Миназты ‘хсæн арæныл ис хатдзæгтæ кæныны æгъдау. Ивгъуыд æнусты дæргъы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам, бирæ фесæфтам, фæлæ уыдонæн срастгæнæн ис. Уыдис афтæ, æмæ ноджы фыддæртæ æвзæрстам… Æцæг, алы адæмæн дæр ис, йæ уды рæбын сусæг æвæрдæй кæй дары, ахæм хæзна – йæ мадæлон æвзаг. Æмæ уый æмбæрстгонд у – æвзаг æвдисы адæмы уды фарн. Æвзаг у адæмы зонды æууæл, уымæ гæсгæ фидар баст у ахсджиаг æмбарынад национ удыхъæдимæ. Уый та у адæмы дунеæмбарынад. Алы мадæлон æвзагыл дзурæг адæймаг дæр йæ алфамбылай дуне уыны уыцы барæнтæй. Хъыгагæн, зæгъын хъæуы уый, æмæ махмæ ныртæккæ барæй, зонгæ-зонын хæлд цæуынц æвзаджы хицæн æууæлтæ. Афтæмæй та уыдонæй уымæй та цæрæццаг у нæ ирондзинады монон хай. Ирондзинад у национ уды æппæты бæрзонддæр рындз. Æнæ уый та схъомылгæнæн нæй æрдзон æмæ монон комулæфт. Уый та аразгæ у уды хъæздыгдзинад æмæ национ уагæвæрдæй.

Цæмæй ирон адæмы дарддæры хъысмæт хуыздæр нæ цæстытыл ауайын кæнæм, уый тыххæй нæ ивгъуыдмæ акæсын хъæуы ретроспективон цæстæй. Æмæ мæ райдайын фæнды Осип Мандельштамы ныхæстæй: “Æвзагæй фæхицæн уæвын махæн нысан кæны историйæ фæхицæн уæвын”. Зæгъæм, 1947 азы паддзахад Израил арæзт куы æрцыд, уæд йæ бындурæвæрджытæ стыр тухæн бакодтой рагон дзуттаг æвзаг сног кæныныл. Зæгъæн ис, æмæ мард æвзаг ногæй райгас кодтой. Уыцы æвзагыл дзырдтой библийаг пехуымпартæ дыууæ мин азы рæзмæ. Æмæ сæ тухитæ дзæгъæлы нæ фесты, уымæн æмæ-иу Израилмæ цы эмигранттæ æрбацыд, уыдоны хæс уыдис рагон дзуттаг æвзаг сахуыр кæнын.

Ныртæккæйы онг Израилы ис ахæм фæтк: “Ахуыр кæнут пехуымпарты æвзаг”. Афтæ здæхынц фæстæмæ сæ эпикон уидæгтæм. Ирæтты æвзаг дæр рагон æмæ хъæздыг у, фæлæ йæ уавæр бæллиццаг нæу. Уымæ гæсгæ æртæминон азы райдайæны сфæлдыстадон æмæ нау-кон интеллигенци фæдис хъæр кæны: “Мадæлон æвзаг ис тæссаг уавæры!” Уыцы уавæры нын цы кæнгæ у? Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ нын бафæзмынæн бæззынц израилæгтæ. Сног кæныны тыххæй дæргъвæтин ныхæстæ ныууадзын хъæуы. Уымæн æмæ уый фаг нæу: цæй æмæ Израилæй райсæм, нæхимæ гæсгæ дзы нæхицæн хуыздæрæй цы ис, уый. Æрмæстдæр афтæ хъæздыггæнгæ сты дыууæрдыгæй адæмы культурæтæ, стæй сæхæдæг дæр. Æз бирæ фехъуыстон, нæ фæсивæд æппæт континентты дæр кæй ахуыр кæнынц, уый, фæлæ мæм ахæм информаци нæй, æмæ сæ искæй бацымыдис кодта Израилы уæлдæр скъолайы фæлтæрддзинад. Афтæмæй сæм Ирыстонимæ иухуызон проблемæтæ бирæ ис. Æмæ сæ æнтыстджынæй кæй лыг кæнынц, уый æхсызгон хъуыддаг у.

Тæккæ хуымæтæгдæр хъуыддаджы дæр равзарын хъæуы архайды сæйрагдæр фæндæгтæ. Цæмæй нæ райдайын хъæуы? Мæнмæ гæсгæ, мæнæ ахæм лозунгæй: “Цæй æмæ ахуыр кæнæм нарты æвзаг”. Уæрхæг, Дзерассæ, Æхсар, Æхсæртæг, Уырызмæг, Батрадз, Сырдон æмæ Сатана нæ монон пехуымпартæ кæй сты, ууыл чи не сразы уыдзæн? Æмæ кæд уый афтæ у, уæд махæн нæ бон райсын у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указ ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ рæзын кæныны тыххæй. Фæстаг рæстæджы культурон цаутæ – Къоста æмæ Васойы юбилейтæ, республикæйы музейтæ æмæ театртæ, Хетæджы æмæ Рекомы кувæндæттæ сæ раздæры хуыз кæй райстой, уый дзурæг у ууыл, æмæ Ирыстоны иумæйагнационадмæ тырнынад нæ фесæфт, уый та нæ республикæйы æрбангомдæр кæнид канд ирæтты нæ, фæлæ иннæ адæмыхæттытæ дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны æхсæнады низтæ сдзæбæхгæнæн ис, дарддæры æнтыстытæ нæ къухы бафтиккой æрмæстдæр ахæм уавæры: “Республикæйы хъæуы, нацийыл чи сагъæс кæна, ахæм хицауад”. Æрмæст рæстæг рацæудзæн æмæ уый дæр фаг нæ уыдзæн. Уыцы хицауад хъуамæ уа афтæ зондджын æмæ ахуыргонд, цæмæй адæмы æнæниздзинады тыххæй, æвзаг, менталитет, национ монады нысаниуæгтæ ахса.

