Æрæджы уæрæсейаг телеалæвæрды Гуырдзыстоны  парламенты экс-спикер, парти «Демократон змæлд»-ы раздзог Нино Бурджанадзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе абон ахæм фидар æмæ стабилон паддзахад у, кæцыйы хъæуы фæрсын æмæ йæм хъусын.

«Ахæм рæстæг уыд, æмæ Гуырдзыстоны æнхъæлдтой, ома, НАТО-йы уæнг уæвын æппæт низтæн дæр хос кæны. Уыд ахæм рæстæг, æмæ  æз уыдтæн активон адвокат, цæмæй Гуырдзыстон суыдаид НАТО-йы уæнг. Уый æндæр рæстæг уыд, уый уыд æндæр дуне, уæд 90-æм азты змæст рæстæджыты Уæрæсе уыд бынтон æндæр бæстæ, уыимæ æппындæр нæ уыд стабилон. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстон йæхи стабилонæй æнкъардта æрмæстдæр  НАТО æмæ Ныгуылæны «агъуысты» бын. Ныгуылæн нын кæй баххуыс кæндзæн, уыцы иллюзи уырныдта гуырдзиæгтæй алкæйы дæр», – дзырдта Бурджанадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «абон уавæр у бынтон æндæр, Путин цы Уæрæсейы слæууын кодта йæ къахыл, стыхджын æмæ йæ стабилон скодта, уымæ абон хъусын хъæуы. Хъуамæ йæм хъусой иууылдæр, уыцы нымæцы, чысыл бæстæтæ дæр. Уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ чидæр кæйдæр дæлбар хъуамæ уа, фæлæ йæм хъусын хъæуы».

Бурджанадзейæ ахæм ныхæстæ фехъусгæйæ, зæгъæн ис, кæй у объективон зондыл хæст  иттæг хорз политик, фæлæ йын йæ ныхæстыл æппындæр æууæндæн нæй.

Æниу, ахæм стыр æмæ куырыхон зондæй 2008 азы цæмæннæ спайда кодта, уæд йæхæдæг дæр Гуырдзыстоны къухдариуæгады сконды куы уыд, уæд. Уымæй дæр Уæрæсе йæ къахыл 2008 азы размæ слæууыд, фæлæ йæ нæ уырныдта, нæ уырныдта гуырдзиæгты, нæ йæ æмбæрстой, НАТО Уырысы æф-садимæ гуырдзиæгты тыххæй кæй не схæцдзæн æмæ сын кæй нæ баххуыс кæндзæн, уый дæр, цалынмæ Хуссар Ирыстоны сæрсæттæн цæф нæ райстой, уæдмæ. Афтæмæй сын Уæрæсе фенын кодта йæ тых дæр, йе ‘фсады хъомыс дæр æмæ йæ ныфсхаст къахдзæфтæ дæр.

Кæд Эдуард Шеварднадзейы фæсномыгæй «урс рувас» хуыдтой, уæддæр Бурджанадзе дæр уымæй фæстæдæр нæ лæууы. Уымæн æмæ афтæ æнхъæлы, Гуырдзыстон Уæрæсеимæ куы бафидауа, уæд ын Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы балæвар кæндзæн. Ацы хъуыды уый æргомæй дзырдта Гуырдзыстоны телеалæвæрдтытæй иуы. Уый йе ‘мбæстæг-тæн уырнын кодта, зæгъгæ, «нын НАТО никуы-дæм ирвæзы,  нырма уал нæ Уæрæсеимæ бафидауын хъæуы, цæмæй раздахæм не сæфт территоритæ. Уый фæстæ равзардзыстæм нæ фæндаг».

Бурджанадзе йæ æмбары, Путин Ельцин кæй нæу, Уæрæсе та раздæры Уæрæсейы  хуызæн нал у. Кæд æй, æцæгæйдæр, Уæрæ-сеимæ бафидауын æмæ раздæры хуызæн æнгом æмæ хъæрмудæй цæрын фæнды, уæд фаг нæу Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст расидыны хъуыддаджы Михаил Саакашвилийы фæаххосджын кæнын, фæлæ æрсидит йæ бæстæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй официалонæй басæттой ирæтты ныхмæ сæ фыдра-кæндтыл, бафидой, Хуссар Ирыстонæн цы зиан ракодтой, уый,  хатыр ракурой ирон адæмæй, сæ къух æрфыссой Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй кæй не спайда кæндзысты, уыцы фæндон фидаргæнæг документыл, уыимæ ма банымайын Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад… Уый фæстæ сын чизоны хæларсыхагон ахастыты уавæр фæзына ирæттимæ дæр.

