Ивгъуыд къуырийы  6-æм астæуккаг скъоламæ фæуазæг сты нæ республикæйы уæрæсейаг дислокацигонд æфсæддон базæйы мотоæхсæг батальоны  службæгæнджытæ. Уыдон фембæлдысты хистæркъласонтимæ  æмæ сын  æрдзырдтой 23-æм февралы бæрæгбоны тыххæй.  Мотоæхсæн батальоны командиры хæдивæг Виктор Болоцкой загъта: «Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон у алкæй  бæрæгбон дæр.  23-æм февраль иу кæны алы фæлтæрты æфсæддон службæгæнджыты дæр. Сымах дæр тагъд рæстæджы бафиддзыстут уе ‘фсæддон хæс Фыдыбæстæйы раз. Уæд бамбардзыстут, æфсæддон службæ цы у. Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын уыд æмæ у алкæмæй хуыздæр професси. Æфсæддон службæйæн адæмы ‘хсæн  ис уæлдай кад. Цы ис уымæй хуыздæр, дæ райгуырæн бæстæйæн бахъуаджы рæстæджы баххуыс кæнынæй. Ирон адæм – уæ фыдæлтæ хæстон цауты алы хатт дæр æвдыстой æхсардзинад, уæлахизы тыххæй никуы ауæрстой сæ удтыл. Уæлдай цæстдарæн уыд ирон лæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Уæлахизы тыххæй нæдæр знагыл æмæ нæдæр сæ удтыл ауæрстой, уыдонæй бирæтæ нал æрыздæхтысты хæсты быдырæй. Абон дæр уыдоны фæдонтæ аккагæй дарддæр кæнынц сæ фыдæлты кадджын традицитæ, кадимæ службæ кæнынц, æххæст кæнынц сæ Райгуырæн бæстæйы раз сæ хæс».

Уый ма æрдзырдта, сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, ирæтты  хъайтардзинад ноджы тынгдæр кæй фæбæрæг гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы. Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй уæ фыдтæ æмæ уæ дадатæ ард бахордтой, кæй нæ æрбауадздзысты знаджы сæ зæхмæ æмæ йæ æххæст дæр скодтой. Сæ къухмæ æхсæнгарз райсгæйæ, сæ Райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинад бахъахъхъæдтой æмæ, зæгъгæ, ныр сымах уыдоны, фæрцы цæрут хæдбар Ирыстоны. «Сымах макуы ферох кæнут, йæ Фыдыбæстæйы сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ», – бахатыд хистæркъласонтæм.

Уый фæстæ, æмырæй алæугæйæ, ссардтой фæ-мардуæвæг хъæбатырты  рухс нæмттæ.

Æфсæддон службæгæнæг Александр Самсонов куыд банысан кодта, афтæмæй нæ сыхæгтæ тынг архайдтой, цæмæй ирæтты бындзагъд ныккæной. Фæлæ Хуссар Иры адæм намысджынæй лæууыдысты знаджы ныхмæ, æппæт амæлттæй дæр тырныдтой æмæ цыдысты хæдбардзинадмæ уæззау фæндагыл. «Кад æмæ цыт ахæм Фыдыбæстæйы хъахъ-хъæнджытæн! Уæлдай кады аккаг сты, уыцы азты ирон лæппутæй цы бархионты къордтæ сырæзт, уыдоны хайадисджытæ.Уыдон æнæмсæр тох кодтой знаджы ныхмæ. Уæдмæ уæм æххуысмæ фæзындысты Уæрæсейы æфсæддон дæл-хæйттæ дæр æмæ уын уыдон æххуысæй бантыст уæ зæхх бахъахъхъæнын. Ныр уæ зæххыл ис сабырад æмæ æдасдзинад. Ныр та сымах фæрцы хъуамæ ифтонг цæуа Ирыстоны æдасдзинад. Сымах стут уæ зæхх æмæ уæ бинонты фидæны хъахъхъæнджытæ», – дзырдта Александр Самсонов.

Хистæркъласонты цæстыты зынд сæ зæрдæтæ патриотикон æнкъарæнтæй кæй байдзаг сты. Æнæсымæй бадтысты æмæ хъуыстой ныхасгæнæгмæ.

6-æм иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы организатор Надежда Рассохина  бузныджы ныхæстæ загъта УФ-йы æфсæддон службæгæнджытæн. «Цытджын æфсæддон службæгæнджытæ, абон сæрибар æмæ хæдбар паддзахады мах цæрæм сымах фæрцы. Сымах фæрцы нæ лæппутæ, нæ райгуырæн зæхх сæрибар кодтой знагæй. Нæ сыхæгтæ нæ куыд мардтой, уымæ бирæ бæстæтæ кастысты, фæлæ нæм æцæг æфсымæры æххуысы къух фæдаргъ кодта Уæрæсейы Федераци. Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бæрæгбон æрмæст нæлгоймæгтæн нæу, фæлæ зынаргъ у Ирыстоны æппæт цæрæг адæмæн дæр, кæцытæ зонынц аргъ сабырдзинадæн. Ацы бон у хъайтардзинад æмæ сабырдзинады æвдисæн бон дæр æмæ ахæмтæ вæййы сылгоймæгты æхсæн дæр. Уымæн æвдисæн, абоны бон дæр цас службæгæнджытæ ис сылгоймæгтæй æфсады. Фæстаг азты нæ рауагъдонтæй бирæтæ равзарынц сæхицæн æфсæддон професситæ, ацы аз дæр бирæ ис нæ рауагъдонты ‘хсæн æфсæддон дохтыртæ суæвын кæй фæнды. Нæ горæты цы кадетон скъола ис, уый рауагъдонтæ дæр равзарынц алы фадыджы æфсæддон професситæ. Уый ууыл дзурæг у æмæ ног фæлтæр дæр цæттæ кæй у Фыдыбæстæйы хъахъхъæнынмæ», – дзырдта Рассохина.

Уæрæсейы Федерацийы службæгæнджытæ ахуыргæнинæгты фæхуыдтой сæхимæ, цæмæй сын равдисой, се службæ цы уавæрты цæуы, уый.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.