Дыууæ мин азы ‘хсæн ис хатдзæгтæ кæныны фæтк. Ивгъуыд æнусты бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам, бирæ фесæфтам, фæлæ уыдонæн срастгæнæн ис. Уыдис ахæм рæстæджытæ, æмæ сæфтам ноджы фылдæр. Фæлæ алы адæммæ дæр ис æнæбаххæстгæнгæ уаз, сусæг цыдæр – йæ мадæлон æвзаг. Æмæ уый æмбæрстгонд у – æвзаг у адæмы монон царды суадон.

Æвзаг у зонды хæзна, уымæ гæсгæ фидар баст у ахсджиаг æмбарынад – национ удыхъæдимæ. Уый та цæуы адæмы дуне-мæ афæлгæстæй мадæлон æвзаджы домæнтæ æмæ хуызтæй. Цавæрфæнды æвзагхæссæг дæр йæ алфæмблай дуне уыны уыцы барæнтæм гæсгæ. Стыр хъыгагæн, ныртæккæ махмæ зонгæ-зонын хæлд цæуынц ныхасы зæлынад æмæ хицæн æууæлтæ, афтæмæй та уыдоны фæрцы цæры нæ удварны монон хай. Уый та у национ хъуыдыкæнынады иууыл уæлдæр ранмæ æмбырдгæнæн фæрæз, æнæ уый хъо-мылгæнæн нæй æрдзонад, мононад æмæ уазнысанадæн. Уыдон та нын хъæздыгдæр кæнынц нæ уды фарн, нæ национ удыхъæд.

Цæмæй нæ цæстытыл хуыздæр ауайа ирон æвзаджы дарддæры хъысмæт, уый тыххæй хъæуы размæцыд зондахаст, æмæ мæ фæнды Осип Мандельштамы ныхæстæй райдайын: “Махæн æвзагæй фæиппæрд у историйæ фæиппæрд”. Мæнæ, зæгъæм, 1947 азы паддзахад Израиль аразгæйæ, йæ бындурæвæрджытæ бирæ хъарутæ бахардз кодтой рагон дзуттаг æвзаг иврит ногæй раздахыныл. Зæгъæн ис, æмæ уыдон æнæ æрдзон хуызы райгас кодтой мард æвзаг, ууыл та дыууæ мин азæй фылдæры размæ дзырдтой библиаг пехуымпартæ. Æмæ сæ тухæнтæ дзæгъæлы нæ уыдысты, уымæн æмæ-иу Израилмæ цы эмигранттæ æрцыд, уыдоны хæс уыд рагон дзуттаг æвзаг сахуыр кæнын. Уыцы æвзаг ахуыргæнгæйæ, уыдон цыдысты карз æнæрлæугæ нейролингвистон уагæвæрдыл национ зондахастимæ.

Абоны онг Израилы ис ахæм фæтк: “Ахуыр кæнут пехуымпарты æвзаг”. Афтæ хуыцауысконд зæххыл здæхынц сæ этникон уидæгтæм. Махæн, ирæттæн  дæр не ‘взаг у рагон æмæ хъæздыг, фæлæ йæ уавæр у уæззау. Уымæ гæсгæ æртыккаг миназоны къæсæрыл фæдис кæны сфæлдыстадон æмæ наукон интеллигенци: “Мадæлон æвзаг ис тæссаг уавæры!” Цы нæ бакæнын хъæуы? Ам иу хъуыды, иу уынаффæмæ æрцæуын æнцон нæу, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, бафæзмын, батæхуды кæнын æмбæлы уыцы израилæгтæм. Антисе-митизмы тыххæй æнæкæрон уæлдай ныхæстæ ныууадзын хъæуы. Фæлæ ууыл хъуамæ ма ныллæууæм: цæй, æмæ Израилæй райсæм, нæ хъуыддаджы нын хуыздæр цы феххуыс уы-дзæн, æппæт уыдæттæ. Афтæ, æмæ æрмæстдæр, афтæ цæуы культурæты æмгуыстад æмæ адæмты æрбангомад. Æз бирæ фехъуыстон, нæ фæсивæд æппæт зæххы хæйтты дæр кæй ахуыр кæнынц, уый тыххæй, фæлæ нæ фехъуыстон, уыдонæй исчи Израилы уæлдæр скъолайы фæлтæрддзинадмæ йе ‘ргом раздæхта, уый. Афтæмæй та уыдон-мæ бирæ ис, ирæтты цымыдис чи кæны, ахæм фарстытæ. Æмæ хъуыдыйаг уый у, æмæ сæм бирæ ис æнтыстджынæй сæ лыг кæныны дæнцæгтæ.

Алы хъуыддаджы дæр, суанг тæккæ хуымæтæгдæры, ссарын хъæуы сæйрагдæр фæзилæнтæ. Æмæ уæд цы зæгъæн ис национ рæзты тыххæй та? Цæмæй ис райдайæн? Мæнмæ гæсгæ, мæнæ ахæм хъæппæрисæй: “Цæй, æмæ ахуыр кæнæм Нарты æвзаг”. Дызæрдыг  чи хъуамæ кæна, кæнæ быцæу, Уæрхæг, Дзерассæ, Æхсар, Æхсæртæг, Уырызмæг, Батрадз, Сырдон, Сатана нæ монон пехуымпартæ кæй сты, ууыл? Дæнцæгæн æрхæссæн ис РЦИ-Аланийы фæстаг рæстæджы культурон цаутæ, – фыццаджыдæр, Къостайы, Абайты Васойы юбилейтæ, республикæйы музейтæ æмæ театртæн, Хетæджы æмæ Рекомы кувæндæттæн сæ фыццаджы хуыз радтын – æппæт уыдæттæ дзурæг сты, Ирыстон иумæйаг национ иудзинадмæ тырнынад кæй нæ фесæфта, ууыл. Уый та ахъаз у канд ирæтты æрбангом кæнынæн нæ, фæлæ республикæйы зæххыл цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдон æрбангом кæнынæн дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æхсæнады низтæ сдзæбæх кæнæн æмæ Ирыстоны æртæ миназоны райдайæны дарддæры æнтыстытæн гæнæн ис иу, æнæмæнг, нысаны фæрæзы: республикæйы хъæуы, адæмыл чи тыхса, ахæм хицауад. Фæлæ рæстæг рацæудзæн æмæ уый дæр фаг нæ уыдзæн. Ноджы ма уыцы хицауад хъуамæ уа уыйбæрц зондджын æмæ размæцыд, цæмæй æвзаг, менталитет, национ монады нысаниуæг æмбара, зæрдæйæ сæ æнкъара.

