Æхсæнадон æмæ хиирхæфсæн бынæттæ куыд горæты афтæ   республикæйы дæр цъус нæй. Сæ нымæц рæзы бонæй-бонмæ æмæ  уый хорз хъуыддаг у, не ‘хсæн кæй разыны ахæмтæ, кæцытæ фыдаудæн кæнынц сæ рæсугъддзинадыл æмæ уый та æвзæрæрдæм бандавы нæ зæрдæйы равгыл.

Нæ горæты централон парчы сырæзтмæ бирæ азы дæргъы кастыстæм æнхъæлмæ. Аразын æй куы райдыдтой, куы уыдтам бонæй бонмæ рæзы, хуыздæр æмæ рæсугъддæр кæны, уæд ардæм, сыгъдæг уæлдæфы атезгъо кæнынмæ цæуын райдыдтой адæм. Парчы аразджытæ кæд плиткæтæй сарæзтой уæрæх, лæгъз къахвæндæгтæ, уæддæр чидæртæ сæ велосипедтæ фескъæрынц къахвæндæгты фæрсты фæлмæн, лæгъз æмæ хæмпус газонты. Афтæмæй йæ ныффæдтæ кодтой, сызмæстой, цы кæрдæг байтыдтой, уый дæр. Къорд горæты уыдтæн, фæлæ, бауырнæт уæ, ахæм нывтыл мæ цæст никуы схæцыд.

 Ахæм митæ абон чи кæны, уыдон цахъхъæнтæй бирæтæ, цалдæр дæс азы размæ сæ адæм æмæ бæстæйы сæрвæлтау сæ удтæ дæр куы нæ æвгъау кодтой, уæд чи сты, уыцы «хъайтартæ»? Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сты скъолайы кары æрыгон адæймæгтæ, кæцыты архайдтыты тыххæй хъуамæ дзуапп дæттой  сæ ныййарджытæ æмæ ахуыр­гæнджытæ. Æнæуаг митæ чи кæнынц, уыдон æнæхъусдард аззайынц бирæ рæстæг. Иуæй иу ныййарджытæ нæ фæзонынц, сæ кæстæртæ райсомæй талынгтæм кæм вæййынц, уый дæр. Уыимæ сæ фæрсгæ дæр нæ бакæнынц,  кæм вæййынц, нæ сын амонынц хи куыд дарын хъæуы, аразын цы æмбæлы æмæ не ‘мбæлы уыдæттæ. Саби цы фены æмæ фехъусы, раздæр уый базоны. Уый алы ныййарæг æрмæст зонгæ ма хъуамæ кæна, фæлæ аразгæ дæр. Иууылдæр афтæ куы кæниккам, уæд нæ нæ хъæуид кæс­дæрты тыххæй кæйдæрты раз къæмдзæстыгæй лæууыны сæр.

Ныхас паркыл кæй у, уымæ гæсгæ зæгъдзынæн уый æмæ арæзтадон куыстытæн кæд сæ фылдæр хай конд æрцыд, уæддæр уыдонæн сæ иу хай ныридæгæн сты ногæй аразинаг.

Парчы уæвгæйæ ма рахатыдтæн, цалдæр ран, уæлдæр цы фæткхалæн цауты кой ракодтон, уыдонæй ноджы мæгуыраудæр цау. Нуазыны донæн цы бындуртæ арæзт æрцыдис, уыдон винтилтæй цалдæр, чидæр сцъæл кодта быныл. Ахæм фыдракæндæн афтид къухæй саразæн нæй. Хъуыд исты кусæнгарз. Цымæ уыдæттæ кæй хъуыдымæ æрцыдысты, кусæнгæрзтæ чи агуырдта, ууыл цы уынгæджы бон æркодта, цæмæн æй бафæндыд адæймаг цы ма хъуамæ араза, уыдон аразын.

Октябры уынг куы сырæзт уæд иу кæуыл амбæлдтæн, уыдон иу цин кодтой йæ аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинады тыххæй. Рацыд цалдæр азы æмæ уынг тынгдæр цæмæй фидыдта, уыцы 86 рухсгæнæнæй ма абон судзы æрмæстдæр иу. Уымæн дæр йæ æвгтæ сты цъæлтæ æмæ бирæ кæй нал фæсудздзæнис, уый нæу дызæрдыгкаг. Иннæ рухсгæнæнты фылдæр хай цыдæр фæцис, иутæ та дзы зæххыл хæудтытæй лæзæрынц. Ахæм уавæры сты бандæтты фарсмæ цы бронкалæн асыччытæ ис, уыдон дæр. Чи сæ цъæл кодта, уыдонæй искæйы куы æрцахстаиккой, йæ ныййарджытæ дзæвгар ивар куы бафыстаиккой, уæд, уырны мæ, парчы тыххæй  дæр æмæ ацы уынджы тыххæй дæр ахæм уац ныффыссыны сæр нæ  бахъуыдаид.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.