Рукъ, Цъалагомыл ныхас куы фæцæуы, уæд нæ ахиздзынæ нæ номдзыд поэт æмæ драматург, арæхстджын тæлмацгæнæг, публицист, активон æхсæнадон кусæг, зынгæ актер, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Ирыстоны адæмон поэт, Плиты Дзамболаты фырт Грисы иувæрсты.

Нæртон зиууон уыдис Грис йæ дуджы, нæртон бынтæ ныууагъта йæ фæстæйы фæлтæртæн, йæ радтæг адæмæн.

Адæм се ‘взаг æмæ се ‘гъдæуттæй адæм сты. Удоныл Грис хъардта йæ уд æмæ сыл рыг абадын никуы бауагъта. Уыцы зондахастыл лæуд уыдысты йæ цардæмбал, Советон Цæдисы адæмон артисткæ, Дзуккойты Афассæ, йæ фырттæ Лео æмæ Алан, йæ чызг Мадинæ. Сæ хæдзарвæндагæй уыд поэт Плигер (Плиты Георги), сæ хæдзарвæндагæй у поэт Плиты Виктор, цæры Ленинграды. Йæ романтæ «Михаил Ломоносов» æмæ «Сказания о Николозе, снежном барсе» и святом Георгие» дзурæг сты – кæмдæр ма Иры лæппутæ змæлынц.

Грис йæ лæппуйы бонтæй йæ зæронды бонтæм уыдис нæ адæмы царды ахсджиагдæр фæдисонтæй иу. Йæ адæмы царды хъæздыг æвæрæнты къæбицтæ кæд исчи зыдта, уæд уыдонæй иу уыдис Грис.

Куырыхон уыд кæддæриддæр не ‘взаг æмæ æгъдæутты æвæрæнтыл дзургæйæ. «Стыр ныхас»-ы рабадтыты сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис Грисы раныхасмæ, Грисы саразгæ хаццæгтæн.

Грис уыдис æцæг ирон лæг хæдзары дæр, куысты дæр, фæндагыл дæр. Уарзта цард æмæ йын аргъ дæр фæрæзта. Йæ былалгъыл кæд-дæриддæр дардта йæ арфæ: «Сыгъзæрин фест», зæгъгæ. Хæцын кæм хъуыдис, уым хæцгæ кодта, рæвдауын кæм хъуыд, уым та – рæвдаугæ.

Абоны бон не ‘хсæн нал ис Грис, æгъатыр мæлæт æй атыдта не ‘хсæнæй 1999 азы 86 аздзыдæй.

Уыцы азтæй Грис йæ адæм, нæ литературæйæн, æмткæй ирон аивад æмæ культурæйæн, схай кодта 65 азы.

Грис нымад цæуы ахæм поэт æмæ драматургыл, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон кусæгыл, кæцы нæ аивады стыр гæнах амайыны хъуыддаджы бакодта стыр лæггад.

Поэты цард, йе ‘сфæлдыстадон бынтæ нæ культурæйы галуаны уæзгæ хуынтæ сты.

Æнæкæрон уыд Грисы уарзондзинад йæ адæм, йæ Фыдыбæстæмæ, йæ Ирыстонмæ. Кæддæриддæр-иу сæрыстырæй дзырдта:

«Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, –

Циу цард æнæ сымах?

Ингæн…».

Йæ ахуыры фæндæгтыл цæугæйæ, Грис кæддæриддæр хорзæн мысыди йæ ахуыргæнджытæ Дзагуырты Гуыбады æмæ Гуыриаты Гагуыдзы.

Фыссæгæн цымыдисаг вæййы йе сфæлдыстад райдианы. Ручъы уæвгæйæ, Грис сывæллонæй бамбæлд иу æмдзæвгæйыл, бауарзта йæ, ба-хъуыды йæ кодта:

«Фиййау фос хизы,

Сæгъ хуыммæ лидзы,

Фиййау сæгъы суры

Æмæ йæм дзуры:

Дзæгъыс, дзæгъыс!

Ам æрлæу хæтæны,

Мих сныхса дæ тæны!»

Къостайы сфæлдыстады æндæвдад цахæм уыд Грисыл, уый тыххæй та фыста: «…многие стихи Коста я знал ещё в Руке, с дества, чуть ли не самой колыбели. Дело в том, что моя мать Ханикаева Масо была очень любознательной женщиной, владела элементарной грамотой, могла свободно читать на грузинском, осетинском и русском языках, на память знала почти весь «Ирон фандыр» Коста. Она и научила меня, вернее, заставила выучить, запомнить некоторые стихи Коста. У нас было дома первое издание книги Коста с иллюстрациями…Так что Коста вошел в мою жизнь с материнским молоком».

