Азтæ ивдзысты азты, фæлæ 2008 азы 8-æм августы нæ республикæйы цы трагикон цаутæ æрцыдысты, уыдон никуы ферох уыдзысты, уыцы бонтæн æвдисæн чи уыдис, стыр рис чи банкъардта, æппæт уыцы адæмæй. Уыцы адæймæгтæй сæ иу у йæ радтæг адæмы æцæг патриот, уæздан сылгоймаг Икъаты Владимиры чызг Мадинæ дæр. Уый хæстæй дарддæр бавзæрста ныййарæг мады зиан дæр, фæлæ лæгæмсæр сылгоймаг æппæтæн дæр бафæрæзта  Райгуырæн бæстæмæ йæ æгæрон уарзондзинады тыххæй. Мадинæйыл хæст æмæ йæ мады зиан куы æртæфстысты, уæд бавдæлд æмæ йæ фыды æмдзæвгæтыл ныффыста 28 зарæджы, кæцытæм нæ байхъусдзынæ æнæ цæссыгкалгæ. Уыдон сты райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады тыххæй. Мадинæмæ уыййас хъарутæ æмæ фердæхтдзинад разынд æмæ йæ дæлбаруæвæг æнæбюджетон куыстуаты нæ бауагъта фæцудын. Икъаты Мадинæ августы хæст куыд бахъуыды кодта, уыдоны тыххæй нын афтæ радзырдта:

– 2008 азы августы хæст нæ республикæйæн стыр зиан æрхаста. Мах не ‘ппæт дæр уæззау уавæры бахаудыстæм, фæлæ горæт ныууадзын æмæ искуыдæм фæлидзыныл хъуыды дæр нæ акодтон. Кæд фынддæс азы рацыд уыцы фондзбонон хæстæй, уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма знон æвзæрстам уыцы хъи-зæмæрттæ. Августы мæйы фыццаг бонты æхстытæ тынгæй-тынгдæр куы кодтой, уæд горæты адæм бамбæрстой, хъуыддаг хæстмæ кæй цæуы, уый. Алыгъуызон дам-думтæ цыдис горæты æмæ адæмы ‘хсæн сæвзæрд паникæ. 2-æм августæй сывæллæтты æмæ сылгоймæгты куыд райдыдтой ласын автобустыл, уый дæр уыдтам.  Уыцы рæстæджы уыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат æмæ сæвзæргæ уавæры тыххæй мæ коллегæтимæ фарст æвæрдтам, зæгъгæ, цы хабар у æмæ дарддæр цы кæнæм. 7-æм августы депутаттæн фембæлд уыд уæды президент Кокойты Эдуардимæ æмæ йæ комкоммæ бафарстам, зæгъгæ, нæм хæст уыдзæнис æви нæ. Уый нын конкретонæй ахæм ныхас нæ загъта, хæст кæй уыдзæнис, фæлæ нæхи цæстæй цы уыдтам, горæт æмæ хъæуты куыд æхстой, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг уыд, стæй йæ зæрдæ дæр хатыд, хорзæй нæм кæй ницы уыдзæнис. Уайтагъд æрбацыдтæн типографмæ, æртымбыл кодтон коллективы æмæ сын загътон, цæмæй сæ сывæллæтты, зæрæдты акæной æмæ сæ бахизой фыдбылызæй. Куыд полиграфион-кондадон баиугæнды директор, афтæ мæхицæн уыцы бар нæ лæвæрдтон, æмæ мæ кусджыты ма бафæдзæхстаин æмæ сæ кусын кодтаин, уый. Æз уыцы изæр Цæгат Ирыстонмæ арвыстон мæ сывæллоны, мæ мад æмæ ме ‘фсины. Мæхæдæг та ме ‘мкъаимæ баззадыстæм Цхинвалы. Куыд депутат, афтæ мæ хæсыл банымадтон, цæмæй мæ адæмимæ уон. Æгъатыр æмæ мæнгард знаг æрбабырста нырыккон хæстон техникæимæ сабыр Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй дзы «сыгъдæг быдыр» ацарæзтаиккой. Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ æнæауæрдгæйæ райдыдтой æхсын хæцæнгæрзты æппæт хуызтæй дæр, куыд хъæуты, афтæ горæты дæр.  Горæты ма чи баззад, уыцы адæм иууылдæр ныххызтыстæм ныккæндтæм æмæ уæззау уавæрты уыцы цалдæр боны æрвыстам.

