Тынгдæр чи тарстысты, уыдон æдасдæр бынат агуырдтой. Мах, нæ бинонтæ фæстæдæр кæй æрбалыгъдыстæм ныккæндмæ, уымæ гæсгæ нæ ныккæндмæ дæрддзæфдæр уыдыстæм, хæдзармæ бахизæн дуары ‘рдыгæй аззадыстæм. Фæлæ адæм кæрæдзийы ‘хсæнты рацу-бацу кодтой æмæ æз дæр кæддæр-кæддæр баивæрзтæн мæ чызгимæ мæ ныккæндмæ.

Чи ныддаргъ сты, уыцы æртæ боны нæ хæдзары ныккæнд ссис нæ иумæйаг хæдзар, дуар, къæсæр кæмæн нæ уыд, ахæм хæдзар. Уымæн æмæ уыдыстæм иумæ, иу уыд нæ уавæр, иу уæлдæфæй улæфыдыстæм, нæ сагъæс, нæ катай нæ уавæрыл уыд, æппынфæстаг нæ цæхх, нæ къæбæр иу уыд. Фæлæ ма уыимæ алы бинонтæн  дæр уыд сæхи мæтаг æмæ сын уый ноджы зындæр кодта сæ уавæр. Кæмæн йæ хъæбул нæ уыд йæ фарсмæ, кæмæн йæ ныййарæг, йæ ныфс æмæ цы уавæры сты, уымæн ницы зыдтой. Стæй æнæрлæугæ æхстытæм хъусгæйæ, бирæтæн се уонг мард, сæ ныфс саст. Сæхицæн, сæ сывæллæттæн тынгдæр чи тарстысты, уыдон рæбынырдыгæй æрбынат кодтой. Бадыныл ма чи дзырдта, иу стæмтæй дарддæр иууылдæр лæууыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты… кæд æрцæудзæн Уæрæсейы æфсад, уымæ. «Фæхæццæ кæнынц Цхинвалмæ», «Фæндагыл сты», «Зарыныл рацæуынц» – ахæм æмæ æндæр ныфсдæттаг хабæрттæ хъуыстой «æддаг дунейæ» сæ мобилон телефонты руаджы æмæ иу æй стыр æхсызгонæй фехъусын кодтой иннæтæн. Фæлæ рæстæг цыд, æфсад зынæг та нæ уыдис.

– Мамæ, амæлдзыстæм! – Йæ мады хъуырыл æрцауындзæг вæййы æвзонг чызг Фатимæ æмæ нырдиаг кæны. мад дæр æй кæугæйæ сабыр кæны, ма тæрс, зæгъгæ. Ныфсджындæр разынд йæ кæстæр хо æмæ сæм хылæгау кæны, æрсабыр ут, зæгъгæ. Иууыл тынгдæр Фатимæ æмæ мæ чызг Заринæ тарстысты. Зæгъгæ-иу æхстытæ уæлдай тыхджындæр сытынг сты, уæд-иу сæ кæуын нал урæдтой. Ме ‘ннæ чызг Аллæ Цæгат Ирыстоны уыд. Æнхъæлцау уыд æмæ йæ уырдæм арвыстам. Æмæ нæ иннæрдыгæй та уый баййардта. Йæ цардæмбал йе ‘фсымæримæ Къусреты посты лæууыдысты æмæ йын телефон нал иста. Æз æй сабыр кодтон, зæгъын нæм рухс нал ис æмæ, æвæццæгæн, йæ телефоны батарея сбадт. Мæнæн дæр дзуапп нал лæвæрдта æмæ адæймаг катайы ныххауд. «Æвæццæгæн ыл исты æрцыд æмæ мын æй нæ хъæр кæнут», – иу ахæмы та радзырдта Аллæ. Цы бæрæг ныхас ын загътаин, мæхæдæг дæр ын куы ницы зыдтон, уæд. Æмæ та алцыдæр телефоны аххос фæкодтон. Æмæ, æцæгæйдæр, бирæтæн нал куыстой, кæдæм сæ баиу кодтаиккой, уый нæ уыд.