Грисы фыд Дзамболат Рукъгомы цæрæгдæр хæдзарыл нымад цыд, цæхх æмæ кæрдзыныл рæдау, зонгæтæ, хиуæттæ, хæстæджытæй-æххæст. Уый тыххæй Грис йæ мысинæгты афтæ зæгъы: «Бирæ зонгæтæ нæм цыдис, бирæ уазджытæ, уæлхæдзар, кæнæ мусы хъæмпыл хуысгæйæ-иу, аргъæуттæ кодтой суанг фæсæм-бисæхсæвтæм, æмæ сæм хъуыстон».

Фидæны разагътайы лæг уæд бауарзта фыдæлты рæсугъд аив ныхас, не ‘рдхæрæйна-джы фольклор. Сабийæ ныххызт йæ зæрдæмæ ирон кæлæнгæнæг зарæджы мелоди.

Арæх-иу хъуыста куырыхон зарæггæнджытæм: Никъа, Сачино, Уасикъо, Къола, сæ хо Уæлгъамæ.

Цæвиттон Грис уыдис Хъониаты (Плиты) Сачинойы аргъуыд фырт.

«Махмæ-иу арæх уыдысты, (зæгъы Грис), æрымбырд-иу сты æмæ-иу зарын куы байдыдтой… Е-гъе-гъе! Тæхуды уыдонмæ-ма иу хатт уæддæр байхъус!…». Йæхи тыххæй та зæгъы: «Раст мæнæ мæйдзыд уасæг фæсусæй иннæ уасджыты куыд фæфæзмы, афтæ-иу сæ фæзмыдтон æз дæр фæсаууон ран сусæгæй».

Нæ бантыст æнгом бинонтæн кæронмæ иумæ фæцæрын. Рæстæг йæ бон калы, фæйлауæнты дуг нызмæлын кодта Хуссар Ирыстоны дæр. Сæрибары сæрвæлтау адæм ныллæууыдысты тохы фæндагыл, фæлæ уыцы тохы фæйлауæнтæ фесты туджы лæсæнты бын. Фашистон гуырдзы, лæджыфыдхор адæм, сæ ных сарæзтой Хуссар Ирмæ. Цагътой, мардтой, сыгътой, тæлæт кодтой. Стыр геноцид лидзæг фæкодта адæмы. Аивылдысты Годжийайы хæ-дзарвæндаг дæр Цæгатмæ. Грисыл уæд цыдис авд азы.

Фыддуг æмæ фыдлæгæн сæ цæрæнбон даргъ нæ вæййы. Революцийы улæнтæ ныффалгæрон кодтой адæмы знæгты, тугцъир кълæсты, меньшевикты æрдонгты. Æрцыд тугкæлдтытæ, басыгъд Хуссар Ир, фæлæ ног хицауад адæмы барæвдыдта, раст фæндагыл сæ бафтыдта.

Фыдыуæзæг адджын у, адæм здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. Æрыздæхтысты Го-джиатæ дæр, æрмæст Дзамболат баззад фаллаг Иры. Чи нал раздæхт Хуссармæ, уыдонæн æрцæрыны зæхх радтой Терчы галиу фарс. Уым сырæзт ног хъæу æмæ йæ адæм схуытой Ногир, ног Ир, зæгъгæ.

Ногиры скъолайы фæстæ Грис йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы фæндзæм скъолайы. Ахуырмæ зæрдæргъæвд разынд, бахауд чингуыты уацары, нывæфтыд литературæ ссис йæ раздзæуæг, фæндагамонæг. Ацы скъолайы фæцахуыр кодта дыууæ азы, стæй 1927 азы йæ ных сарæзта педагогон техникуммæ. Уæрæх дуæрттæ байгом ам æвзонг лæппуйæн, æмбарын райдыдта царды рахæцæнты, нывæфтыд литературæйы сусæгдзинæдты, ам бамбæрста бæстон мадæлон æвзаджы ад, йæ хъæзныг фæзилæнты. Уыдæттимæ та йæ зонгæ кодта нæ номы лæг, ирон фысджыты хъомылгæнæг Гуыриаты Гагуыдз.

1931 азы Грис йæ техникум каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтыл. Ног хицауад нырма рæвдз нæ уыд ахуыргæнджытæй, бахъуыд Грисы дæр скъоламæ ацæуын, ахуыргæнæгæй акусыны сæр. Йæ куыст райдыдта Садоны скъолайæ.