Ныккæнды куы бадтæн, уæд мæ зæрдæ тынг æхсайдта мæ куыстмæ. Уымæн æмæ алы ‘рдыгæй дæр гуырдзиаг фашисттимæ карз тохы бацыдысты нæ лæппутæ æмæ уыдæттæ мах хъуыстам рациты руаджы. 9-æм августы Мæскуыйы уынджы, нæ куыстуаты цур рацæйцыдысты æртæ гуырдзиаг танчы æмæ сæ хæстонтæ куы спырх кодтой, уæд сæ хæйттæ алырдæмты тахтысты. Танчы радиатор æмæ æфсæйнаг хæйттæ ныппырх кодтой типографы агъуыст, бынæй цыдæриддæр уыд, уыдон иууылдæр уыдысты пырх æмæ хуынчъытæ. Типографмæ бахизæнтæ дæр нæ уыд.

Мæ хо уыдис Дзæуджыхъæуы æмæ сæ НТВ-йы каналы журналисттæ фарстой, зæгъгæ, уын Цхинвалы зонгæ кæнæ æввахс хиуæттæ никæмæн ис, куы сæм адзуриккат телефоны исты базоныны тыххæй. Куы мæм радзырдтой, уæд мын мæ хъæлæс хъæрæй сæвæрдтой, цæмæй фæзуаты цы адæм уыдис, уыдон дæр ныхæстæ хъуыстаиккой. Цыдæриддæр зыдтон, цы уавæры уыдыстæм, уыцы информаци дзырдтон телефоны. Стыр амондæн нын уыдис «движок» æмæ нæм æввахс чидæриддæр уыдис, уыдон иууылдæр сæ телефонтæ æмæ рацитæ зарядкæ кодтой уый руаджы. Цалынмæ-иу уыдон зарядкæ кодтой, уæдмæ уал-иу ныллыгъдыстæм ныккæндмæ, фæлæ гуыр-дзиæгтæ ног техникæйæ æххæст уыдысты æмæ-иу адæмы сбæрæг кодтой телефонтæм гæсгæ. 9-æм августы нын нæ корпусмæ нызгъæлстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æмæ нæ рудзынджы тæккæ бынты стыр снаряд æрбатахт сыхæгтæм. Ныппырх сын кодта сæ къуымтæ. Уæд æй бамбæрстам телефонты тыххæй у. Кæд тынг тæссаг уыдис, уæддæр-иу фатермæ слыгътæн, цæмæй-иу телефонты рахицæн кодтаин. Радон хатт та куы схызтæн телефонтæм, уæд мæ тæккæ сæрты ратахт нæмыг æмæ къулы нынныхстис. Абон дæр стыр дис кæнын, ахæм фыдбылызæй куыд аивæрзтæн, ууыл. Фæлæ уæддæр нæ ахицæн кодтам нæ «движок»-ы, цæмæй лæппутæн куыстаиккой сæ рацитæ æмæ нын бастдзинад уыдаид горæтимæ. Гуырдзиаг хотыхджын æфсад-иу горæтмæ кæдæмыты бацыдысты, куыд архайдтой, уыцы информаци-иу ныккæндты бадгæйæ базыдтам рациты фæрцы.