В. Гумбольдт, мæнæ афтæ куы фыста: “Адæмы æвзаг у йæ уд æмæ адæмы уд та – йе ‘взаг”, уæд иттæг раст уыд. Ацы хъуыдыйы рæзт абон цæуы дыууæ фæндагыл – иу кæнæ иннæ адæмы культурон зондахаст иртасыны æмæ дунейы æвзагон фæлгонц рацаразын. Фæлæ дыууæ фæзилæны дæр æнгом кæны иумæйаг нысан – адæммæ æвзаджы фæрцы фæндаг ссарын. Уыцы нысаныл сæмбæлыны тыххæй æв-зæрст цæуынц агурыны алыхуызон  мадзæлттæ, æвзаджы афысты синхронон æмæ диахронон æууæлтæй пайдагæнгæйæ: фразеологизмтæ æмæ паремитæ, метафорæтæ æмæ клишетæ, дзырды арф нысаниуæг концептуалон хуызы иртасын. Ацы хъуыддаг æххæст кæныныл уæлдай зæрдиаг куыст кæнынц психологтæ. Уыдон тырнынц, цæмæй æвзаг психологон æмæ лингвистон хуызы ахуыр кæныны ‘хсæн цы  зæххыскъуыд сæвзæрд, уыцы цæлхдуры сæрты ахизынмæ, стæй психолингвистикæйы ног рæзгæ къабазы – этнопсихологи бамбарыныл.

Адæймаджы алыварс цы монон дуне ис, уый уыдис йæ хъуы-дыйы сæр, йæ бындуры та ис  мадæлон æвзаджы уыцы хуыз. Хи адæмыхаттæй сæрыстыр уæвын хорз у æви нæ, ууыл бирæ ис быцæугæнæн, фæлæ адæм хъуамæ сæрыстыр уой се ‘взагæй. Истори зоны, æвзаджы фæрцы йæ бон фидар фæлæууын кæй бон баци, ахæм нацитæ: сомихæгтæ, дзуттæгтæ, тæтæйрæгтæ. Зæххы къорийы историон картæйæ чи фесæфт, ахæм адæмтæ æмæ адæмыхæттытæ дæр ис, уымæн æмæ уыдон сæ фыдæлты æвзаг фесæфтой. Мах, ирæттæ, нæ дзыхæйдзургæ ныхас бахъахъхъæдтам, уымæн æмæ дзырдтам нæ мадæлон æвзагыл Кавказы хæхты цъассыты. Фæлæ йæ цæмæй бахъахъхъæдтаиккам, уый тыххæй бирæ фыдтухитæ бавзæрстам.  Фæлæ истори фæлхат кæны. Кæд махмæ нæ, уæддæр иннæтæм. Дунейы цæуы æвзæгты хъазуатон, мæлæтдзаг тох. Цæмæй ирон удæгас æвзаг ма амæла, уый тыххæй нæ хъæуы лæгдзинад æмæ уарзондзинад, сæрыстырдзинад æмæ дæлбары бынатмæ хи не ‘руадзын.

Адæмы æвзаг цæры йе сфæлдисæгимæ, йемæ цæры, уæлахиз кæны æмæ адæмимæ амæлы. Нæ уидæгтæ лыг кæныны аххосаг уырдыгæй нæ цæуы? Япойнæгтæ афтæ хъазуатонæй цæмæн хъахъхъæнынц сæ иероглифтæ? Размæдзыд англисæгты цæуылнæ фæнды се ‘взаджы ссæдз рæстæджы къаддæр нымæцыл баивын? Мадæлон æвзагмæ, хуымæтæг цæстæй кæсгæйæ, аскъуыйынц йæ мидбастдзинæдтæ, æрмæст йæ вазыгджын æмæ бирæвæрсыг æууæлтæ нын раргом кæнынц йæ мидис. Нæ фыдæлтæ бирæ нæ дзырдтой, фæлæ сын фаг уыдысты иу уæзгæ дзырд æмæ сыгъдæг цæстæнгас, цæмæй йын йе ‘мныхасгæнæг йæ хъуыды ‘рцахстаид. Фæлæ цас не ‘взаг “хуымæтæгдæр” кæнынц, уыйас нæ зындæрæй æмбары немæ дзурæг.

Фыдæлты æвзаг у нæ адæмы историон æмæ культурон цыртдзæвæн, уымæ гæсгæ йын хъуамæ уа ахæм хъахъхъæнæн грамотæ, куыд дунейы стæм диссаг, афтæ. Ирон ныхасæн ис арф сакралон нысаниуæг, æууæнк æмæ паддзахадон цардарæзты формæйы æмрæнхъ, уый сбæрæг кæны адæймаджы царды бæрæггæнæнтæ, æмæ йæ чи ферох кæнын кæна, ахæм аххосæгтæ нæй.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.