Не ‘взаг – нæ хæзна! Не ‘взаг – хуыцаумæ фæндаг! Не ‘взаг – хуры тынтæй нывæзт!

Ӕвзаджы тыххæй ахæм базырджын ныхæстæ бирæ æрхæссæн ис, æмæ æвдисæн сты, чи йыл дзурынц, уыдоны ‘хсæн ын цахæм ахсджиаг бынат ис, ууыл.

Нæ мадæлон æвзаг у нæ царды бындур, нæ сæйраг цæджындз æмæ йæ хъысмæт фидар баст у нæ адæмы хъысмæтимæ.

Зæххы къорийыл цы дыууæ минæй фылдæр æвзаджы ис æмæ сыл чи дзуры, уыцы адæмтæ сæ историон рæзты æмдзу нæ кæнынц, иутæ дзы уæлдæр къæпхæнмæ схызтысты, æндæртæ та фæстейæ зайынц. Афтæ ма уыцы адæмтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ нымæцæй дæр æмæ фылдæр чи сты, уыдон тыхджындæр сты. Тыхджындæр сты æрмæст тыхæй, экономикон æмæ культурон æгъдауæй нæ, фæлæ се ‘взагæй дæр. Афтæ, æмæ алы æвзагæн дæр ис йæхи хъысмæт.

Йæхи хъысмæт ис нæ мадæлон æвзагæн дæр, кæцы нæм æрхæццæ скифтæ, сæрмæттæ, аланты дугæй. Нæ адæмау уый дæр фæцыдис йæ историйы вазыгджын фæндæгтыл, фæлæ уæддæр мæлын нæ бакуымдта, уымæн æмæ историйы фыдæв-зарæнтæн сæттын нæ бакуымдтой, чи йыл дзырдтой, уыцы адæм – нæ фыдæлтæ.

Адæмæн кæд раздæр сæхи æвзаг фаг уыдис, цæмæй сæхицæн цардаиккой,  уæд ныры – глобализацийы дуджы уый фаг нал у, адæм кæрæдзийы ‘хсæн змæлынц æмæ хъæуы æндæр, тыхджын-дæр æвзæгтæ зонын. Афтæмæй чысылдæр æвзæгты хъысмæт бæллиццаг нæу. Ууыл дзурæг у, ЮНЕСКО   кæй ныммыхуыр кодта, уыцы номхыгъд, кæцымæ хаст æрцыдысты, фесæфынæй тас кæмæн у, уыцы нацитæ. Хъыгагæн, се ‘хсæн ис ирон æвзаг дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах хъæуы æппæт фæрæзтæ æмæ фадæттæй спайда кæнын, цæмæй нæ царды мадæлон æвзагæн уа, чи йæм æмбæлы, ахæм аккаг бынат. Ахæм рæстæг у, æмæ æмдыхæй, æмзондæй хъуамæ фидар хæцæм кæрæдзийыл, не ‘взагыл, не ‘гъдæуттыл.

Ныртæккæ паддзахады ‘рдыгæй ирон æвзагмæ хуыздæр хъусдард ис. Скъолаты æмæ рæвдауæндæтты фылдæр хъусдард здæхт цæуы йæ амонынмæ. Уагъд цæуынц ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ, кæцытæ ахъаз кæнынц хуыздæр æй бауарзынæн. Уæлдайдæр та уый зыны хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæн сæ куысты фæстиуæгыл. Рæвдауæндæтты сабитæ иронау сыгъдæг фæдзурынц æмæ уый арфæ-йаг хъуыддаг у. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ бинонтæ ацы хъуыддагмæ кæсынц уæлæнгай цæстæй. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, царды иутæ хъуыддæгтæ аразынц, иннæтæ та сын сæ конд хъуыддæгтæм фаутæ хæссынц. Цæуылнæ дзуры алы ныййарæг дæр йæ хъæбулмæ йæ мадæлон æвзагыл? Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд: “Иу мад дам, йæ ноггуырд сабимæ дзыхæй нæ дзырдта, æмæ сывæллон дзурынхъом куы фæци, уæд дзурыны бæсты, йæ мад-иу æм дзидзи дарынмæ цы дуарыл хызт, уый хъинц фæзмыдта”.

Уыцы æмбисонд кæны нæ сабитæй дæр бирæтыл. Ирон бинонты ‘хсæн бирæтæ нæ пайда кæнынц мадæлон æвзагæй, сæ сывæллæттæм дзурынц уырыссаг æвзагыл, сæ сæрмæ нæ хæссынц сæ ирон æвзаг. Ӕмæ ныр та дуары хъинцъы бæсты хъусынц уырыссаг æвзаг.   Ахæм ныййарджыты зонын æмæ уырыссаг æвзаг сæхæдæг рæстмæ зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй цъæррæмыхстытæгæнгæ сæ сывæллæттимæ фæдзурынц. Уый адыл сывæллон нæдæр йæ мадæлон æвзагыл фæдзуры æдæрсгæйæ, нæдæр уырыссагау, æмæ сæ фыдæбонæй марынц. Сывæллон чысылæй фæстæмæ куы нæ ахуыр кæна ирон æвзаг, уæд сафы ирон æгъдау, ирондзинад, ирон культурæ.

Уæдæ мæн фæнды зæгъын уый, æмæ йе ‘взаг чи нæ зоны æмæ уарзы, уымæн йæ адæмы ‘хсæн зын цæрæн у, æцæгæлон сын у. Уымæн æмæ сæ нæ хъæуы се ‘взаг, се ‘гъдæуттыл былысчъилтæ чи кæнынц, ахæмтæ.

Не ‘взаг куы амæла, уæд æнæфесæфгæ нæй нæ адæмæн дæр. Уый алчидæр зоны, фæлæ алчи нæ аразы, уымæй цы кæнгæ у, уый – дзурын ыл кæй хъæуы, уарзын æй кæй хъæуы.

Уый у махæй алкæйы хæс дæр æмæ йæ хъæуы æрмæстдæр æххæст кæнын. Ӕмæ уымæ гæсгæ хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй бахъахъхъæнæм нæ ирон æвзаг бинонты, хъæубæсты, сыхбæсты, дзыллæйы ‘хсæн. Уымæн æмæ æнæ мадæлон æвзаг уæвæн нæй нæ кадæн, нæ фарнæн, нæ цардаразæг æгъдæуттæн.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.