Хæххон хæдзары бæркæдтæ, кусæгдыхæй цас ифтонг у, уымæй кæнгæ у. Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Ципраны Гæззаты Иосифы хæдзар дæр нæргæ уыдис йæ рæстæджы. Йæ хæдзарæй-иу алы хосгæрдæны дæр рахызт фондз кусæджы – æртæ хосдзауы æмæ дыууæ ссивæджы. Иосиф – фæллойгæнæг лæг, куыстыл цайдагъ кодта йæ дыууæ фырты æмæ иунæг чызджы дæр. Бирæ фос дардта, фосæн та хос цæттæ кæнын хъуыд, иунæгæй цас æххæссыдаид æмæ астдæсаздзыдтæй Сослан æмæ Аланы къухты ныссагъта цæвджытæ. Уыдон азæй-азмæ рæзтысты, фæлтæрдтой се ‘взонг ‘уæнгтæ алыгъуызон хъæууон куыстыты. Фæстагмæ систы гъæйттмардзæ хосдзæуттæ, сæ фыды фæстейæ уадзын  райдыдтой уис хæсгæ-хæссын.

Куыд ма загътам, цæрæг хæдзар уыд Иосифы хæдзар. Уымæн æмæ бинонтæ куыстой, сæ хидвæллойæ сæ бæркад фылдæр кодтой. Балхæдтой хæдзар Цхинвалы дæр. Леуахийæн уыцыфарс. Фæлæ сæ никуы равдæлд уæды рæстæджы уыцы хæдзары цæрынмæ. Сæ хъæумæ цы зæрдæйы тæгтæй баст уыдысты, уыдон аскъуынын сæ бон нæ уыд, уæл­дайдæр та лæппутæ куы рахъомыл сты, уæд. Уыдон дæр сæ амонд фæллойы уыдтой.

Сослан каст фæцис Дзауы скъола-интернат. Рацыд афæдз æмæ фæцыд йе ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынмæ. Фæцыд, йæ райгуырæн зæххыл сабыр, æнæмаст цард ныууадзгæйæ. Фæлæ цæугæ та кæдæм æркодта фæстæмæ! Йæ зæххыл сыгъд хæсты арт, уазал, æххормагдзинад дзы æлдариуæг кодтой. Фæндæгтыл ацæуæнтæ æмæ æрцæуæнтæ нал уыд…

Сослан слæууыд йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Хæстон царды æппæт зындзинæдтæ дих кодта йæ адæмимæ. Бацыд ОМОН-мæ кусынмæ, фæлæ йын дзы бирæ акусын нæ бантыст. Хæст кæм вæййы, уым кæддæриддæр вæййы æвæткдзинад, хæццæдзинад æмæ уымæй пайда кæнгæйæ,  алыгъуызон фыдгæнджытæ сæ сæртæ сдардтой. Сæ фыдракæндон архайдæй зиан хастой адæмон хæдзарадæн, стæй адæмæн сæхицæн дæр. Ахæмты ныхмæ тох кодтой ОМОН-ы лæппутæ, уыдон канд знаджы ныхмæ нæ лæууыдысты, фæлæ фыдракæндтæй хъахъхъæдтой сæ адæмы. 1993 азы 13 марты йе службæйон хæс æххæсткæнгæйæ, Сослан мард фæцис фыдгæнджыты къухæй.   Куысты фæллойы бахсидгæ уæнгты фыдгæнджыты нæмыг æрхауын кодта зæхмæ æмæ афтæ тынг цы зæхх уарзта, уым æнусон æнцойад йæ арф хъæбысы ссардта.

Фæлæ, хъысмæт, Сосланы æнафоны мæлæт раздæры амондджын бинонтæн фагыл нæ банымадта. Æмæ та сæм æнхъæлмæ каст ног æнамонддзинад, ног трагеди. Ныр та рады лæууыд йæ фыд Иосиф…

Иосифæн дæр йæ сабидугмæ куы акæсæм, уæд фендзыстæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæст æй сидзæрæй кæй баззайын кодта. Йæ хотæн хистæр æфсымæр дæр уыд æмæ сын фыды лæггад дæр кодта. Афтæ, æвзонгæй куыстыл ифтыгъд Иосиф зæрдæбынæй лæггадгæнæг уыд нырма йæ мадызæнæгтæн, стæй та йæхицæн чи фæзынд, уыцы кæстæртæн. Фæлæ, Гамсахурдиайы фæдыл цæуæг националисттæ Ирыстонмæ куы лæбурдтой, уæд Иосифæн дæр æрынцой нал уыд. Ципранæй-иу йæхи раппæрста æмæ-иу посты лæууыд Дзаумæ æрба-цæуæнты,  кæд афтæ æвзонг нал уыд, уæддæр.

Хъысмæты уæззау цæф – Сосланы фæмард, зынтæй фæрæзта. Тынг ыл бандæвта. Фæцудыдта. Фæлæ зианæн лæггад хъæуы, йе ‘гъдæуттæ йын афæдзмæ аразын фæхъæуы.

Æмæ Иосиф дæр рацыд Чъребамæ, йе ‘дзард хъæбулæн Майрæмыкуадзæны рухс зæгъыны тыххæй хæрнæг бацæттæ кæнынмæ. Æрцыд горæтмæ, фæлæ йæ хæдзармæ нал бацыд, афтæмæй фесæфт… Фесæфт æбæрæгæй æмæ йын абон дæр ницы зонынц бинонтæ.

Афтæмæй Гæззаты хæдзар цы æртæ фидар цæджындзыл лæу­уыд рагон нæртон фынгау, уыдонæй фондз мæймæ дыууæ рафæлдæхт…

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.