Ирон театрыл хъуыдыгæнгæйæ, ног хицауад Мæскуымæ арвыста æрыгон фæсивæдæй иу къорды, уыдонимæ Плиты Грисы дæр, театралон институтмæ. Ацы фæлтæримæ Грис æнтыст-джынæй каст фæцис йæ факультет æмæ æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Гъе, уæд  1935 азы, байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон драмтеатр. Цардбæллон лæппу ардыгæй райдыдта йе сфæлдыстадон куыст. Куыд актер, афтæ цæстæвæрæн фæцис, уый æмрæнхъ, Грисы бæрны уыд театры литературон хайад дæр, стæй уæд журнал «Мах Дуг»-ы бæрнон нымæр-дары куыст.

Фидæны куырыхон фыссæг уæдæй бауарзта литературон- сфæлдыстадон куыст. Бæллицтæ йæм бæргæ хорз уыд, æвналгæ дæр сæм бакодта, фæлæ та йæ хъуыдыты фæндæгтыл ихджын дон ракалд.

Мæнгард фашистон Германы сармадзанты хъæр нынкъусын кодта не стыр Цæдисы. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Иры дзыл-лæйы дæр та бахъуыд фыдæлты тохы тырыса бæрзонд сисыны сæр. Фæйлаугæ тырысайыл фыстытæ: «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт» сидтысты тохмæ. Ирон фысджытæн сæ фылдæр хай афснайдтой сæ фыссæнгæрзтæ, уыдонимæ Грис дæр, фæраст сты тугуарæн тохмæ.

Уæд Плиты Грисы сидт æргом уыд:

«Цæйнæфæлтау нæ уарзон бæстыл

Нæ фыдгул сæвæра къæлæт,

Фæлтау чысылæй, стырæй хæсты

Нæ бартыл райсдзыстæм мæлæт».

Араст тугуарæн хæстмæ Грис дæр йе ‘мфысджытимæ.

Ныфсы зиууæтты фесæфтам уæд, нæ адæм, нæ литературæ стыр ныфс кæмæй æвæрдта, ахæм суинаг фысджытæй хæсты быдыры баззад 55 бæрц: Кочысаты Махарбег, Калоты Хазби, Бекъойты Амыран, Плиты Зауыр, Хуадонты Иссæ, Хæмыцаты Георги æмæ æндæртæ. Фæлæ табу Хуыцауæн, чи мa нын æрыздæхт: Бекъойты Е., Гафез, Токаты А., Цæгæраты М., Дзаттиаты Т., Хъайтыхъты Г., Дарчиты Д., Гаглойты Н., Мæргъиты Къоста, Дзугаты Г., Нафи, Асаты Р., Букуылты А. æмæ æндæртæ. Уыдонимæ Плиты Грис дæр. Уыдон хæствæлладæй систой ирон литературæйы рæзты тырыса.

Æфсæддон службæ кады хъуыддагыл нымадта Грис. Уыд эскадроны командир, нæмыгзгъал ротæйы командир, дзæвгар рæстæджы куыста æфсæддон газеты редакцийы дæр. Дзæвгар хорзæхтимæ сыздæхт Грис хæсты быдырæй, йæ риуæй æрттывтой дыууæ «Сырх Тырыса»-йы ордентæ, дзæвгар майдантæ. Æниу хæсты агъоммæ, 1939 азы Грисæн йæ егъау æхсæнадон-литературон куысты тыххæй лæвæрд æрцыд «Кады нысан»-ы орден.

Йæхи æвдисын, йæхицæй æппæлын нæ уарзта Грис æмæ йæ ордентимæ, хорзæхтимæ адæмы ‘хсæнмæ нæ цыд.

Йæ фæллад дæр нæма суагъта, афтæмæй 1948 азы урæд æрцыд йæ уарзон театры директорæй, уый фæстæ та йын бахæс æрцыд журнал  «Мах дуг»-ы бæрнон редакторы бынат. Куысты арт æмæ цæхæр уыд, йæ фезмæлд  ныфсджын, уæндон æмæ фæразон, æнæраст митæ æмæ хъуыддæгты – æбарон. Уыдæттæ нæ цыдысты кæйдæрты зæрдæмæ, бæрнон бынæтты кусæг хицæутты зæрдæмæ, фысджыты иу къорды, «дыгоппонты къорды» зæрдæмæ æмæ ныллæууыдысты йæ ныхмæ тохыл, кæм æргомæй, кæм та сусæгæй. Цъыфкалæн кодтой йе ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтыл, æхгæдтой театры дуæрттæ йæ пьесæтыл, уæлдайдæр та «Сослан Цæразон»-ыл. Уыцы æнæбындурон тох сытынг 1952 азы, Грис журнал «Мах дуг»-ы куы куыста, уæд. Систой йæ йæ куыстæй, æцæг ма йын 1955-1957 азты бантыст фæуын Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институт.

