Нæ мадæлон æвзаджы сомбон нæхицæй аразгæ у. Мах, ахуыргæнджытæ, хæсджын стæм, цæмæй йæ амонæм рæзгæ фæлтæртæн.

Мадæлон æвзаг! Йæ ном йæ уæлæ ис – нæ мады æвзаг! Уый у аргъæутты, нарты кадджыты æвзаг æмæ алы ирон лæджы æвзаг дæр. Уый у иууыл рæсугъддæр æмæ   аивдæр.

Мадæлон æвзаг мадау уарзын хъæуы. Бæлас хæцы йæ уидæгтæй зæххыл, цас арфдæр ацæуынц йæ уидæгтæ, уыйас  фидардæр у! Уæдæ ирон адæмæн йæ уидæгтæ йæ мадæлон æвзагæй, йе ‘гъдæуттæй фидар кæнынц. Æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын.

Ирон æвзаджы хъысмæт бирæбæрцæй баст у рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытыл. Хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæ хъуамæ кусой иумæ. Ацы хъуыддаджы хорз ахъаз у программæ «Малусæг». Уый у ногдзинад Хуссар Ирæн. Æрмæг лæвæрд цæуы иронау æмæ уырыссагау, æмæ уый у хорз хъуыддаг.

Æрвылбон дæр саби рæвдауæндоны зонындзинæдтæ исы мадæлон æвзагыл. Сабитимæ æвзыгъдæй куы кусæм, уæд мæ ныфс ис, Ирыстоны кæй уыдзæн се ‘взагыл æнувыд фæсивæд. Саби хæрз чысылæй кæй базоны, уый дзы никуы рох кæны. Ныййарджытæ хъуамæ алыхатт дæр цæвиттон уой сæ кæстæртæн, мадæлон æвзагæн куыд кад кæнынц, уымæй.

Дæ мадæлон æвзаг куынæ зонай, уæд дын кад ничи кæндзæн. Æвзаг алцæмæндæр бындур у. Æнæ ‘взагæй нæй хи аивад, хи культурæ, хи æгъдау.

Мадæлон æвзагмæ хорз хъусдард ис, сывæллæтты рæвда-уæндоны хъомылгæнджыты ‘рдыгæй, фæлæ йæм махæй алчидæр аудгæ ахаст куы дара, уæд хуыздæр уыдзæн йæ уавæр. Мах, хъомылгæнджытæ, ирон æвзагыл цы мадзæлттæ бацæттæ кæнæм, уыдон вæййынц мидисджын æмæ хорз æнкъарæнтæй æххæст.

Æвзаг у динамикон системæ. Уый æдзухдæр рæзы æхсæнадон цæугæ процессты æндæвдады фæрцы. Æвзаджы цæугæ процессты æмæ социалон фæзынды ‘хсæн та ис тынг æнгом бастдзинад, уымæн æмæ сæ æвзаг æвдисы æххæстæй, сомбоны фæлтæртæм та хæццæ кæнынц фыст текстты фæрцы.

Патриот схонæн ис ахæм адæймагæн, дунейы кæцыфæнды бæстæйы цæргæйæ дæр, уæддæр йæ мадæлон æвзаг чи уарзы, йæ фыдæлты æгъдæуттæ чи нæ рох кæны.

Нæ сывæллæттæй, нæ хъомылгæнинæгтæй йæ мадæлон æвзагæн чи нæ аргъ кæна, уый Ирыстонæн, йæ радтæг адæмæн хорзæй цы хъуамæ сараза.

Хъуамæ алы адæймаг дæр æмбара, мадæлон æвзаджы хъысмæт æппæтæй дæр æхсæнадæй, нæхицæй, ирон адæмæй кæнгæ кæй у, уый. Æмхуызонæй куынæ кад кæнæм æмæ куынæ аргъ кæнæм нæ мадæлон æвзагæн, стыр Къостайы æвзагæн, уæд нæ хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндиаг никуы уыдзысты.

Мадæлон æвзаг! Ацы дзырд-тæй æхсызгондæр цымæ зæххыл исты ис! Ирон дзырдтæ фехъусын алы ирон адæймагæн дæр хъуамæ уа  мады рæвдыдау.

Нукърадзе Гуло,

Цхинвалы 8-æм сабидоны хъомылгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.