Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон   банысан кодта горæты централон библиотекæйы коллектив. Мадзал бацæттæ кодтой библиотекæйы кусджытæ Букуылты Маринæ æмæ Габодзе Маринæ. Хайад дзы райстой библиотекæйы чиныгкæсджытæ, горæты культурæйы управленийы æмæ ахуырдзау фæсивæды минæвæрттæ.

«Бæрæгбон у, алыгъуызон историон дугты йæ фыдыбæстæ чи бахъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны, республикæйы Гарзджын тыхты чи службæ кодта æмæ кæны, йæ райгуырæн бæстæйыл иузæрдион чи у, паддзахады, æхсæнады æмæ республикæйы алы адæймаджы æдасдзинад чи хъахъхъæны, уыцы хæстонты æхсардзинады, хъæбатырдзинады æмæ цыты символ. Ирæттæм кæддæриддæр æфсæддон службæ кадджын хъуыддагыл нымад уыд. Райгуырæн бæстæ-иу тæссаг уавæры куы уыд, знаг-иу куы лæбурдта хъæддаг сырдау, уæд уæлдай нæ уыд, нæлгоймаг у æви сылгоймаг, чи кæм рæхст, æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ тох кодтой знаджы ныхмæ», – банысан кодта библиотекæйы директор, культурæйы сгуыхт кусæг Прокопенко Иринæ æмæ йæ бафæндыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн, уæлдайдæр та фæсивæдæн фидар æнæниздзинад, цъæх арвы бын  дидинæфтаугæ сæрибар Ирыстоны цæрын.

Нæ адæмæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл.

Мадзалы хайадисджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй абоны боныл чи нæ сæмбæлд, уыдоны рухс нæмттæ.

Уый фæстæ кæрæдзи ивгæйæ раныхас кодтой мадзаламонджытæ – скъола «Альбионы» 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Хъотайты Наталья æмæ Тедеты Арсен.

«Бирæнымæц дæсныйæдты ‘хсæн ис ахæм професси – Райгуырæн бæстæ хъахъ-хъæнын. Цæмæй суай Фыдыбæстæйы аккаг хъахъхъæнæг, уый тыххæй хъуамæ уай ныфсхаст, фидар удыгъæды хицау, æхсарджын адæймаг, физикон æгъдауæй фидар, хъуамæ зонай æфсæддон хъуыддаг. Алы адæймагæн дæр Фыдыбæстæ у  хъысмæтæй ратгæ æмæ фыдæлтæй фæдзæхст  иунæг уникалон   Райгуырæн бæстæ.  Дзырд «фыдыбæстæ»-йæн йæ бындур «фыд» æнæхъуаджы нæу. Фыдыбæстæйы хонынц райгуырæн бæстæ. Нæ райгуырæн бæстæ та у Республикæ Хуссар Ирыстон. Нæ дыккаг Райгуырæн бæстæ та – Уæрæсе», – дзырдтой мадзал амонджытæ

Радзыртой Украинæйы специалон хæстон операцийы хайадисæг ирæтты тыххæй дæр. Банысан сын кодта сæ хъæбатырдзинад.

Культурæйы сгуыхт кусæг Гуыззыдтаты Этери радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Райгуырæн бæстæйы сылгоймаг хъахъхъæнджтыты тыххæй.

«Райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры куы вæййы, уæд сылгоймаг дæр райсы хæцæнгарз æмæ нæлгоймæгты æмрæнхъ  балæууы æмæ бахъахъхъæны йæ фыдыбæстæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайад райстой Саламты  Софья – дохтыр, Сæлбиты Верæ – бастдзинады ифтонггæнæг, Бязырты Дунетхан –  танкты куынæггæнæг ротæйы службæгæнæг, Сланты Нинæ – скуынæг кодта 60 фашисты, Баситы Чабæхан, Цæбиты Сæлимæт, Джергаты Аня, Дзигойты-Æлборты Тамарæ æмæ æндæртæ», – загъта уый.

Мадзалы активон хайад райстой скъоладзау чиныгкæсджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.