15-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли традицимæ гæсгæ байгом кодта æрвылазон ногазон хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»-ы радон сезон. Мадзалы хайад райстой нæ горæты скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ сæ хъомылгæнджытимæ. Сывæллæттæ развæлгъау рæсугъдвæлыст ногазон фонтаны фарсмæ чысыл науты нывæрдтой сæ фыстæджытæ æмæ сæ ауагътой доны.

Нæ бæстæйы Ног азы размæ хорз традици ссис ацы хæрзаудæн проект, кæцы уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны паддзахадон телекомпани «Ир»-ы бæстыхайы. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы хæрзаудæн телепроект ныр арæзт цæуы цыппæрæм хатт æмæ йæ автор та у журналист Хъуылымбегты Еленæ. Финансон æххуыс та сын кæны Бибылты Анатоли. Проекты автор нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы хæрзаудæн акцийы нысан у, цæмæй нæ республикæйы интернатты сидзæр ахуыргæнинæгтæн, рынчын сывæллæттæн æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæн Ног азы размæ сæ зæрдæтæ барухс кæной, митын дадайæ цы æрдомдтой, уыцы бæллиццаг лæвæрттæй. «Ацы проект, æцæгæй дæр, цымыдисон проект у, арæзт цæуы цыппæрæм хатт. Нымадмæ гæсгæ хъуамæ фæндзæм хатт уыдаид, фæлæ йæ, хъыгагæн, ивгъуыд аз пандемийы аххосагмæ гæсгæ нал уагътам. Хайад дзы исынц нæ республикæйы скъола-интернаттæ, афтæ ма Ленингоры районы сидзæрдон. Номхыгъдмæ гæсгæ нæм фон-таны чысыл наутæ чи хъуамæ ауадза, уыцы сывæллæты нымæц у 320 бæрц. Ныридæ-гæн уал уыцы бæллицты наутæн уагъд æрцыдис се ‘мбис. Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сезонон гриппæй кæй фæрынчын сты, уымæ гæсгæ нырма не рцыдысты æмæ сæ наутæ нæ ауагътой доны, фæлæ нырма дзæвгар рæстæг ис æмæ сæ фæнд сæххæст кæндзысты. Махæн Ленингоры районимæ ис бастдзинад æмæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы бонты фæуазæг уыдзысты нæ «Бæллицты фонтанмæ». «Лæвæрттæ радтыны мадзал уагъд фæцæуы сывæллæттæн æнæнхъæлæджы. Сывæллон урокыл куы фæбады, уæд æм фæдзурынц æдтæмæ æмæ йын Митын дада арфæтимæ хъæлдзæгæй балæвар кæны, кæмæ фæбæллы, уыцы цымыдисон лæвар, афтæмæй æцæг бæрæгбон саразæм сывæллæттæн, тынг æхсызгон сын вæййы æмæ нæ басусæг кæнынц се стыр цины æнкъарæнтæ. Афтæмæй сæххæст вæййы сæ бæллицц. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн дæр вæййы тынг æхсызгон. 31-æм декабрмæ хъуамæ алкæмæндæр сæххæст уа йæ бæллицц. Телепроект сæрæй кæронмæ трансляци цæудзæнис 31 декабры. Те-лекæсджытæн равдисдзыстæм, сывæллæтты фарсмæ чи балæууыд æмæ сын сæ бæллицтæ чи сæххæст кодта, уыдонимæ ист кадртæ», – банысан кодта проекты автор.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй ногазон хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»-ы байгом кæныны мадзалы фыццаг хайад райста нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Президент сывæллæттæн байуæрста адджинæгтæ. Бибылты Анатоли ацы аз сæххæст кæндзæнис фондз сывæллоны бæллицц. Уый ногазон арфæтимæ «Бæллицты фонтан»-ы æрцахста фондз чысыл хиаразгæ науы, кæцыты фыст сты сывæллæтты бæллицтæ. Цæмæй афтæ мачи ахъуыды кæна, зæгъгæ, науты развæлгъау банысан кодтой, уый тыххæй Бибылты Анатоли уацхæссæг Томайты Иринæмæ бахатыд, цæмæй йын уый равзæрстаид фæндзæм науы æмæ йæ уæд æрцахста. Бибылты Анатоли иугай гом кодта фыстæджыты æмæ сæ фарста. Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинаг Гæззаты Андрей Митын Дадайæ домы, цæмæй йын æрхæсса хъазæн машинæ пультимæ. Ахæм хъазæн æмæ ма «человек-паук»-ы уæлæдарæсимæ æрдомдта Танделаты Аслан дæр. Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнинаг Цхуырбаты Дауыт та фыссы, зæгъгæ, хъæбысхæсты спортмæ кæй цæуы, уымæ гæсгæ бæллы, цæмæй йын спортивон дарæс «Россия» фыстимæ балæвар кæна Митын дада æмæ йын арфæ кæны ног азы бæрæгбоны сæраппонд. Интернаты хъомылгæнинæгтæ Чилæхсаты Зæринæ æмæ Жанна Ткаченко та фыссынц, кæй сæ хъæуы спортивон уæлæдарæс. Паддзахады къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй уыдонæн æввахс рæстæджы æххæст æрцæудзысты сæ бæллицтæ. «Ацы ногазон мадзал ссис традицион æмæ йын ис ахсджиаг нысаниуæг. Ахсджиаг у, куыд сывæллæттæн, афтæ уыцы хистæртæн дæр, кæцытæ æрбалæудзысты сæ фарсмæ æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кæндзысты. Ахæм хæрзиуæгон хъуыддаг мах, адæмы кæны хорзмæ, мах уæд фылдæр хъусдард аздахæм сывæллæтты проблемæтæм, адæймаг сæ æввахсдæр айсы йæ зæрдæмæ æмæ сын æнæмæнг хъæуы сæ бæллицтæ сæххæст кæнын. Ног азы къæсæрыл арфæ кæнын, цæмæй алкæмæн дæр ацы диссаджы бæрæгбон æрхæсса циндзинад, æнæниздзинад æмæ амонд. Махæн нæ царды нысан сты нæ рæзгæ фæлтæр æмæ уыдон цы Митын дадайыл баууæндыдысты æмæ цæмæ бæллынц, уыдон сын уадз æмæ сæххæст уой. Мæн ныфс ис æмæ мæ æндæртæ дæр кæй бафæзмдзысты æмæ уыдон дæр чысыл науты фæрцы кæй сæххæст кæндзысты сывæллæтты ногазон бæллицтæ», – банысан кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, сывæллæтты ног 2022 азы бæрæгбоны хæдразмæ барæвдауын кæй фæнды, уымæн йæ бон у æмæ фæуазæг уа телекомпани «Ир»-ы бæстыхаймæ æмæ «Бæллицты фонтан»-ы æрцахса, цал æй фæнды, уал науы, æмæ сæ цы бæллицтæ фыст ис, уыдон сæххæст кæна.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.