Иугæр гуырдзиаг фашисттæ уынгты апырхытæ сты, уæд нæм æрбайхъуыст ахæм хабар, зæгъгæ, ныккæндтæм æппарынц рæмудзæнтæ æмæ, дам, дзы чидæртæ фæмард. Æз ныккæнды дуары хæцæны цæхгæрмæ атъыстон белы хъæд. Уалынмæ мыл техникæйы хъæлæба ссыд, хуынкъæй акастæн æмæ уынын нæ разы гуырдзиаг танк гуырдзиаг тырысаимæ тæккæ дæр нæ кæрты разылдис æмæ цыдæртæ хъæр кодтой. Ацы ныв фенгæйæ, мæ хомæ адзырдтон æмæ йын сæ рахабар кодтон. Уæззау уавæр нæм кæй уыд, уый мæ мад не сфæрæзта Дзæуджыхъæумæ æмæ фæрынчын. Куы йæ фехъуыстон, уæд мæхицæн бынат нал ардтон. Ныййарæг мад адджын у æмæ дыккаг бон, 10-æм августы изæрырдæм афæнд кодтам ме ‘мкъайимæ Цæгат Ирыстонмæ ацæуын. Немæ афæнд кодтой нæ сыхæгтæ дæр, астæй кæрæдзи æккойтыл бадæгау бадтыстæм машинæйыл. Куы фæцæйцыдыстæм, уæд æхстыты бын бахаудтам, нæ машинæйы бакыл нæмыг сæмбæлд æмæ тæдзгæ-тæдзгæ куыддæртæй бахæццæ стæм «заготзерно»-йы къуылдымы онг. Машинæ бынтондæр ахуыссыд æмæ уæд фистæгæй араст стæм дарддæр нæ фæндагыл. Нæ амондæн, бак уыд æртагæй йедзаг, (хæсты размæ йæ кæронмæ байдзаг кодтам) æндæра сгуыпп кодтаиккам. Цалдæр километры куы рацыдыстæм, уæд нæ сæййæфта «газель», йæ шофыр уыд присаг æмæ нæ авæрдта. Дзæуджыхъæумæ ныфтыдыстæм, мæ мады абæрæг кодтон, нæ мæ уагътой фæстæмæ æрыздæхын, фæлæ сын ныфсытæ авæрдтон, зæгъгæ, Уæрæсейы æфсад горæты ис æмæ та уæм дыууæ боны фæстæ æрцæудзынæн. Типографы æнæмæнгæй кæй хъуамæ бабæрæг кæнон, уый сын фидарæй загътон æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм ме ‘мкъайимæ. Фæндагыл федтам 58-æм армийы æфсæддон техникæйы колоннæтæ æмæ уæд бирæ фæныфсджындæр дæн. Нæ машинæ кæм ныууагътам, уым ныв дæр нал уыд, нæ хæдзарыл рудзынг æмæ дуæрттæ нал баззад, афтæмæй йæ æрæййæфтам. Фæлæ адæймаг уæд уыдæттыл хъуыды дæр нæ кодта. Сæйраг уыд адæймаджы уд аирвæзтаид, уый. Типографы агъуысты æрбынат кодтой, æххуысмæ нæм чи ‘рцыд, уыцы æфсад æмæ нæ мидæмæ нæ уагътой. Фæдзырдтон Гаглойты Иринæмæ, цæмæй сын сæ хистæр-мæ фæдзырдтаид æмæ нын бар радтаиккой мидæмæ бахизын. 11-æм августы нын бантыст Гаглойты Иринæимæ типографмæ бахизын. Иу компьютер дæр дзы нал баййæфтон, нæдæр оргтехникæ, мыхуыргæнæн офсетон машинæйы ахорæны аппаратмæ та бахаудтой нæмгуытæ æмæ кусынæн нал сбæззыд. Æрмæст ма йæ бынаты баййæфтон иу егъау сканер, уымæн дæр йæ сæр йæ уæлæ нал уыд, афтæмæй. Куыстуат уыд змæст, документаци, чингуытæ зæххытыл калдæй. Ныр «Спутник» кæм кусынц, уыцы фарс иууылдæр уыд калд, танкты радиатортæ сыл сæмбæлдысты. Мæ кабинеты сæрмæ та ссардтон, чи не спырх, ахæм егъау снаряд. Мæ зæрдæ фæрыстис уыцы нывтæм кæсгæйæ, фæлæ мæхицæн ныфс авæрдтон, техникæ ссарæн кæй ис æмæ райдыдтон телефонæй мæ кусджытæм дзурын. Иууылдæр хорз кæй сты, уый куы базыдтон, уæд тынг фæцин кодтон. Фæстæдæр мын фехъусын кодтой мæ мад уæззау рынчын кæй фæцис, уый.