Цы зæгъæн ис Гуырдзыстоны президентон æвзæрстыты фыццаг туры фыццаг бынат бацахсæг Саломе Зурабишвилийæ та, цæмæ йæм ис æнхъæлмæ кæсæн?

Президентон æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы райдианы уый дæр дзырдта, зæгъгæ, 2008 азы августы хæст райдыдта Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад. Фæлæ та уый дæр,  кæцы ‘рдæм ын пайдадæр у, уыцы ‘рдæм фæ-зылдта йæ зарæг, йæ «мæцъытæ» фæстæмæ райста æмæ дзырдта, ома, кæддæриддæр уый Уæрæсейы нымадта æмæ нымайы агрессорыл. Саакашвилийы хицауады та азымджын кæны, Уæрæсейы «провокацийыл» кæй баууæндыд, уымæй.

Уæдæ 2004 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæсты та чи уыд аххосджын? Уæд та кæй провокацийыл баууæндыд Саакашвили, кæд æмæ уæд Саломе Зурабишвили дæр Саакашвилийы хицауады куыста, Саакашвили йæ снысан кодта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй. Цæмæннæ бацамыдта йæ бодзæн, ирæттимæ æнцон хæцæн кæй нæ у. Фæлæ уæд нæма зыдта ирон лæджы уды-хъæд, Францы кæй райгуырд æмæ схъомыл, уый тыххæй.

Ахæм сты гуырдзиаг политиктæ се ‘ппæт дæр, сæ девиз у: «мæ дзырд мæ бар у. Фæн-ды мæ – дæттын æй, фæнды мæ – фæстæмæ йæ исын».

Саломе Зурабишвили ма Михаил Саакашвилийы хицауады фæаххосджын кодта «Кодоры ком Уæллаг Абхаз кæй схуыдтой, Цхинвалы регион та  Хуссар Ирыстон», уый тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæ рауад, цыма сæ ахæм нæмттæй Гуырдзыстоны уæды хицауад рахуыдта. Уый ма æрсидт ирæттæ æмæ абхазæгтæм дæр, цæмæй та баиу уой Гуырдзыстонимæ.

«Фæнды мæ, æрсидын, афтæхуыйнæг, Аб-хазы æмæ Хуссар Ирыстоны республикæты цæрæг æфсымæртæм. Уыдон сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ сæ нæ хъæуы Уæрæсейы хъахъхъæнынад. Уыдон сты нæ фидæн æмæ хъуамæ иумæ баиу уæм», – дзырдта Саломе Зурабишвили.

Æвæццæгæн, Зурабишвили нæ зоны, кæнæ йæ нæ фæнды зонын, Хуссар Ирыстоны историйы кæй уыдысты 20-æм азтæ дæр, кæцыты рæстæджы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъæутæй фæсырдтой ирæтты.

Гуырдзиаг эксперттæ Саломе Зурабишвилийæ дзурынц, ома, йæ оппоненттæ Бакрадзе æмæ Вашадзеимæ абаргæйæ, уымæн йæ бон у Уæрæсеимæ комкоммæ бадзурын.

Гуырдзиаг эксперт Капанадзе куыд хъуыды кæны, афтæмæй Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн политикон ахастытæ сты цъыссымы. «Уæрæсе контроль кæны нæ территорийы 20 процентыл æмæ банымадта  Аб-хаз æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæд-бардзинад. Уыимæ ма нын дипломатон ахастытæ дæр нæй Уæрæсеимæ. Уый тыххæй, президент чи суа, уыдонæй алкæмæн дæр зын уыдзæн Уæрæсеимæ комкоммæ бадзурын. О, фæлæ абон уа æви райсом, уæддæр ацы фарст æвæрд æрцæудзæн боны фæткы. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы хъуыддаг йæ къухы бафтдзæн Саломе Зурабишвилийæн. Æрмæстдæр уымæн у йæ бон Уæрæсеимæ ахастыты раст фæндагмæ раздахын».

Бæрæг куыд у, афтæмæй Капанадзе  раст фæндагыл нымайы, Уæрæсейы æххуысæй  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, Гуырдзыстоны скондмæ бакæнын.

Ныфс нæ ис, Саломе Зурабишвилийы æмæ иннæты кæлæнтæй дæр, Уæрæсейы къухдариуæгад кæй нæ фæивдзæн, 2008 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны сæраппонд цы уынаффæтæ райста, уыдон.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.