Бæрæгбоны фæзынды историйæ

Мадæлон æвзаджы бон расидт æрцыд 1999 азы ноябры мæйы ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы. 21-æм февраль мадæлон æвзаджы бонæй æвзæрст æрцыд 1952 азы 21-æм февралы æрцæугæ цаутæ мысынадæн. Уыцы бон Даккайы, Бангладешы столицæйы полициæгты къухæй фæмард сты студенттæ – бенгайлаг æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл демонстрацийы хайадисджытæ. Уыдон домдтой, цæмæй сæ мадæлон æвзаг нымад æрцыдаид бæстæйы паддзахадон æвзæгтæй иуыл. Уавæр райста æхсæнадон резонанс.
Бæрæгбон сфидар кæныны нысан у дунейы би-рæнымæц æвзæгтæ бахъахъхъæнын. Иумиаглингвистикон бонæй дарддæр ма, 2010 азы ИНО сфидар кодта 6 официалон æвзаджы – испайнаг, англисаг, уырыссаг, арабаг, французаг, китайаг æвзæгты бонтæ. Уыдонæй алкæцыйæн дæр фидар æрцыд хицæн бон.
Ныртæккæ нæ планетæйы цæры 2 минæй 3,5 мины онг адæмыхатты бæрц. Уыдонæй алкæцы дæр хицæн кæны йæ традицитæ, фольклор, менталитет æмæ æвзагæй. Специалисттæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй æвзаг у уæлдай тыхджындæр инструмент иу кæнæ иннæ адæмыхатты материалон æмæ монон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынæн. Афтæ ма специалисттæ нымайынц, зæгъгæ, цæмæй æвзаг цæра, уый тыххæй йыл хъуамæ дзурой æппынкъаддæрæй 100 мин адæймаджы. Мингай азты дæргъы бирæ æвзæгтæ фæзынд æмæ фесæфт. Бирæтæ амардысты, сæ фæстæ фæд дæр нал ныууагътой, афтæмæй. ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ дунейы 6 мин æвзагæн се ‘мбис гæнæн ис æмæ амæла æввахс сæдæ азы дæргъы.

Бахъахъхъæнæм нæ мадæлон æвзаг

ЮНЕСКО уыцы æвзæгты нымæцмæ бахаста ирон æвзаг дæр. Стыр катайы бафтыдта уый ирон интеллигенцийы минæвæртты куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ныртæккæ нæм ис паддзахадон программæтæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ рæзты тыххæй. Программæ «Малусæг»-ы фæлгæтты мыхуыр æрцыдысты чингуытæ мадæлон æвзагыл, кæцытæ стыр ахъаз сты сабидæтты хъомылгæнджытæн. Тынг ахсджиаг у, цæмæй сывæллæттæ кæсой ирон æвзагыл мультипликацион кинонывтæм, хъусой зарджытæм æмæ музыкæмæ. Æвзаг цæры æмæ рæзы, саби йæ чысылæй куы сахуыр кæны, уæд. Æвзаг популярон кæныны ахсджиаг нысаниуæг ис ирон театрæн. Хъуамæ сывæллæттæ уырдæм цæуой ирон æвзагыл спектаклтæм. Хъыгагæн, кæстæр фæлтæр нал дзурынц мадæлон æвзагыл. Уый у трагеди. Уымæн æмæ нæй æвзаг – нæй адæм. Цæмæй æвзаг ма фесæфа, уый тыххæй йыл дзурын хъæуы хæдзары бинонты ‘хсæн, æхсæнады. Æвзаг бахъахъхъæнын фидар баст у дзыллон информацийы фæрæзтыл дæр. Телеуынынады экранæй хъуамæ хъуыса рæсугъд ирон æвзаг, газеты мыхуыр цæуой гъæдджын æрмæджытæ.

Бонджын лæг, дам йæ над нæ фæхъæр кæны, фæлæ мах мæгуыр, хæстæфхæрд адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ нæм æмбæхсинагæй ницы ис æмæ уын хъуамæ æргомæй радзурон иу ахсджиаг фарсты – нæ мадæлон æвзагæн куыд аргъ кæнæм, уый тыххæй. Стыр хъыгагæн, ирон газетæн йæ тираж бирæ къаддæр вæййы уырыссаг æвзагыл уагъд газетты тиражимæ абаргæйæ. Йе ‘взаг чи уарзы, цæсты гагуыйау æй чи хъахъхъæны, йæ туджы ирондзинад кæмæн ис, йæ мадæлон æвзаджы фидæныл чи тыхсы, ахæм адæймæгтæ бирæ ис Ирыстоны, фæлæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, фылдæр сты. Кæддæр нæ номдзыд ирон ахуыргонд, академик Абайты Васо афтæ загъта, зæгъгæ, искæцы æвзаг куы амæла, уæд амæлдзысты уыцы æвзагыл дзурæг адæм дæр.

Фæлæ, хъыгагæн, не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ ацы ахсджиаг фæдзæхст не’ мбарынц æмæ сæ мадæлон æвзагмæ уазал цæстæй кæсынц. Фарстæуы, ахæмтæ цæмæннæ хъуамæ кæсой сæ мадæлон æвзагыл газет. Кæд нæ кад кæнæм нæ ма-дæлон æвзагæн, уæд уал азы дæргъы нæ тохы сæр цы уыд, цæмæн фæмардысты  нæ лæппуты хуыздæртæ? Æнусты дæргъы цæмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад  ныр нæ къухты куы бафтыд, уæд нæ лæмбынæгдæр ахъуыды кæнын хъæуы нæ мадæлон æвзаджы дарддæры хъысмæтыл, нæ кæстæрты фидæныл æмæ не знæгты фæндиаг нæхи ма фæкæнæм. Алы ныййарæг дæр хæсджын у йæ сабийæн мадæлон æвзаг бауарзын кæна, саби чысылæй куынæ бауарза йæ мадæлон æвзаг, куы нæ фæцайдагъ уа ирон мыхуыры фæрæзтæ кæсыныл, уæд æм йæ сомбоны царды зынтæй раздæхдзæн. Рæзгæ фæлтæр, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй сын цæвиттон хъуамæ уой сæ ныййарджытæ. Саби йæ ныййарджыты ирон газет кæсгæ куы уына, ирон алæвæрдтæм куы кæса, уæд æй уый дæр бафæзмдзæн æнæмæнгæй. Саби хæдзары ирон газет куы уына, уæд æй  кæддæр йæ къухмæ райсдзæн æмæ дзы кæцыдæр уац бакæсдзæн æмæ афтæмæй фæцайдагъ уыдзæн мадæлон æвзагыл.

Никуы мæ рох кæны нæ  фырт Абайты Васойы фæдзæхст: «Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын зæххæй куы стонай, уæд – æвзаг амæлы йæ уидæгтæ йын бинонты ‘хсæн куы сыскъуынай, уæд. Уымæ гæсгæ, ирон лæг, де ‘взаг хъахъхъæн дæ бинонты ‘хсæн». Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ирон адæмы аккаг фырт Колыты Аксойы ныхæстæ: «Нæ фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ… фыццаджы-фыццагдæр та – размæдзыд сылгоймаг-мад». О, алцыдæр сæйрагдæр мадæй цæуы, бинонтæй, ирон æвзаджы фарн дæр саби бинонтæй хъуамæ банкъара. Алцыдæр нæхицæй аразгæ у æмæ ма бауадзæм фæцудын нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.