Хæст фæцис æмæ алырдæм хъуыдыйаг фæдæн, иуæй мæ мадыл мæ зæрдæ рыст, иннæмæй куыстуатыл хъуыды кодтон. Уæдмæ нæм Шойгу дæр æрцыд, æрластой гуманитарон æххуыс, уыдис дзы дизелон генератортæ, кæцытæ уыцы рæстæджы уыдысты тынг хъæуæг. Иу ма дзы баззад æмæ уыййас бакодтон, æмæ мын æй Шойгу радта. Уый фæстæ та æххуысы тыххæй райдыдтон дзурын мæ коллегæтæм æмæ ме ‘мбæлттæм Дзæуджыхъæумæ, Мæскуымæ, цæмæй мын, хæлд цы аппарат уыд, уый тагъддæр ссардтаиккой. Радзырдтон сын куыстуаты уавæр, цытæ нæ хъæуы, уый. Уыдон нын уайтагъддæр æрæрвыстой гуманитарон æххуыс. Райстам резограф, компьютер æнæхъæн комплектæй, уайтагъд сарæзтам офсетон машинæйы ахорæны аппарат дæр æмæ райдыдтам кусын. (Фæстæдæр æххуысы хуызы райстам хъæуæг ифтонггæрзтæ).

Хæсты фæстæ мах адæмæн фыццаг хатт газет рауагътам, кæд нæ рæдийын, уæд 21 æви 22 августы. Сæйраг у коллектив фæсхæст иууылдæр кæй рацыдысты куыстмæ æмæ ахæм æнæуавæрты адæмæн информаци кæй райдыдтой хъусын кæнын, адæмæн газет кæй рацыд, уый. Уый фæстæ мæ ныфс бацыд, зæгъгæ, чысыл фезмæлыдыстæм æмæ та кæд нæ куыст сæндидзид. Газет рауадзыны тыххæй иу къуыримæ, оперативонæй организацигонд æрцыд куыст. Ныр сæ дзурын æнцон у, фæлæ уæд адæймагмæ хæсты тасы фæстæ ахæм тыхтæ кæцæй цыд, уый диссаг у. Уырысы хотыхджын æфсад нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый мыл цыма базыртæ басагъта, афтæ уыдтæн. Уыцы иурæстæджы адæймаг цин дæр кодта, фæлæ хæст мæ зæрдæйы ныууагъта уæззау фæд, кæцыйæн ферохгæнæн нæй. Уæд фæзиан мæ мад. Гуырдзыстоны къухдариуæгад нæ «сыгъдæг быдыр» ацаразынмæ куыд хъавыдысты, уый ныббаринаг хъуыддаг нæу, ирон адæмыл цы трагеди æрцыд, уый нæ адæмæн æнцойад нæ дæтты, уымæн æмæ знаджы амæттæгтæ фесты бирæ цардбæллон удтæ, æнæаххос адæм. Ам цыдæриддæр адæм бахаудтой хæсты цæхæры, уыдон чысылæй-стырæй иууылдæр стæм хъайтартæ. Мах не ‘ппæт дæр бамбæрстам, Уæрæсейы Федераци ныр æппæт дæр кæй сараздзæнис, цæмæй Хуссар Ирыстоны уа сабыр цард. Нæ хæдбардзинад нын банымадтой 26-æм августы æмæ адæм цины цæссыгтимæ банысан кодтой стыр бæрæгбон. Уæрæсейы фæрцы абон цæрæм хæдбар Ирыстоны.

