Цхинвалы ресторан «Виктория»-йы уагъд æрцыдис Ногазон хæрзаудæн акци, кæцымæ хуынд æрцыдысты Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ, Ленингоры сывæллæтты хæдзары скъоладзаутæ, йе ‘нæниздзинад кæмæн цуды, ахæм сывæллæттæ æмæ ма республикæйы районты æвæрæз бинонты сывæллæттæ. Ӕдæппæтæй дзы æрæмбырд 370 сывæллоны.

Сывæллæтты æрбадын кодтой фынгтыл, ауагътой сын алыхуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, стæй сæ фæдзурын кодтой Митын Дада æмæ Митын Чызгмæ. Ӕмдзæвгæ-иу чи радзырдта, уымæн-иу Митын Дада радта конфеттæ. Фæзындысты ма сæм Машæ, Арс æмæ æндæр аниматортæ. Мадзалмæ уæдмæ фæуазæг нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ сын Ног азы бæрæгбоны цытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта. «Иууылдæр стут тынг рæсугъд æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ хорздзинад.  Сæйраджыдæр мын амондджын ут æмæ уын уæ бæллицтæ Митын Дада сæххæст кæнæд. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын уæ ныййарджытæн, ахуыргæнджытæн, ахæм рæсугъд, хæрзæгъдау сывæллæттæ кæй хъомыл кæнынц, уый тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса дæр раарфæ кодта æрæм-бырдуæвджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал кæй фæрцы сырæзт, уыдонæн.

Уый фæстæ сывæллæттæ акафыдысты, азарыдысты, къамтæ систой Президентимæ, Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ. Стыр æхцондзинад бавзæрстой ацы мадзалæй сывæллæттæ, сæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, уæлдайдæр ма сын фæстагмæ ногазон лæвæрттæ куы бакодтой, уæд.

Ацы мадзал арæзт æрцыдис «Иууон Ирыстон»-ы партийы хъæппæрисæй æмæ сын баххуыс кодтой «Международный расчетный банк» æмæ Хуссар Ирыстоны «Национ банг»-ы кусджытæ. Мадзалы организатор Габатты Алан бузныджы ныхæстæ загъта, йæ къух сæм чи фæдаргъ кодта, уыдонæн æмæ банысан кодта хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы егъау хайбавæрд ацы хъуыддаджы.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.