Æртæ боны дæргъы, 1 — 3 сентябрмæ Беслæны цыдысты номарæн мадзæлттæ. Канд Беслæны нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны, Хуссар Ирыстоны, стæй Уæрæсе æмæ фæсарæнты бирæ рæтты. Беслæны номарæн мадзæлтты архайдтой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ хицауады иннæ уæнгтæ, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Александр Матовников, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев, Ставрополы губернатор Владимир Владимиров, тыхон структурæты æмæ дины минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ, муниципалитетты бæрнон кусджытæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг хæрзаудæн фондты минæвæрттæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ æмæ бирæ æндæр делегацитæ алы горæттæй. «Альфа», «Вымпел» æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæ фæмардуæвæг æмкусджыты ном ссарынмæ, Уæрæсейы алы горæттæй æрбацыдысты сæдæйæ фылдæр ацы структурæты кусджытæ.

Беслæны скъола-цыртдзæвæны номарæн мадзæлттæ райдыдтой 1-æм сентябры фараст сахатыл. Уыцы бон Беслæны Культурæйы хæдзары «Беслæны мадæлты» комитетæн уыд пресс-конференци. Изæры аст сахатыл та скъолайы кæрты ссыгътой мыдадзын цырæгътæ.

2-æм сентябры дарддæр цыдысты номарæн мадзæлттæ. Уыцы бон цыппар сахатыл скъолайы кæрты уыд террористон фыдракæндты номарæн æмбырд.

Мингай адæймæгтæ æрбацыд 3-æм сентябры скъолайы кæртмæ. Уæззау музыкæйы зæлтæм адæм цæссыгкалгæ зылдысты хæлд скъолайы къуымты. Зæрдæ скъуыдтæ кодта чысыл сабиты къамтæм кæсгæйæ, сыгъдысты мингай номарæн мыдадзын цырæгътæ. Ацы стыр трагеди сæ зæрдæмæ куыд тынг айстой, уый фæдыл сæ регионты цавæр мадзæлттæ арæзт æрцыд, уый фæдыл раныхас кодтой уæлдæр амынд уазджытæ.

13: 05 райхъуыст дыууæ гуыппы. Уый нысан кодта рæмудзæн æрмæджы дыууæ срæмыгъды. Уый фæстæ минут æдзæмæй алæууыны фæстæ райхъуыстысты Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ «Иры стыр хъыг»-ы рæнхъытæ æмæ арвмæ суагътой 334 урс тымбылæджы. 13: 30 сахатыл «Зæдты горæт»-мæ абалц кодта дины кусджыты дзуархæссæг къорд, семæ чи фæмард, уыдоны хиуæттæ, сæ къухты хастой, сæ бинонтæй чи бацарæфтыд, уыдоны къамтæ. Фыдохы мадзæлттæ дарддæр цыдысты «Зæдты горæты». Адæм цы-дысты æнæрцухæй, «Хъыджы бæлас»-ыл æвæрдтой дидинджытæ, дидинæгбастытæ. 15:30 райдыдта дины кусджыты номарæн ракуывд. Фыццæгæм скъолайы кæрт æмæ «Зæдты горæт»-ы номарæн мадзæлттæ цыдысты суанг изæрмæ.

Цæудзысты азтæ. Æрвылаз дæр Беслæны скъолайы кæрты судздзысты мыдадзын цырæгътæ, ардзыстæм сын сæ ном, æндæр сын нæ бон ницыуал у. Махæн нæй уый бар æмæ Беслæны трагеди ферох кæнæм. Æмæ ма нæ ферох кæнын нæ хъæуы иу хъуыддаг: терроризмы идеологийæн йæ бон ницы у марын æмæ халын йедтæмæ, цавæрфæнды рæсугъд ныхæстæй куы сайой адæмы сæхимæ, уæддæр. Сæ рæнхъытæм барвæндонæй йæхи чи æппары, уымæн дзы йæхи сæр дæр, æнæмæнг, басудзы. Йæ ном та свæййы æлгъыстаг.

Ныххатыр нын кæнут, нæ чысыл зæдтæ, уæ бахъахъхъæнын кæй нæ базыдтам, уый тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.