Куыд зонæм, афтæмæй куыдз у адæймаджы хæлар æмбал.  Ирон адæммæ та ахæм æмбисонд ис «Куыдз зæрдæ зоны» – зæгъгæ. Саби та æнæхин у, æмæ уымæ гæсгæ æппынæдзух сывæллæтты зæрдæ фæагуры цæрæгойтимæ хъазын.

Ныртæккæ нæ горæты сабиты уарзондæр бынат у Ногдзауты парк. Уый цалдæр азы размæ бæстон цалцæг æрцыд, срæвдз æй кодтой æнæмæнгхъæуæг ифтонгад æмæ хъазæнтæй, сæмбонд æй кодтой. Алыгъуызон хиирхæфсæнтæ дзы ис æвæрд сабитæн. Иууыл стырдæр хъусдард йæхимæ здахы фонтан. Нæ горæты цæрджытæ æндæр æмæ æндæр районтæй сæ сывæллæтты кæнынц хиирхæфсынмæ ардæм. Хъыгагæн, Ногдзауты парчы йæ рæстæджы арæзт не ‘рцыд æхсæнадон къахæвæрæн, уымæ гæсгæ сабиты ныййарджытæ арæх сæ сабиты уыцы хъуыддаг бакæнынц фæсвæд кæрдæгыл æмæ афтæмæй парчы æвзæры антисанитари.

Уымæй дарддæр ма парчы тезгъо кæнынц куыйтæ. Цымæ горæты дзæгъæл куыйтæ ацы территорийыл сæхи сæрибарæй цæмæн хатынц? Иуæй сæ, æвæццæгæн, сабиты æнæхин зæрдæтæ æлвасынц сæхимæ, аннæмæй та сыгъдæгдзинад, рæсугъддзинад уыдон дæр æнкъарынц æмæ сæ зæрдæмæ цæуы сæрды æнтæф бонты бæлæсты аууон улæфын. Парчы цы куыйтæ вæййы, уыдон сæхи барджынæй æнкъарынц æмæ суанг сабитæн ам цы фонтан ис, уырдæм найынмæ дæр бахизынц сабитимæ иумæ. Уый фæстæ æрхуыссынц сабиты хиирхæфсæнты бын æмæ хатт æввахс бацæуын дæр нæ фæуадзынц сабиты. Ныййарджытимæ ныхас кодтон, куыдзыл æууæнк нæй æмæ уæ сабитæн куыннæ тæрсут, зæгъгæ. Сæ иу загъта:«Тынг сæ тыхсæм, иуæй тæссаг у сывæллæттыл куы фæхæцой, аннæмæй та сывæллæтты æнæнизддзинадæн – сæ хъуын æмæ сæ чъизидзинадæй».

Æцæгдæр медицинæ раджы раиртæста: куыдзы хъуын кæй зынын кæны астмæ. Куыйты ис æхсынчъытæ дæр æмæ сывæллæттæм дæр баир-вæзынц. Уымæй дарддæр ма уыдон брондæттæй æрбахæссынц стджытæ, æндæр брæттæ æмæ сæ ныппырх кæнынц парчы алы къуымты, къутæрты астæуты.

Паркмæ хæстæг цæрæг сылгоймаг та мын афтæ загъта: «Хатт уыцы куыйтæ 12-15 бавæййынц, кæмæндæр сæ лæппынтæ дæр ис. Æнцойад нæ дæттынц  æрмæст сабитæн нæ, фæлæ ма ардæм æввахс чи цæры, уыдонæн дæр. Афтæ бирæ бауарзтой ацы бынат æмæ се ‘хсæвбынат дæр ис ам, æхсæв-бонмæ та сæ рæйынæй нæ фенцайынц».

Уæдæ цæмæй парчы «фысымтæ» куыйтæ нæ, фæлæ сабитæ уой, уый тыххæй сæ хъæуы куынæг кæнын. Сæ куынæг кæнынæн та ис сæрмагонд службæ…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.