1952 азæй суанг йæ амæлæты бонмæ, 1999 азмæ, Грис уыдис æгуыст, мызды охыл иу сом дæр хæдзармæ никуы бахаста, куыстагур дæр никæмæ цыд, йæхи дæр ын ничи фарста, цæмæйты цæры, уымæй. Æцæг, æнæрцæф Плийы фырт, йæ фыссæн сисыл уæлæхох никуы уыд, раст цыма йе ‘фхæрджытæн фыддæрадæн кодта, афтæ фæд- фæдыл цыдысты йе ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Æмдзæвгæтæ»- Сталинир 1957 аз; «Стихотворения», Москва, из-во «Советский писатель» – 1959 аз; «Цард æмæ мæлæт», Дзæуджыхъæу 1963 аз; Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ – 1967 аз, схуыдта йæ «Авд цухъхъайы»; «Хъугдуцæг» – 1971 аз; «Фæндзæм хъама» – 1972 аз;  «Атакæ» – 1995 аз; «Мады фæдзæхст» – 1986 аз; «Æвзæрст уацмыстæ»-1974 аз; «Семь черкесок»,  Москва 1988 аз æмæ æнд.

Цыдысты мыхуыры йæ пьесæтæ дæр: «Чермен», -Москва, рауагъдад «Исскуство»-1959 аз; «Сослан Цæразон»-Дзæуджыхъæу, 1992 аз; «Æууæнк» – Орджоникидзе, 1961 аз; «Æнæбасæттон» æмæ æндæр  пьесæты æмбырдгонд «Сослан Цæразон»-1961 аз.

Йæ рæстæджы 20 пъесæйæ фылдæр тæлмацгондæй бахуын кодта Цæгат Ирыстоны музыкалон драмтеатрæн. Уыцы нымæцы: Шекспиры, Мольеры, Гольдонийы, Островскийы, Корнейчукы, Галаны æмæ æндæр пьесæтæ. Зæгъæн ис, Грис иронау сдзурын кодта Шекспиры. Грисы тæлмацæй абоны бон дæр нæ ирон театртæ парахатæй æвæрынц Шекспиры пьесæтæ. Цалдæр томæй сæ рауагъта мыхуыры дæр.

Чи зоны, исчи бафæрса, ау,  кæд йæ ныхмæ уыдысты, уæд ма йын мыхуыры бар куыд лæвæрдтой? Дзуапп: уыдон цъус уыдысты, рæстдзинады фарсхæцджытæ та – бирæ. Рæстдзинадæн уромæн нæй – арты нæ судзы, дон æй нæ ласы, былæй йын ахауæн нæй, фæндæгтæ йæхæдæг гæрды.

Дисæн æй хæссы Шамил дæр: «С начала 1952 года до конца жизни он не принес ни одного рубля в качестве зарплаты. Но ходил гордо и уверенно. Он отличался безпримерной щедростью. Можно писать юмористические рассказы о том, как он различными ухищрениями заманивал нас, своих младших собратьев по перу в свой гостеприимный дом, и его радушная «хозяйка» Афасса угощала нас пирогами и вином домашнего производства (газ.«Столичная», 2003 г. №26).

Цалдæр ныхасы мæ фæнды зæгъын Грисы хæдзарвæндаджы, йæ бинонты тыххæй. Зæгъын уал хъæуы уый, æмæ æнгомдæр, уарзондæр бинонтæн скæнæн нæ уыд. Адæмæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр йæ салам, йæ арфæ уыд «сызгъæрин фест».

Цалынмæ ирон дзыхæйдзурæг уа, ирон театр уа, уæдмæ Грисы ном æрттивдзæнис. Цæмæй æрттива, уый тыххæй та йæ номыл истытæ аразын хъæуы. Йе сфæлдыстад та æнæхъæнæй у рауадзинаг.

Йæ 100 азы бон Дзæуджыхъæуы Грисы хæдзары къулыл баконд æрцыд Мемориалон къæй. Уый фæстæ, 2015 азы Ручъы, Грисы кæддæры хæдзары бынатмæ хæстæг æфсæйнаг цæджындзыл баконд æрцыд дыккаг мемориалон къæй. Бузныг, се саразджытæн, Грисы ном æнусон чи кæны, уыцы фæлтæрæн.

Канд Плитæ нæ, Ир, йæ аивад чи уарзы, уыдон се ‘ппæт дæр дзурынц: уадз Грисы фарн ныллæг макуы уæд, Ир Грисы фæндиаг уæд, Грис та – Иры фæндиаг.

ПЛИТЫ Гацыр,

Къостайы номыл

премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.