Раст фыста В.Гумбольт: “Адæмы æвзаг у йæ уд, адæмы уд та у йе ‘взаг”. Уыцы хъуыдыйы рæзт абон цæуы дыууæ фæндагыл – культурон зондахаст иртасын æмæ иу кæнæ иннæ адæмы æвзаг снывыл кæнын. Фæлæ дыууæйы дæр иу кæны иу нысан – æвзаджы фæрцы адæммæ фæндаг ссарын. Цæмæй уыцы нысаныл сæмбæлæм, уый тыххæй æвзæрст цæуынц агурыны алыхуызон фæндæгтæ, æвзаджы æрфысты синхронон æмæ дихронон æууæлтæй пайдагæнгæйæ: фразеологизмтæ æмæ паремитæ, метафорæтæ, концептуалон иртасæн куыст кæнгæйæ, ассоциативон быдыртæ. Уыдоны бындурыл та арæзт цæуы иу кæнæ иннæ культурæйы æвзаджы рæстæмбис хуыз. Уыцы фæндагыл уæлдай æнтыстджындæрæй кусынц психологтæ: уыдон тырнынц æвзаджы æмбарынад ахуыр кæныны хъуыддаджы психологон æмæ лингвистикон цæлхдурты сæрты ахизыны, психолингвистикæйы ног здæхт – этнопсихологон дæсныйад ахуыр кæнын.

Адæймаджы алфамбылай монон дуне уыд йæ хъуыдыйы сæр, йæ бындуры ис мадæлон æвза-джы уыцы хуыз. Быцæугæнæн бирæ ис, хорз у æви нæу хи нацийæ сæрыстыр уæвын, фæлæ адæм се ‘взагæй хъуамæ сæрыстыр уой. Ирыстоны ис ахæм цæвиттонтæ, æмæ нацитæ се ‘взаджы фæрцы сæхи бахъахъхъæдтой: сомихæгтæ, дзуттæгтæ, тæтæр. Ис ахæм адæмтæ, æмæ зæххы къорийы историйы картæйæ фесæфтысты, уымæн æмæ фесæфтой сæ фыдæлты æвзаг. Мах – скифтæ-сæрмæттæ-аланты фæдонтæ – ирæттæ, не ‘взаг бахъахъхъæдтам, уымæн æмæ йыл дзырдтам Кавказы хæхты цъассыты. Æцæг нын йæ бахъахъхъæнын зынаргъ слæууыд. Фæлæ та истори фæстæмæ æрзылд кæд махмæ нæ, уæд та иннæтæм. Дунейы цæуы æнæр-цæугæ тох æвзаджы фарныл. Цæмæй удæгас ирон æвзаг ма амæла, уый тыххæй нæ домы лæгдзинад æмæ уарзондзинад, сæрæстырдзинад æмæ æхсардзинад.

Адæмы æвзаг цæры йе сфæлдисæгимæ иумæ, йемæ цæры æмæ адæмимæ… амæлы. Нæ уидæгтæ нын æдзух лыг кæныны аххос уым ис. Афтæ хъазуатæй цæмæн хъахъхъæнынц япойнæгтæ сæ иероглифтæ? Размæдзыд англисæгты цæуылнæ фæнды се ‘взаджы дыууын рæстæджы къаддæр нымæцыл баивын. Мадæлон æвзагмæ хуымæтæджы цæстæй куы кæсай, уæд йæ мидбастдзинæдтæ аскъуыйынц. Йæ вазыгджынад æмæ бирæвæрсыгад нын бар дæттынц нæ хъуыды раст зæгъынæн. Нæ фыдæлтæ хицæн кодтой сæ мадзурайæ, бирæ сæ нæ хъуыд сæ хъуыды раргом кæнынæн. Фæлæ цас “хуымæтæгдæр” кæны не ‘взаг, уый тыххæй фылдæр дзурын хъæуы, цæмæй искæмæн дæ хъуыды бамбарын кæнай. Нæ фыдæлты æвзаг у нæ адæмы историон æмæ культурон цыртдзæвæн, æмæ йын хъуамæ уа ахæм хъахъхъæнæн грамотæ, куыд дунейы стæм диссаг, афтæ. Ирон ныхасæн ис арф сакралон нысаниуæг, диныл æууæндын æмæ паддзахадон цардарæзты формæйы æмрæнхъ, уый бæрæг кæны адæймаджы царды нысантæ, æмæ ахæм аххостæ нæй, махæн æй чи ферох кæнын кæна.

ХОЗИТЫ Барис

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

Дыууадӕс дзырды

Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты… уӕддӕр

Дыууадӕс дзырды – се ‘ппӕтӕй хуыздӕр.

 

Лӕууы сӕ сӕргъы фарны дзырдтӕн цард,

Йӕ фидауц уымӕн – арвы стъӕлфӕн – арт.

 

Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у мад,

Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл бӕркад.

 

Нӕ дзыллӕйӕн йӕ рухсдӕр бӕллиц – фарн,

Уӕздан лӕгӕн йӕ уӕлдӕр цин – ӕфсарм.

 

Сыгъдӕг удӕн йӕ мӕты сӕр – хӕлар,

Ыскӕны мах Хуыцауы ‘мсӕр – ӕхсар.

 

Лӕджы нысан – сӕрибар ӕмӕ кад.

Сӕ сӕрвӕлтау хъӕуы хӕцынӕн кард.

 

Ӕппӕт хӕрзтӕн Ирыстон у бындур, –

Ӕнӕ уый мӕн нӕ тавдзӕни сӕ хур.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.