Иу ахæмы райхъуыст тыхджын гуыпп. Ныккæнд рыгæй байдзаг. Кæрæдзийы нал ауыдтам. Цы ‘рцыд, уымæн ницы бамбæрстам. Бамбæрстам æй фæстæдæр. Хæдзары фыццаг уæладзыджы Дзабиты Хасаны фатеры къулы снаряд ахызт, æгас фатеры къулты арæдывта æмæ ныссагъд асинтæн иннæ фарсæрдыгæй.

Фæстæдæр, уый та иннæ бон уыдис, райхъуыст ноджы тынгдæр гуыпп. Нынкъуыст хæдзар æгасæйдæр, стæй та ноджы – гуыпп. Старстыстæм, хæдзар ныл ныккæлдзæн, зæгъгæ. Цы æрцыд, уый куы æрбабон, уæд базыдтам. Цавæрдæр хæлæн æрмæг бахауд цыппæрæм уæладзыджы Наниты Тенгизы фатермæ æмæ йæ ныффæлгæрон кодта. Атыдта къуылы панелтæй æмæ зæххыл сæмбæлд.

Диссаг уыд нæ уавæр. Бадыс ныккæнды æмæ нæ зоныс, цы уавæры ис дæ сæрмæ дæ фатер. Кæд дын судзгæ кæны, уæддæр ницы зоныс, стæй куы зонай, уæддæр цы дæ бон у. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу боныгон, æхстытæ чысыл куы фæсабыр сты, уæд-иу чидæртæ уынгмæ рагæппытæ кодтой, сæ цæст иу ахастой корпусыл æмæ иу бахастой хорз хабар – зынгсивæрзты бæрджытæ дзы никæйы фатеры ис. Фæлæ уынгмæ рахизын дæр баст уыд цардæн тынг тасимæ. Цал æмæ иу сæ цал хатты басырдтой нæмгуытæ ныккæндмæ – уый та нысан кодта, сапертæ уынгты змæлджыты милмæ кæй истой.

Цæргæ та цæмæй кодтам, цы-иу акъæбæр кодтам? Сæрды æмбис уыд æмæ нæ ныккæндтæ, зæгъæн ис, ихсыд уыдысты. Æмæ ма сæ цы муртæ аззад, уыдон нын иумæйаг уыдысты. Стæй бынаг уæладзгуыты цæрджытæй дæр-иу, æхстытæ чысыл куы фæлæууыдысты, уæд иу слыгъдысты æмæ сæм продуктæй цы уыд, уыдон иу æрдавтой.

Афтæ, парафинæй цырæгъты рухсмæ махыл уæззаугай ивгъуыдта рæстæг.

Иу ахæмы телефонæй чидæр æрбадзырдта, вагзалы, дам, лæууынц автобустæ æмæ, дам, сывæллæтты ласынц Дзæуджыхъæумæ. Хæдзары æртæ бахизæны ныккæндты цы сывæллæттæ уыд, уыдоны арæвдз кодтой. Чысыл Верæ æнæ йæ дынджыр, фæлмæн куклæ нæ куымдта. Нæ йын æй уагътой, фæлæ йæ уæддæр ахаста йемæ. Æхсæвы талынджы сæ схизын кодтой, фæлæ цæй автобус æмæ цæй цыдæр. Фæстæмæ ныздæхтысты. Хорз уыд æмæ сæ никæуыл ницы æрцыд. Фæстæдæр дзырдтой, зæгъгæ, уый уыд провокаци.

Иу ахæмы та нæм ахæм хабар æрбайхъуыст, зæгъгæ, гуырдзыйы танктæ горæты цады онг æрбахæццæ сты. Æмæ уæд ноджы тынгдæр старстыстæм, уæлдайдæр та мах, сылгоймæгтæ. Иу стæмтæй дарддæр иууылдæр нæ сывæллæттæ нæ фарсмæ уыдысты. Кæмдæр нæ ныфс сæтгæ дæр акодта, Уырысы æфсад ма нæм æххуысмæ фæзына, уымæй. Мæлæт нæм æввахсæй æввахсдæр кодта – нæ хæдзар цадмæ хæрзхæстæг уыд…

Фæлæ та ацы информаци, ныр та нæ амондæн, раст нæ разынд.

