Ныртæккæ Уæрæсейы тынг райтынг сты хæрзаудæн фондтæ. Уыдон фæрцы бирæ низæфхæрд рæзгæ удтæ фæуæлахиз сты мæлæтыл. Мах æвдисæн стæм Уæрæсейы телеканалтæй фæдисы сидт куыд фæкæнынц æхсæнадмæ, цæмæй сæ телефонтæй хуымæтæг sms арвитыны фæрцы, рынчынтæм се ‘ххуысы къух фæдарой, æвæстиатæй аразын кæй хъæуы, ахæм зынаргъ операцитæн. Хæрзаудæн фонд «Подари жизнь», йæ саразæг УФ адæмон артисткæ Чулпан Хаматова бирæ рæзгæ удты байста сау мæлæты дзæмбытæй. Ацы фонд æвадат бинонтæн у æвдадзы хос.

Рынчынæй Хуыцау бахизæд! Фæлæ ма рынчынтæй дарддæр, хъыгагæн, нæ сывæллæттæй бирæтæ иу кæнæ иннæ аххосагмæ гæсгæ хъомыл кæнынц сидзæрдæтты æмæ интернатты. Ныртæккæ ахæм æхсæнадон уагдæттæ нæ республикæйы ис æртæ: Дзауы поселок æмæ Цхинвалы скъола-интернаттæ, Ленингоры сидзæрдон.

Декабры мæйы райдианæй Sputnik уадзы акци: Сабитæн сæ бон у сæрмагонд фыстæджы фæрцы Митын Дадамæ арвитой сæ ногазон фæндиæгтæ. Фыстæг æрæвæрынц кафе Vincenzo-йы цы назбæлас ис, уый бын. Уырдыгæй сабиты фыстæджытæ сисынц, сæ бæллиц сæххæст кæныны фæнд кæмæ ис, ахæм гоймæгтæ. Йæ фыстæджы саби цы бæллиц фыссы Митын дадамæ, уый æлхæд куы æрцæуы, уæд ногазон лæвар бахастæуы Sputnik-ы редакцимæ (Мæскуыйы уынг 5-æм хæдзар) кæнæ та йæ ныууадзæн ис кафейы ад-ми-нистрацийы дæр. Ногазон акци уагъд цæуы 20 декабрмæ. Си-дзæр сабитæ сæ лæвæрттæ райсдзысты, ногазон мадзæлттæ уагъд куы цæуой, уæд.

Информацион агентад Sputnik-ы пресс-службæйы нын куыд загътой, афтæмæй абоны бонмæ ахæм фыстæджытæ ныффыстой 60 сабийы бæрц. Уыдон иууылдæр ауыгъд сты кафе Vincenzo-йы назбæласыл.  «Абон назбæлас ноджы баххæст уыдзæн 8 открыткæйæ. Æрбарвыстой сæ Ленингоры сывæл-лæтты хæдзарæй», – зæгъынц информацион агентады пресс-службæйы.

Мах цымыдис кодтам, сабиты бæллицтæ иууыл хуыздæр чи æххæст кæны, уыдон нæмттæ базонынмæ. Уыдон сæйраджыдæр сты: Тыбылты Леонид, Бибылты Анатоли, Гассеты Ибрагим, Чилæхсаты Владимир.

«Дзауы скъола-интернатæй та райстам фыстæг, фысссы йæ 3-аг къласы ахуыргæнинаг Тедеты Альбинæйы æмкъласон. Уый Митын Дадамæ хаты, цæмæй чысыл Альбинæйæн балæвар кæна æнæниздзинад. Тедеты Альбинæ у серьезон рынчын, йæ уыргты ис катетор æвæрд. Ныртæккæ дæр чысыл Альбинæ ис хос кæнынмæ», – зæгъынц Sputnik-ы агентады.

Альбинæйы æмкъласон афтæ фыссы: «Митын Дада, кæд Альбинæйæн дæ бон нæу æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæнын, уæд та йын æрхæсс хъазæн арс». «Митын Дада» ныридæгæн æрбарвыста стыр хъазæн арс. Бирæтæ цымыдис кæнынц Тедеты Альбинæйы низы диагнозмæ. Уыдонæй иу Уæрæсейы æфсады службæгæнæг. Тедеты Альбинæйы тыххæй цымыдисдзинад равдыста Президенты цур социалон фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы хæрзаудæн акци аххæсдзæн 25 декабрмæ. Табуафси, кæй фæнды хæрзаудæн æххуыс бакæнын, уыдонмæ Vincenzo-йы æнхъæлмæ кæсы назбæлас.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.