ТЫНДЗЫНЦ РÆСТÆГЫЛ АСФАЛЬТÆВÆРÆН  КУЫСТЫТÆ БАКÆНЫНЫЛ

Ацы бонты паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы кусджытæ æрæвнæлдтой нæ горæты арæзтцæуæг цалдæр уынджы  асфальты фыццаг фæлтæр æвæрынмæ. «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй асфальты фыццаг фæлтæр сæвæрыны фæстæ, ацы уынгтыл хæрдмæ схæцдзысты, цæмæй асфальты дыккаг фæлтæримæ сæмвæз уой. Афтæ бакæндзысты алы уынджы дæр, стæй æрæвналдзысты асфальты дыккаг фæлтæр сæвæрыны куыстытæм дæр. Цъайты æмбæлон уагмæ æркæныныл кусы æндæр бригадæ. Коцты Грийы уынджы æмвæзад иннæ уынгтæй ныллæгдæр кæй у, уымæ гæсгæ йæм тыхджын къæвдаты рæстæджы фæлæдæрсынц къæвдадæттæ æндæр рæттæй дæр æмæ-иу байдзаг сты цæрджыты ныккæндтæ. Ныр ацы проблемæ скъуыддзаг æрцыд. Ацы уынджы фæзилæны донлæдæрсæн цъайтæ æвæрд æрцыдис 80 бæрц. Уый та домдта кусæгдых æмæ уæлæмхас рæстæг. Уымæ гæсгæ куыстытæ адаргъ сты. «Ныр цæрджытæ фервæздзысты ацы зындзинæдтæй. Цъайтæ саразынæй дарддæр ма ам ноджыдæр арæзт æрцыдис дон-лæдæрсæн къанаутæ дæр», – загъта Мурат. Кусджытæ кæнынц æнæ-зæрдæхудт куыст. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кусджытæ аудгæ ахаст кæй дарынц сæ техникæмæ дæр, уæлдайдæр та, асфальт чи æвæры, уымæ. Уый кусы 7 азы бæрц. Куы фехæла, уæд бахъæудзæн ног балхæнын. Уый та аслам нæу, йæ аргъ у 18 милуан сомы.

«Дорэкспострой»-йы кусджытæ тындзынц сæ куыстæгтыл, цалынмæ хорз боныгъæдтæ ахæсса, уæдмæ хъуамæ асфальты фыццаг фæлтæр æвæрд æрцæуа Руставелийы, Коцойты Арсены, Нарты уынджы 500 метры æмæ Фидауынгæнджыты уынджы та 200 метры бæрц. Уый фæстæ ацы уынгты цъайтæ фæбæрзонддæр кæндзысты. Æппæт куыстытæ Лалыйы фырт куыд зæгъы, афтæмæй хъуамæ баконд æрцæуой 20 ноябрмæ æмæ хæрзарæзт та хъуамæ фæуой ноябры мæйы кæронмæ.

Сæ проблемæ скъуыддзаг æрцыд

Кæд 10 азы рацыд 2008 азы августы хæстæй, уæддæр нырма дæр бирæ ис, нæ горæты уыцы рæстæджы чи ныппырх сты æмæ абоны бон дæр хъæдхъиутæй чи лæууынц, йæ цæрджытæ та хъизæмайраг кæмæн фесты, ахæм цæрæн хæдзæрттæ. Ахæм цæрджытæн стыр æххуыс кæны республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон».

«Иугонд Ирыстон»-æн уый фæдыл цы къамис арæзт ис, уый уæнгтæ развæлгъау æркæсынц æмбæстæгты куырдиæттæм, стæй бахынцынц, цахæм æххуыс фæхъæуы, уый æмæ æрыв-налынц уыцы куыстытæм.

Ахæм æххуыс уыдон бакодтой нæ горæты Дзабиты Геннадийы уынджы цæрæг Любовь Гончарукæн. Уый куыд зæгъы, афтæмæй уыдон уал азы дæргъы цардысты пырх агъуысты бын. «Æддейæ куыд уарыд, мидæгæй дæр афтæ. Бафæлладыстæм ахæм цардæй æмæ нæм ныр, уал азы фæстæ, амонд йæ мидбылты бахудт. Ныр фервæздзыстæм нæ хъизæмæрт-тæй», – загъта райгондæй сылгоймаг.

Парти «Иугонд Ирыстон» йæ хъус дары æмæ æрмæст 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ нæ, фæлæ ма æвæрæз чи сты, æмæ йæ бон йæ хæдзары сæр сцалцæг кæнын кæмæн нæу, уыдонæн та баххуыс кæнынц арæзтадон æрмæджытæй. Фыццаг рады уыдон баххуыс кæнынц, тынгдæр чи тыхсы, уыдонæн.