Æртыккаг бон мах нæ бынат фæивтам. Хæдзары фыццаг бахизæны цæрæг Сиукъаты Роланд нæ абæрæг кодта æмæ нæ ахæм къуындæг уавæрты куы федта, уæд нæ ахуыдта сæ ныккæндтмæ. Нæ нын ракуымдта æрмæстдæр… нæ дзæгъæл куыдз. Æхстыты райдианы уый февзæрд нæ цуры æмæ цыма нæ хъомыл уыд, уыйау не ‘хсæнты фæндаг айгæрста рæбинаг ныккæндмæ æмæ уым дæр рæбынæй къуымы æрхуыссыд. Чидæртæ афæлвæрдтой йæ расурыныл, фæлæ уый читт дæр нæ фæкодта. Афтæ немæ цард, мах цæмæй цардыстæм, уымæй.

Нæ ног бынат уæрæхдæр æмæ сыгъдæгдæр разынд, æцæгæйдæр. Кæцыдæр цæрæг дзы цалдæр ныккæнды баиу кодта æмæ дзы залгонд рауад. Уыдис дзы даргъ фæйнæджытæй бандæттæ. Фæлæ, уæддæр ам дæр удæнцой кæм ссардтам – адæймаджы уд æнæвгъау æвзæрстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхстытæ, срæмыгъдтытæ. Хатт иу хъустыл ауад хæдтæхджыты æхситт-хъæлæба æмæ та-иу нæ уæд ныфс бацыд, уыдон уырыссæгтæ кæй уыдзысты, уымæй. Фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыдысты гуырдзыйы.

Нæ «фысымтæм» бирæ нал баззадыстæм. Æппынфæстаг нæм фехъусын чындæуыд, Уæрæсейы æфсад кæй хæстæг кæны Цхинвалмæ, гуырдзыйы æфсад та лидзинаг кæй фесты.

Иуæндæсæм августы райсомæй мах рахызтыстæм талынг ныккæндтæй рухс, райдзаст, сабыр арвы бынмæ. Цин кодтам сабыр царды райдианыл. Ахæм зæрдæйы уагимæ цъæл æвгты сæрты махæй алчидæр цыд йæ фатермæ. Алы ран дæр авджы цъæлтæ. Хæдзары раз дæр, асинтыл дæр, фатерты дæр. рудзгуытыл æвгæтæ нал баззад.

Æз дæр мæ чысыл бинонтимæ асинтыл цыдтæн фæндзæм уæладзыгмæ, мæ фатермæ. Фыццаг уæладзыджы асинтыл хъуыд, Хасаны фатеры къулæй цы бетоны згъæлæнтæ æркалд, уыдоны сæрты ахизын. Цыппæрæм уæладзыджы бакастытæсм Наниты Тенгизы фатермæ. Алцыдæр дзы схæццæ, сæмтъеры…

Мæнæ нæхи фатер. Дыууæхатæнон у. Хатæнтæ кæрæдзийыл ныхæст сты æмæ дзы дымгæ иу кæронæй иннæмæ сыффытт кæны, хъазы рудзынгæмбæрзæнтæй йæхицæн. Полтыл, куыд ма загътон, афтæмæй авджы цъæлтæ. Рудзгуытæй дарддæр нын ницы разиан кодта хæст, æрмæст ма автоматы цалдæр нæмыджы батахт лоджæмæ. Сæ иу залмæ ахизæн дуары ахызт æмæ фæрсæрдæм хуыссæгау скодта пианинойы фæстаг фарсыл. Абон дæр йæхицæн уым хуыссы.

Æвæстиатæй æрывнæлдтам нæ фатеры авджы цъæлтæй сыгъдæг кæнынмæ, лоджийы рудзгуыты целлофан, картонæй æмбæрзынмæ, цæмæй дзы æрбадæн, æрулæфæн уа.

Дарддæр та, цы æрцыд нæ горæтыл, уый фенын хъуыд. Цы федтам, уый æндæр дзуринаг у. Æниу ыл бирæ дзырдæуыд, бирæ фыстæуыд…

Фæцис нæ адæмæн 2008 азы æртæбонон тугкалæн хæст, дарддæр кодта Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны фæдыл фондзбонон операци.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.