Бонтæ куыд цыдысты, афтæ цадæггай бавнæлдтой республикæйы сæндидзын кæнынмæ, арæзтадон фæзуат фестад æгасæй дæр. Иурæстæджы дзырд цыдис, цæмæй типографы райхалой æмæ йын йæ бынаты иу уæладзыгон бæстыхай саразой. Мах бацархайдтам, цæмæй куыд у, ахæмæй баззайа æмæ нын æй сцалцæг кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр нæ къухты тыхмитæй бафтыд. Куы нын æй райдыдтой цалцæг кæнын, уæд коллективимæ стыр тыхтæ бахардз кодтам, тынг зын нын уыдис, фæлæ нын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ быхстам æмæ алцæмæн дæр сфæрæзтам. Цæвиттон, цæмæй нæ ифтонггæрзтæ, 10 тоннæйы уæзæн машинæтæ цæмæй сæвæрдтаиккам, уый тыххæй-иу нæ бахъуыд къултæ хицæн рæтты фегом кæнын, рудзгуытæ сисын æмæ та сæ ногæй саразын. Цæмæй-иу сæ систаиккам, ахæм исæн крантæ дæр-иу нæ ардтам. Иухатт радон мыхуыргæнæн машинæ куы истам, уæд кранæн йæ стрела фæцæйцъæл кодта æмæ машинæ йæ мидбынат фæцудыдта, афтæ фæтарстæн шофырæн æмæ трос ацахстон æмæ йыл æрцауындзæг дæн æмæ мæ йемæ ахаста æдтæмæ, фæлæ йæ нæ феуæгъд кодтон æмæ мæ уайтагъд мæ къæхтæй ацахстой. Абон дæр ма йæ худæгæн æрымысæм. Раджы кæддæр кран не сфæрæзта мыхуыргæнæн машинæйы æмæ сын æрхаудта æмæ ныппырх. Уый фæстæ мах тынг арæхстгай фæисæм нæ ифтонггæрзты. Дыууæ азы мидæг сæвæрдтам нырыккон ифтонггæрзтæ æмæ ног технологитæм гæсгæ ныр нæ полиграфион-кондадон баиугæнд йæ куыст бæрзонд æмвæзадыл æххæст кæны.

Хæст куыддæр æрсабыр, афтæ нæм 14-æм августы æрцыдысты Уæрæсейы паддзахадон думæйы депутаттæ Сергей Миронов æмæ Константин Затулин, цæмæй сæхи цæстæй федтаиккой, хæст нын цас разиан кодта, фыццаг цавæр æххуыс хъæудзæн адæмы, стæй гуманитарон æххуыс куыд цæудзæнис æмæ куыд уæрст цæудзæн, уыдæтты тыххæй. Махæн, депутаттæн бахæс кодтой, цæмæй тыхст адæммæ фæкастаиккам. Гуманитарон æххуыс æрхæццæ æмæ æз куыд депутат, афтæ хæсджын уыдтæн, цæмæй мæ æвзарджытæн уыцы гуманитарон æххуысæй фæхæццæ кодтаин. Цхинвалы районы цыдæриддæр хъæутæ ис, уыдонæй алы хъæумæ дæр дыгай-æртыгай машинæтæ æххуыстæ фервыстон. Адæм-иу нын стыр бузныджы ныхæстæ дзырдтой, сæ фарсмæ кæй балæууыдыстæм æмæ сæм хъусдард кæй здæхтам, уый тыххæй. Бирæ хатт-иу мæхæдæг уæзтæхæссæгæй дæр æрлæууыдтæн, иу машинæйæ иннæмæ-иу æвдæлон кодтам гуманитарон æххуыс, уымæн æмæ адæм нæ фаг кодта, шофыртæ та уыдысты Дзæуджыхъæуæй æмæ-иу тагъд кодтой фæстæмæ. Афтæ бонтæ цыдысты æмæ фарн семæ хастой.

Ныр фынддæс азы æххæст кæны, Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, ууыл æмæ та йыл Хуссар Ирыстоны адæм сæмбæлдзысты стыр цины æнкъарæнтимæ. Бузныг, Стыр Уæрæсейæн, гуырдзиаг фашисттæй нæ кæй ссæрибар кодтой æмæ хæдбар паддзахады нæ цард кæй аразæм, уый тыххæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.