Цæрджытæ хъуамæ

бахъахъхъæной се ‘нæниздзинад

Рæсугъд у фæззæг, уæлдайдæр та бæлæстæн сæ сыгъ-зæрингъуыз сыфтæртæ зæхмæ сабыргай куы фезгъæлынц æмæ сæ дымгæ куы фæраскъæф-баскъæф кæны, уæд. Зонын хъæуы, уыцы сыфтæртæ уалдзæджы бæлæстыл сæ рафтауынæй сæ азгъæлынмæ адæмæн тынг кæй фæлæггад кæнынц, уый. Уæлдæфы цы зианхæссæг, хъæстæ буарадтæ ис, уыдоны фæцъирынц сæхимæ æмæ йæ бирæбæрцæй фæсыгъдæг кæнынц. Уый уæлдай ахсджиаг у махæн, горæты цæрджытæн, уымæн æмæ ам змæлынц бирæ машинæтæ æмæ йын йæ уæлдæфæй нæ раппæлдзынæ.

Гъе, фæлæ нын не ‘нæниздзинад чи фæхъахъхъæны, уыцы сыфтæртæ куы азгъæлынц, алы рæтты куы сдзыгуыртæ вæййынц, æмæ антисанитари куы сæвзæрын кæнынц, уæд сæ махæй бирæтæ æрæмбырд кæнынц сæ хæдзаргæрон фадгуыты, сæ кæртыты, уынгты æмæ сæ басудзынц. Уый бар та нæ дæттынц санитарон, коммуналон службæтæ, уымæн æмæ сæ фæздæг зианхæссæг у адæймаджы æнæниздзинадæн.

Нæ горæты та , куыд ацы афон, афтæ уалдзæджы дæр, арæх фенæн вæййын ахæм æртытæн. Хатт, уыцы фæздæг ныббады уæлдæфы дыгай бонты дæр æмæ уæд фæтыхсынц уырдæм æввахс цæрджытæ иууылдæр. Уый та уымæн афтæ у æмæ горæ-ты уынгты, стæй хæдзаргæрон зæххыты фадгуыты цы зайæгойтæ зайынц, уыдон, куыд ма загътам, афтæмæй сæхимæ цъирынц зианхæссæг буарадтæ, кæцытæ, сæйраджыдæр, æвзæрынц машинæтæй æддæмæ цы газтæ цæуынц, уыдонæй. Уыцы газтимæ та нæ алфæмблай уæлдæфмæ бахауынц уæззау згъæртæ, куыд зды, джынассуйы рыг æмæ æрбадынц бæлæсты сыфтæртыл. Ахæм газты сконды ма ис токсикон буарадтæ дæр. Уыдæттæ иу-уылдæр сæхимæ цъирынц сыфтæртæ æмæ сæ куы басудзæм, уæд фæздæгимæ мах улæфæм уыцы хъæстæ буарадтæ æмæ мæгуырау кæны не ‘нæниздзинад дæр.

Уæдæ, цалынмæ ахæм сыфтæртæ нæ басудзæм, уæдмæ  хъуамæ ахъуыды кæнæм, зиан кæй хæссæм, канд, нæ алыварс цæрджытæн нæ, фæлæ нæхи æнæниздзинадæн дæр.

Сырæздзæн Абайты Васойы

хæдзар-музей

Нæ горæты культурон артдзæстытæй сæ иу уыдис Абайты Васойы музей-хæдзар. Фæлæ уый дæр æвыдæй нæ аирвæзт 2008 азы августы хæсты. Уыцы рæстæджы басыгъдысты бирæ экспонаттæ, Васойæн йæхи сæрмагонд дзаумæттæ. Цы бирæ чингуытæ æмæ йын дзы къухфыстытæ уыд, уыдон бахъахъ-хъæнын дæр нæ бафтыд къухты, басыгъдысты иууылдæр. Уæдæй абонмæ йын нал æмæ нал æнтыст сæндидзын кæнын. Ныр æм æрывнæлдтой аразынмæ æмæ ныфсбавæрæн ис, уый арæзт кæй фæуыдзæн номдзыд ахуыргонды гуырæнбонмæ.

Банысан кæнын хъæуы,  бирæ хæттыты йæ саразынмæ кæй уыд бафæлвæрдтытæ. 2014 азы Татарстаны арæзтадон компани «Эверест» сфæнд кодтой йæ саразын арæзтадон объекттæй сэкономигонд фæрæзтæй. Фæлæ афтæ баззад æрдæгпырхæнтæй. Кусджытæ нал разындысты.

2016 азы дæр та ногæй хъуамæ радих æрцыдаид æхцайы фæрæзтæ йæ арæзтадæн. Уый хъуамæ арæзт æрцыдаид ахуыргонды райгуырæн бонмæ. Радих æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ, фæлæ йын нæ бантыст уæд дæр саразын. Ныр ацы аз бæстон æрæвнæлдтой йæ саразынмæ. Бæстыхай æмбæрзт æрцыд æмæ кæнынц мидæггагон куыстытæ. Культурæйы министр Зассеты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй ныфсæвæрæн ис, Васойы хæдзар-музей арæзт кæй фæуыдзæн 15 декабрмæ – йæ райгуырæн бонмæ.

Афтæ, уæдæ, тагъд сырæздзæн 10 азы дæргъы саразын кæмæн нал æнтысы, уыцы ахуыргонды хæдзар-музей.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.